Хъыгагæн, ахæм фæлдурæджджын дуджы цæрæм, æмæ æгъдау, кад, цæсгомы сыгъдæгдзинад бынтон æндæр барæнтæй кæм райдыдтой барын. Æдзæсгомдзинад сæрæндзинадыл нымайынц иуæй-иутæ, Æфсарм, Сæрыстырдзинад, Намыс рæстæджы фæлмы бын кæнынц. Фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ: хистæрæн кад кæнын, адæмимæ хæларæй цæрын, кæрæдзийæн æххуыс кæнын кæмæйдæрты рохуаты аззадысты. Адæймаг хатгай ахæм хабæрттæ фехъусы, ахæм цаутæн вæййы æвдисæн, кæцытæй зæрдæ бамæгуыр вæййы æмæ сагъæсы бахауы. Хъуыдыты аныгъуылы: цымæ цы уыдзæн нæ фидæн? Цавæр уыдзæн сæ хъысмæт нæ удварны хæзнатæн, нæ мадæлон æвзагæн? Фæлæ, дæлдæр кæй кой кæнын, ахæм кæстæртæ куы фенын, уæд та зæрдæ цины уылæнтæй айдзаг вæййы, ныфсы хур мæ батавы æмæ хъæддыхæй фæзæгъын: «Нæ! Никуы æрмынæг уыдзысты нæ ирондзинады цæхæртæ, мадæлон æвзаджы зæлланггæнаг рæсугъд зæлтæ!»
Цæвиттон, ныр цалдæр азы дæргъы алы сæрд дæр Уæллаг Фыййагдонмæ, сæ сывæллæтты æнæниздзинад фæфидардæр кæныны охыл, æрбацæуынц Елхоты цæрæг Чертыхъоты бинонтæ — æфсин æмæ чындз се ‘ртæ æнахъом сабиимæ. Дыууæ сылгоймаджы — хистæр æмæ кæстæры ахастдзинад, кæрæдзиуыл æнувыддзинад, аудындзинад, сæ уæздандзинад адæймаг æнæбафиппайгæ нæ фæвæййы. Химидæгиу хъуыды кодтон: мад æмæ чызг уаиккой, æмæ сæм се ‘ддаг бакастæй иухуызонæй куы ницы ис. Цас сыл арæхдæр æмбæлдтæн, уыйбæрц мæм сæ кæрæдзиуыл æнувыддзинад цымыдисагдæр каст. Æмæ мæ бафæндыд семæ бæстондæр базонгæ уæвын. Æгæрон уыдысты мæ дис æмæ циндзинады æнкъарæнтæ, æфсин æмæ чындз кæй сты, уый куы базыдтон, уæд. Цавæрдæр æхцондзинад банкъардтон, фырцинæй ма мæ цæстыты бынтæ дæр бауымæл сты.
Бирæтæ афтæ хъуыды кæнынц, ома, хорз æфсин цыфæнды чындзы дæр раст фæндагыл сараздзæн, фæлæ чызг йæ ныййарджыты хæдзарæй цы æгъдау рахаста, уый нæ аивдзæн. Æгъдау æмæ æфсарм чызг йæ ныййарджыты хæдзарæй куы нæ рахæсса, уæд йæ æнæуаг митæн арæнтæ нæй. Куыд базыдтон, афтæмæй рæстзæрдæ, æнæхин æмæ куыд бакастæй, афтæ удыхъæдæй дæр рæсугъд кæстæр Анжелæ у Елхоты цæрæг Бичерахты Мир æмæ Фатимæйы чызг.
Чертыхъоты бинонтæн сæ елхотаг сыхæгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй, æгъдауджын, æфсармджын, уæздан æрыгон чызг Анжелæ йæ амондагур кары куы бацыд, уæд уарзондзинады бындурыл йæ цард баиу кодта Чертыхъоты Ахмæтимæ. Аст азы размæ фарн æмæ амондимæ æрбацыд ацы æнгом бинонтæм. Хæрзконд, хæрзуынд æрыгон чызг, йæ фыды уæзæгыл цы фарн, æгъдау, æфсарм æмæ уæздандзинадæй фæхайджын, уыдон йæ хурæргом хæдзармæ йемæ æрбахаста. Цы бинонтæм æркуывта, уыдон фыццаг бонæй фæстæмæ йæ уарзæгой зæрдæйы арф бынат бацахстой. Йæ фæлмæн ныхасæй, йæ лæмбынæгдзинадæй хæдзары хистæры — йе ‘фсины хи мадау рæвдауы. Уæдæ йын йæ дыууæ ходыгъдимæ, йæ тиу æмæ файнустимæ цы ахастдзинад æмæ уарзондзинад сæвзæрд, уый бирæ бинонтæн дæнцæгæн æрхæссæн ис. Йæ биноныг бавнæлдæй, сæрæн фезмæлдæй æмæ уæздандзинадæй æгас сыхбæсты дæр йæхимæ æркæсын кодта, йæхи сын бауарзын кодта. «Стыр аргъ кæны Анжелæ сыхбæсты хистæртæн, æнæзивæг сын лæггад кæны. Раст цыма куырыхон сылгоймаг у, афтæ фидар хæцы фыдæлтыккон æгъдæуттыл. Цыбыр дзырдæй, сылгоймаджы ахсджиаг миниуджытæй у æххæст — цæстуарзон, зæрдæхæлар, къæбæрдæттон… Йæ уд, йæ дзæцц — искæмæн исты зæрдæлхæнæн акæнын, истæмæй аххуыс кæнын, йæ цæхх, йæ кæрдзынæй фæхынцын. Уæдæ сыхбæсты цин уа, зианы хабар уа, æмæ дзы Анжелæ зæрдиаг лæггад ма бакæна, уый никуы вæййы» — зæгъынц сыхæгтæ.
Анжелæмæ ма æз бафиппæйдтон ахæм хорздзинад дæр — йæ сывæллæттимæ дæр, махимæ дæр, йæ алыварс адæмимæ, фæдзуры сыгъдæг иронау. Йæ сабитæм гуырын кæны уарзондзинад хæдзары хистæрмæ — сæ нанамæ, мадæлон æвзагмæ, ахуыр сæ кæны, цæмæй æцæгæлон хистæртæн дæр аргъ кæной. Анжелæйæн йæ ныййарджытимæ куы базонгæ дæн, уæд мын дызæрдыггаг нал уыд, сæ чызг æмбæлгæ хъомылад кæй райста йæ фыды хæдзары, уый. Мир æмæ Фатимæимæ цы дæргъвæтин, зæрдæйæ-зæрдæмæ ныхас фæкодтам, уымæй та банкъардтон уæлдай æхцондзинад. Зын бамбарæн нæу, ацы дыууæ цардæмбалы ирондзинад, ирон æгъдæуттæ цæсты гагуыйау кæй хъахъхъæнынц, уый. Хъæубæсты куырыхон, дзырддзæугæ хистæртæй хъуыстгонд кæй сты, уый дæр дызæрдыггаг нæу.
Анжелæйы æфсин Светæ дæр — уæздан, фæлмæн, адæмуарзон. Йæ æрыгоны бонты йæ мойы хæдзары цы хистæрты æрбаййæфта, уыдонæн цас кæстæриуæг æмæ зæрдиаг лæггад фæкодта, уый бирæты къухы нæ бафтдзæн. Рынчын адæймагмæ кæсæгæн, дам, рынчынæй зындæр у, фæзæгъынц, фæлæ ацы хъуыддаджы дæр Светæмæ разынд стыр хъару. Фæлладхуызæй йæ никуы ничи федта, никуы бафæлмæцыд, кæд дæргъвæтин рæстæг йæ хицау æмæ æфсинмæ хуыссæнуатмæ зылдис, уæддæр. Кæддæриддæр-иу сæ дарæс, сæ хуыссæн — сыгъдæг, сæ хæринаг — хæрзад æмæ афоныл. Ахæм быхсон, æвæццæгæн, хи хъæбул дæр нæ уыдзæн. Хæстæджытæ, хиуæттæ, сыхæгтæ ма йæ абон дæр дæнцæгæн æрхæссынц.
Уæлдай бæллиццаг та ма уый у, æмæ Светæйæн йæ хистæр чындз дæр у Анжелæйы хуызæн уæздан, æмбаргæ, зæрдæхæлар. Æмбисондæн баззад, тæбæгътæ дæр, дам, ма базмæлынц, фæлæ Светæ æмæ йæ дыууæ чындзы ‘хсæн фæлмæн ахастдзинад йеддæмæ тызмæгдзинад никуы ничи бафиппайдта, нæдæр сыхæгтæй, нæдæр хæстæджытæй.
«Цы байтауай, уый æркæрддзынæ», — зæгъы ирон æмбисонд. Цас хорздзинад байтауай, куыд балæггад кæнай дæ хистæртæн де ‘рыгон бонты, ахæм рæвдыд фендзынæ дæ зæры бонты дæ кæстæртæй — Хуыцау зæххон адæймагæн ахæм царды уагæвæрд саккаг кодта. Æмæ, æвæццæгæн, уый раст у. Светæйы хорздзинад æнæбафиппайгæ нæ фæци Дунесфæлдисæг. Мады-Майрæм æй барæвдыдта хæрзæгъдау, уæздан чындзытæй, хъæбулты хъæбултæй.
ФÆРНИАТЫ Рая, педагогон фæллойы ветеран