Фæндаггон фыдбылызтæй бахизынæн

0
373

 

Профилактикон операци «Летом отдыхаем, ПДД не забываем!» æххæст кæнгæйæ, автоинспекцийы кусджытæ Дзæуджыхъæуы базарадон центр «Алания Молл»-мæ æввахс бынæтты æмæ бирæфатерон хæдзæртты кæртыты рад хастой.

Фæндагыл цæуыны фæтк æнæмæнг æххæстгæнинаг кæй у, автоинспектортæ уый æмбарын кодтой «Алания Молл»-мæ æввахс рæтты транспортон фæрæзты хицæуттæн. Уымæй уæлдай, барадхъахъхъæнджытæ хæдтулгæскъæрджытæн радтой ныхасгæ информацион аив сыфтæ.

Акци уыд Леоновы æмæ Марковы уынгты хæдзæртты кæртыты дæр. Автоинспектортæ сывæллæттæн бафæдзæхстой фæндагыл цæуыны фæтк æххæст кæнын.

Сæрдыгон каникулты рæстæг уынгты сывæллæтты нымæц бæлвырд фæфылдæр вæййы. Хъомыл адæймагимæ абаргæйæ, фæндагыл сывæллонмæ фылдæр æргом здахын кæй æмбæлы, уый уæ рох ма уæд. Фæндагыл цæуыны фæтк биноныг чи æххæст кæна, фыдбылызæй уыцы сывæллон уыдзæн хызт.

РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады Фæндагыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы управлении

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here