Ирыстоны дарддæр цæуынц этнолагерь «Алайнаг фæд»-ы культурон æмæ ахуырадон мадзæлттæ. Дыккаг фæлтæры архайынц Францы, Германы, Турчы, Гуырдзы æмæ Казахстаны цæрæг ирон адæмы кæстæр минæвæрттæй 23 адæймаджы.
Знон сын Дзæуджыхъæуы, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты æгасцуай загътой РЦИ-Аланийы национ ахастдзинæдты хъуыддæгты фæдыл министр Цуциты Аслан, æхсæнадон змæлд «Стыр Ныхас»-ы сæрдары хæдивæг Зæгъойты Вячеслав æмæ режиссер, студи «Нарт-Арт»-ы директор Туаты Теминæ.
Цуциты Аслан зæрдиаг ныхæстæ загъта проекты архайджытæн æмæ радзырдта, дæс боны дæргъы сæм цымыдисаг хъуыддæгтæ кæй æнхъæлмæ кæсы, уый тыххæй.
— Канд сымахæн нæ, фæлæ махæн дæр уæ фенд бæрæгбон у. Уæ фыдæлты райгуырæн бæстæмæ кæй æрцыдыстут, уыцы балцæй уæ зæрдæтæ цины тæлмæнтæй уыдзысты дзаг. Уымæн æмæ кæддæр уæ фыдæлтæ сæ историон къонатæй æцæгæлон бæстæтæм куы афтыдысты, уæд цæргæбонты фæстæмæ бæллыдысты сæ фыдæлты уæзæгмæ æрыздæхынмæ. Фæлæ сын уыцы фадат нал фæци. Сымахæн та ахæм гæнæнтæ абон ис æмæ уæ хонæм уæ историон фыдыуæзæгмæ. Нæ проекты сæйраг нысан у, Ирыстонæй дард бæстæты цæрæг ирон фæсивæдимæ æнгом бастдзинæдтæ дарын æмæ сæ сæ фыдæлты культурæ, истори, æгъдæуттæ æмæ нырыккон цардыуагимæ зонгæ кæнын. Сахуыр уæ кæнын, мадæлон æвзагыл сыгъдæгдæр дзурыныл, чъиритæ кæныныл æмæ ирон кæфтытæ базоныныл. Дыккаджы та, бынæттон ирон фæсивæдимæ уын бастдзинæдтæ саразын æмæ афтæмæй нæ ирон уидæгтæ иумæ бахъахъхъæныныл архайын. Фæлæ мæ фæнды, цæмæй сымах дæр уæхи фæндæттæ зæгъат, проект «Алайнаг фæд»-мæ ноджыдæр цы ис бафтауæн æмæ дзы цы ис аппарæн, уыцы хъуыдытæ, — загъта министр. Зæгъойты Вячеслав дæр арфæ ракодта фæсарæйнаг ирон фæсивæдæн æмæ загъта Ирыстонæн, ирон адæмæн хъæздыг æмæ цымыдисаг истори кæй ис, уый тыххæй.
Туаты Теминæ та проекты архайджытæн бæлвырд радзырдта нæ рагфыдæлтæ — Алантæ дунейы цивилизацийы рæзты стыр бынат кæй ахсынц æмæ сæ кад хохæй бæрзонддæр кæй у, уый фæдыл.
— Ацы проект æз мæхирдыгонау хонын «Возвращение домой», зæгъгæ. Кæддæр, незаманты алантæ афтыдысты зæххы къорийы алы рæттæм æмæ дзы сæ фылдæр хай æндæр бæстæты баззад. Дунейы историон цыды зынгæ фæд ныууагътой. Сымах стут сæ фæдонтæ, сæ байзæддæгтæ æмæ уын уыцы ном чысыл кады хос нæу. Фæнды мæ, арæхдæр куы цæуиккат Ирыстонмæ æмæ уæ фыдæлты уидæгтæ арфдæр куы ахуыр кæниккат, уый. Ныр та уæ хонын Кинойы хæдзармæ, документалон киноныв «Аланы — дорога на запад» фенынмæ, — загъта Туаты Теминæ.
Этнолагерь «Алайнаг фæд»-ы архайджытæ фендзысты ЦИПУ-йы археологийы музей, ацæудзысты Нармæ, Куырттаты æмæ Дыгургомы кæмттæм, Хуссар Ирыстонмæ, арæзт сын цæудзысты мастеркласстæ ирон хæринæгтæ кæнынæй.
САУТÆТЫ Тамилæ














