Æдасдзинады культурæйы азы нысангонд мадзæлтты фæлгæты Цæгат Ирыстоны пресс-тур ацыд специализацигонд зынгсирвæзт хуссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайы. Журналистты ам базонгæ кодтой ацы хайы радиацион æмæ химион хъахъхъæнынады службæйы куыстимæ, стæй сын бæлвырд радзырдтой, тæвдбарæн куы асæтта, уæд цы кæнын хъæуы, уый тыххæй дæр.
Уавæр афтæ у, æмæ ацы аз специализацигонд зынгсирвæзт хуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайы радиацион æмæ химион хъахъхъæнынады хайы службæ сбæрæг кодта йæ фыццаг юбилей. Йæ специалисттæ ныр хæстон ифтонгдзинады сты 5 азы. Цы сæйраг хæс æххæст кæнынц, уый та у, сæйраг тыхтæ æмæ фæрæзтæ кæуылты æрбацæудзысты, уыцы фæндагыл рагагъоммæ радиацион æмæ химион сгарæн куыстытæ бакæнын æмæ сæм уый тыххæй та вæййы нырыккон прибортæ. Æдæппæт службæйы ис 5 адæймаджы. Алчидæр сæ уыд къабазон ахуырты.
Пресс-туры рæстæг дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæн радзырдтой, джынасу цæмæй тæссаг у, уый тыххæй, стæй тæвдбарæн куы асæтты, уæд, йе ‘мбырдгæнгæйæ, адæм цы рæдыдтытæ æруадзынц, уыдонимæ дæр сæ базонгæ кодтой.
«Джынасу хауы тæссагдзинады фыццаг къласмæ æмæ у тыхджын марг. Иннæ згъæртæй уæлдай, уаты тæвды уæвгæйæ, вæййы тæнгъæд хуызы. Гом уæлдæфы райдайы тæф уадзын, æмæ уымæ гæсгæ тæвдбарæн свæййы тынг тæссаг дзаума», — фæбæрæг кодта радиацион æмæ химион хъахъхъæнынады службæйы хицау Дзæгъиаты Сослан.
Бирæтæ кæй нæ фæзонынц кæнæ удаист кæй фæвæййынц, уыдæтты тыххæй афæлварынц джынасу рыгцъирæнæй æрæмбырд кæнын, цъылынæй йæ рамæрзын кæнæ та йæ уымæл хæцъилæй расæрфын дæр. Фæлæ адæттæ кæнын æппындæр нæ хъæуы. Рыгцъирæны тæвд уæлдæф джынасуйы тæф уадзын дзæвгар фæтагъддæр кæны, йæ лыстæг гагатæ та ныббадынц рыгцъирæны мидæггаг хæйттыл æмæ свæййынц маргджын буаргъæдтæ фылдæргæнæг. Цъылыны хъæбæр пыхцыл кæнæ та щеткæ джынасу ныппырх кæнынц, фенæн зынтæй кæй вæййы, ахæм лыстæг æртæхтæй пъолыл, æмæ хъыгдардбаййафæг фæзуатыл ноджыдæр ма бафты.
«Сæйраг æгъдау ахæм рæстæг у удаист нæ кæнын. Саст тæвдбарæн уый æппæты стырдæр бæллæх нæу. Хуымæтæджы цæстæй йæм куы акæсæм, уæд йе ‘взæр фæстиуджытæй аирвæзæн ис æнцонæй. Раздæр уал уатæй арвитын фæхъæуы æцæгæлæтты, æмæ уæлдæфы тæвд уæлæмæ чи хизын кæны, æппæт уыцы прибортæ ахуыссын кæнын. Байгом кæнæн ис рудзынг дæр, фæлæ кæсын хъæуы, цæмæй дыууæрдыгæй дымгæ ма рауайа. Хорз у, фæстæдæр аппарынæн æвгъау чи нæ уа, ахæм дзаумæттæ скæнын, къухтыл хъуамæ уой резинæ æрмкъухтæ, цæсгомыл хъуымацы уадздзаг, къæхтыл — бахилтæ. Дарддæр æрцæттæ кæнын фæхъæуы, хлор кæдæм хæццæ кæна, ахæм урсгæнæн тæнгъæд «Белизна»-йы дзаума: ахæм хыгъдæй «Белизна»- йы 1 литр 5 литры доныл, кæнæ марганцовкæйы тæнгъæд: 1 граммыл 8 литры дон. Ныр та райс уымæл кисточкæ, шприц лыстæг судзинимæ, хъæбæр гæххæтт æмæ тæнгъæды дзаума. Рæстæмбис æмæ чысыл тымбылæгтæ фæхъæуы шприцмæ сцъирын, стырдæрты кисточкæйæ хъæбæр гæххæттмæ æрбатулын æмæ сæ банкæмæ ауадзын. Æппæты гыццылдæрты скотчæй йæ уæлцъарыл баныхасын. Æртæхтæ æмбырд кæнын фæхъæуы кæронæй астæумæ. Згъæрмæ чи фæхæццæ, уыцы æппæт дзаумæттæ та пакеты нывæрын æмæ йæ хъæддых бабæттын. Æмбырдгонд джынасу æмæ тæвдбарæны баззайæццæгтæ кæм сты, уыцы банкæ та фæхъæуы хорз сæхгæнын.
Ныр та джынасу кæдæм фæхæццæ, уыцы уæлцъæрттæ расæрфын фæхъæуы цæттæгонд тæнгъæдæй æмæ йæ 15 минуты бауадзын, уый фæстæ та сæ ис сыгъдæг донæй рахсæн. Дæхи та хъæуы дзæбæх æрæхсын, комарынг цалдæр хатты содæйы хæццæ донæй ранхъæвзын æмæ «активированный» æвзалыйы цалдæр таблеткæйы бануазын дезинфекци скæныны тыххæй. Æмбырдгонд джынасу та фæхъæуы, ахæм буаргъæдтæ чи æфснайы, ахæм сæрмагонд организацимæ аласын», — лæмбынæг бамбарын кодта Дзæгъиаты Сослан. Дарддæр уый куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй джынасу уадзæн нæй канализацимæ кæнæ бырæттимæ æппарæн, сыгъдæггæнæн станцæйы онг кæй нæ фæхæццæ уыдзæн, фæлæ хæтæлтыл кæй ныббаддзæн æмæ æппæтмæ дæр йæ марг хъæстæ кæй хæццæ кæндзæн, уыдæтты тыххæй. Афтæ рауайдзæн, уыдон бырæттæм кæнæ æндæр рæттæм куы аппарай, уæд дæр.
Республикон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæн пресс-туртæ рæстæгæйрæстæгмæ арæзт цæуы Цæгат Ирыстоны территорийы. Куыд загътам, афтæмæй ацы аз уыдон арæзт цæуынц Æдасдзинады культурæйы азы мадзæлтты фæлгæты. Сæ сæйраг нысан у адæмы æдасдзинады æгъдауыл сахуыр кæнын цардыуаджы æмæ царды æндæр фæзилæнты. Хъуамæ æмбæлгæ хуызы архайой æрдзон æмæ техногенон фыдбылызты уавæрты.
Юлия СТАРЧЕНКО, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады РЦИ-Аланийы Сæйраг управленийы пресс-службæ














