Кусæг пенсиисджытæн

0
280

 

Ивгъуыд аз чи куыста, Уæрæсейы Пенсион фонд æрвылаз 1 августæй фæстæмæ уыцы пенсиисджыты кармæ æмæ æнæниздзинадмæ гæсгæ фæдзæхстадон пенситы бæрцмæ срастгæнинæгтæ бахæссы.

Зæгъæм, фарон куыст- уыцы прогрессивон интеллигенцийы минæвæрттæй иу уыд Георги. дæтджытæ фæдзæхстадон фиддонтæ цæй тыххæй фыстой, æнæ курдиатæй фæдзæхстадон пенси ногæй банымайыны фæдыл бар ис кар æмæ æнæниздзинадмæ гæсгæ ахæм фæдзæхстадон пенсиисджытæм. Пенситæм бæлвырд процент кæй заман бафтауынц, ахæм хуымæтæджы индексацийæ хъауджыдæр амынд адæмæн сæ пенситæ нымайынц алкæмæн дæр хицæнæй, сæ мызды бæрц сын хынцгæйæ. Ивгъуыд азы аргъмæ гæсгæ кæй банымадтой, уыцы æртæ пенсион баллæй — ома, 235,74 сомæй — фылдæр пенсийыл æфтауын не ‘мбæлы.

Ацы аз фæдзæхстадон пенситæ ногæй банымайынæн рахай кодта 10,7 миллиард сомы. Фæдзæхстадон пенситæ ногæй банымайынц æнæ курдиатæй, æнæмæнг æххæстгæнинаг пенсион фæдзæхстады системæйы алкæмæн дæр хицæн хыгъдты бæрæггæнæнты бындурыл.

ФИППАИНАГ: пенситæм срастгæнинæгтæ бахæссыны фæтк аххæсдзæн 36 мин пенсиисæгыл (уый у Цæгат Ирыстоны фæдзæхстадон пенсиисджытæй 20 проценты).

Уæрæсейы Пенсион фонды цæгатирыстойнаг хайады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here