Комсомольск дæрддзæф хъæутæм хауы, Кировы районы центр Елхотæй йæм ауайын хъæуы аст километры.
Хъæуы равзæрдыл нымад у 1910 аз. Фыццагдæр дзы чи æрцард, уыдон уыдысты Токаты, Хадыхъаты, Хуыцъистаты, Дзиуаты, Сидахъаты, Таутиаты, Хъуппеты, Уырысты, Чеджемты бинонтæ. Зæххыты æмæ хъæды хицау Цæгат Кавказы уæд уыдис инæлар Дашков-Воронцов. Уымæ гæсгæ цæрджытæ сæ хъæу схуыдтой «Дашков». 1911 азы Дашковы хъæу схуыдтой Иларионовкæ, афтæ хуындис суанг 1938 азмæ. Ленинон Фæскомцæдисы равзæрды 20 азы кадæн колхозонты партион æмбырды уынаффæ рахастой хъæу Комсомольск схонын. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд Ирыстоны сагсур фæсивæдимæ цыфыддæр знаджы ныхмæ тохмæ 80 хæдзарæй ацыд 75 адæймаджы. Уыдонæй ма сыздæхт æрмæст 12. Сæ номыл хъæуы астæу ис цыртдзæвæн.
Куыд цæры рагон ирон хъæу абон, цы сæм ис бафæзминагæй, цæуыл сты сæ сагъæстæ? Уыдæттæ базоныны тыххæй ацыдыстæм Комсомольскы хъæумæ. Цы федтам, цы фехъуыстам, уыимæ зонгæ кæнæм нæ газеткæсджыты.
Бæрнон хæстæ
Куыд алы хъæуы, афтæ Комсомольскы хъæуы дæр ис лыггæнинаг фарстатæ. Уыдонæй иу, нуазыны дон парахатæй кæй нæ хæццæ кæны алы хæдзармæ дæр, уый. Уыцы бон дæр, ацы фарстайыл кусгæйæ, тынг æнæвдæлон уыд хъæуыхицау БЫЦЕНТЫ Неля. Ныр 10 азы кусы ацы бæрнон бынаты.
— Нæ хъæуы цæры 1337 адæймаджы (144 хæдзары, дыууæ уынджы, сты Хуссар Ирыстонæй æмæ Гуырдзыстоны ирон хъæутæй ралидзæг адæмы хæдзæрттæ). Алы бинонтæ дæр, искуы-иуæй фæстæмæ, дарынц фос, кусынц сæ цæхæрадæттæ, сæ кæстæрты царды раст фæндагыл æвæрынц, — зæгъы Неля. — Адæмы удæнцойдзинадæн нæм ис астæуккаг скъола, рæвдауæндон, посты хайад, фелсырон пункт, дуканитæ. Цыбыр рæстæгмæ бирæ хорз ивддзинæдтæ æрцыд нæ хъæубæсты. Æхсызгон куыд нæу, Елхотæй Комсомольскмæ бацæуæны, суанг хъæуы кæронмæ арæзт æрцыд ног, æнцонвадат фæндаг. Ивгъуыд аз бындуронæй цалцæггонд æрцыд нæ клуб дæр. Рухсытæ нæм æхсæвыгон судзы æрмæст сæйраг, Ленины уынджы, фæлæ архайæм, цæмæй иннæ уынгты дæр рухс уа. Сæйраг уынг, 10 километры бæрц, зæрдæхсаинаг нал у, иннæ уынгты фæндæгтæм дæр зилæм. Иудадзыг кæсæм нæ хъæуы сыгъдæгдзинадмæ, саразæм зиутæ, фæсивæд, скъоладзаутæ активонæй фæархайынц.
Хъæуы администрацийы сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй кæддæриддæр йæ фарсмæ æрбалæууынц районы разамынд, алывæрсыг æххуыс ын кæнынц хъæуы Ныхасы уæнгтæ Пагæты Славик, Хъуылымбегты Аркади, Дриаты Астан, Мæргъиты Артур, сæ сæргъы Касаты Тузар. Иууылдæр иумæ цæстуарзонæй хъæубæсты рæсугъд фидæныл кусынц.
Адæмы æнæниздзинадыл архайынц
Райдзаст æмæ ног цалцæггонд бæстыхæйттæ, хъæугæ дзаумайæ ифтонг фелсырон-акушерон пункт раздæры уавæртимæ абарæн нæй.
— Кусынæн нæм ис алы уавæртæ дæр, хицæн кусæн уат алы специалистæн дæр. Нæ зæронд агъуысты та иууылдæр иумæ бадтыстæм, уыд уазал, дон дзы нæ уыд. Бузныг, чи ныл батыхст, уыдонæн, — зæгъы фелсырон пункты медицинон хо Киситы-Тотиты Иринæ. 36 азы размæ ардæм раивта Елхоты рынчындонæй, уæдæй нырмæ лæггад кæны йе ‘мхъæуккаг адæмæн. Къуыри дыууæ хатты Комсомольскмæ æрбацæуы дохтыр Тыджыты Сабинæ. Æрыгон, фæлæ зонаг специалист у. Йæ рафыст уколтæ, капельницæтæ рынчынтæн бынаты кæнынц медицинон кусджытæ. Сæрмагонд графикмæ гæсгæ хъæумæ æрцæуынц районы рынчындоны дохтыртæ.
— Иудадзыг кæнæм профилактикон куыст, диспансеризаци ацæуынц куыд хистæртæ, афтæ скъоладзаутæ дæр. Цæрджыты ‘хсæн арæхдæр ис, зæрдæйы низтæй чи хъæрзы, йæ туджы æлхъывдад бæрзонд кæмæн у, ахæм рынчынтæ. Сæ фылдæр сты карджын адæм. Иринæйы æмкусæг, акушер Дзебысаты-Битарты Фатимæ кусы сылгоймæгтимæ æмæ сывæллæттимæ, бæстыхайы сыгъдæгдзинадмæ кæсы Киситы Аленæ, йæ куыстмæ ницы фау æрхæссæн ис, — зæгъы Иринæ.
Медицинон кусæджы сагъæсы æфтауы, сæрды мæйты сæм нуазыны дон къуылымпытимæ кæй цæуы, уый, тæссаг у инфекцион низтæй, æмæ уыцы хъуыддагмæ иудадзыг сæ хъус дарынц. Иннæмæй та ноггуырдты нымæц къаддæр кæны. Зæгъæм, 2010 азы Комсомольскы хъæуы райгуырд 16 сывæллоны, ивгъуыд 2017 азы та æрмæст 8 сывæллоны. Уый дæр хъуыдыйаг фарста у.
Сæрды мæйты — скъолайы
Комсомольскы астæуккаг скъолайы ахуыр кæны 152 сывæллоны. Фæлæ ацы бонты йæ тыргътæ афтид сты. Хæрзæфснайд, райдзаст кълæстæ æнхъæлмæ кæсынц ахуырдзаутæм.
— Дыууæуæладзыгон бæстыхай йæ дуæрттæ бакодта 2003 азы. Уæд, национ проектмæ гæсгæ, скъолайæн радтой хъæугæ ифтонггарз, ныр уыцы техникон фæрæзтæ базæронд сты, абоны скъолайы стандарттæн дзуапп нал дæттынц, — зæгъы скъолайы директор Кобесты Маринæ.
Сæрды мæйты скъолайы куыста лагерь, фæкæсинаг, бирæсывæллонджын бинонтæй 50 сывæллоны сæ рæстæг хъæлдзæгæй æрвыстой. Скъолайы хæрæндоны сын цæттæ кодтой хъарм, хæрзад хæринаг. Ивгъуыд ахуыры аз скъоладзаутæ сæ ахуыргæнджытимæ архайдтой алыхуызон конкурсты, равдыстыты. Саразынц бæрæгбæттæ хъæууон клуб æмæ библиотекæимæ.
— Футбол, волейбол æмæ уæгъдибар хъæбысхæсты секцитæм фылдæр лæппутæ цæуынц, чызджытæ та кафынмæ арæхсынц, архайынц театралон студи «Теремок»-ы. Спорты алы хуызты æнтыстдзинæдтæ равдыстой æмæ ерысты уæлахиздзаутæ систы Гасситы Азæмæт, Артур Панков æмæ Родион Панков, Быгъуылты Витали æмæ иннæтæ. Фæзминаг кæстæрты хъомыл кæнынц фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ Дзиуаты Любæ, Дзагкойты Светланæ, Дзоцъиты Татьянæ, Киситы Заремæ, Хъуылаты Светланæ, Плиты Зæирæ, Быгъуылты Руслан, Кортиаты Руслан, Хъуылымбегты Ритæ, Хуыбиаты Светланæ, Гобозты Эльвирæ æмæ иннæтæ. Архайæм, цæмæй рæзгæ фæлтæр аргъ кæной фыдæлты æгъдæуттæн, банкъарой æфсарм, зоной хистæрæн кад кæнын, уарзой Райгуырæн бæстæ, — зæгъы скъолайы директор. — Ныййарджыты комитеты уынаффæйæ нæ сывæллæттæ дарынц иумæйаг уæлæдарæс, нæ пайда кæнынц дзыппыдаргæ телефонтæй. Сывæллæттæ активонæй архайынц хъæуы сыгъдæгдзинадыл, ис нæм ногдзауты организаци дæр. Уыцы хъуыддæгтæ хорзæрдæм зынынц ахуырадон æмæ хъомыладон куыстыл.
Скъола сæрыстыр у йæ бирæ рауагъдонтæй. Уыдонимæ: Хынцæгты Нодар — мидхъуыддæгты оргæнты кусæг, Дриаты Михал — Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къос- тайы номыл паддзахадон универси- теты географийы кафедрæйы ахуыр- гæнæг, Мерденты Аслан — æф- сæддон дохтыр-хирург, кусы Хаба- ровскы, Хацырты Екатеринæ — наукон кусæг. Ацы хъæубæстæй ра- цæугæ у, фыццагдæр Ирыстоны адæмон артисты ном кæмæн радтой, ирон сценæйы дæсны æмæ номдзыд актер Таутиаты Солæман.
Дæ куыст куы уарзай
Хъæууон клубы агъуыстæй арæх райхъуысы хъæлдзæг фæндырдзагъд. Уый йæ арæхстдзинад æвдисы ирон кафты ансамбль «Иры фарн». Хæдахуыр артисттæ циндзинад хæссынц адæмы зæрдæтæм, фæархайынц районы аивадон фестивальты. Хъæууон клубы директор ХÆБÆЛАТЫ Лаурæ ансамблæн у фæндырдзæгъдæг, хореограф æмæ гуымсæгыл цæгъдæг та у БИЦЪОТЫ Аслан.
— Кафджыты къордмæ разæнгардæй цæуынц 45 чызджы æмæ лæппуйы. Ис сын алы фадат дæр — ног цалцæггонд сценæ, 350 бынаты кæм ис, ахæм зал, фæлæ нæм музыкалон инструменттæ нæ фаг кæны, сывæллæттæн нæй кафæн уæлæдарæс, бахъуаджы рæстæг кургæ ракæнæм. Тынг æхсызгон нæ хъæуы музыкалон аппаратурæ, микрофонтæ, — зæгъы клубы директор. Куыд нын загъта, афтæмæй Комсомольскы хъæуы бирæ курдиатджын фæсивæд ис, ирон аивад чи уарзы, ахæмтæ. «Лазурная волна», — ахæм музыкалон чемпионат цыд ивгъуыд мæй Сочийы. Уым сыгъзæрин майдан саккаг кодтой 13-аздзыд ирыстойнаг зарæггæнæг, Комсомольскы скъолайы ахуырдзау Саулохты Азæмæтæн. Драмон къорды цы фæсивæд архайынц, уыдон арæх бацæттæ кæнынц хъæлдзæг равдыстытæ, семæ кусы Хæбæлаты Лаурæ.
Лæппутæ ма æхсызгонæй уайынц, гуымсæгыл сæ кæм ахуыр кæнынц, уыцы къордмæ. Ныридæгæн сæ арæхстдзинад районы Культурæйы галуаны сценæйыл равдыстой.
Культурæйы хæдзары директоримæ ныхас кæнгæйæ, базыдтам, фарон июны мæй бæстыхайы дуæрттæ æхгæд кæй æрцыдысты, йæ уавæр тæссаг кæй уыд, уый аххосæй. — Йæ цар, пъолтæ, дуæрттæ — иууылдæр уыдысты ивинаг, уынджы-иу куыд уарыд, мидæгæй дæр — афтæ. Иу хорздзинад ныл æрцыд, æмæ федералон программæйы бындурыл нæ зæронд клубы бынаты сырæзт ног, алцæмæй ифтонг бæстыхай. Рæсугъд сценæ, дзаумæттæивæн уат, залы ног фæлмæн бандæттæ. Ацы аз 21 февралы нæ клуб ногæй йæ цырæгътæ ссыгъта, уый кадджын бæрæгбон уыд æппæт хъæубæстæн дæр, — зæгъы клубы директор. Йæ къæсæрæй чи бахизы, уыдонæй алкæуыл дæр æхсызгонæй сæмбæлы Лаурæ.
— Мæхæдæг дæр сабийæ ацы клубмæ цыдтæн. Уæды директор Хъотайты Софья ныл тынг аудыдта, сразæнгард мæ кодта, æмæ ахуырмæ бацыдтæн Аивæдты училищемæ. Мæ зæрдæ нæ ивын абон дæр мæ куыстыл. Ме стыр бæллиц у, цæмæй адæм хистæрæй-кæстæрмæ тырной клубмæ, цæмæй хъæлдзæгдзинад æрфысым кæна нæ культурæйы артдзæсты. Цы ма уаид уымæй хуыздæр, — зæгъы Лаурæ.
Елисейы цæхæрадон
«Махмæ, Ирыстоны, афтæ не ‘мбæлы», — ацы ныхæстæ цалдæр хатты загъта нæ фембæлды рæстæг корейаг нæлгоймаг. Йæ ном — Елисей, йæ мыггаг — Цой. Ацæргæ адæймагæн йæ цæст æрттивы, йæ къахайст у цæрдæг. Уазæгуарзон фысым нæ йе стыр цæхæрадоны къуымтæй ракæсын кодта. Сæрдыгон тæвд бон, бæстæ судзы, Елисейы хуымтæ та донæфсæст сты. Хъæрмуаты æрыскъæфы алы къудзимæ дæр шлангæй æртахгай, хиконд донуатæй, дон цæуы. Хорз æм æрзайы болгайраг æмæ судзаг цывзы дæр, ныр та ма фæлварæны хуызы ныссагъта, фæсарæнтæй йын кæй æрбаластой, ахæм къудзитæ, «ежемалинæ» йæ схуыдта.
Комсомольскы хъæуы хорз зонынц ацы фæллойуарзаг бинонты, сæ исбонæй фæхайджын кæнынц бирæты, æххуыс кæнынц рæвдауæндонæн. Йæ бирæ азты фæлтæрддзинад сусæг нæ кæны Елисей, фæнды йæ, цæмæй адæм зæххы куыстмæ раздæхой. «Хи фæллойæ цы бакусай, уымæн аргъ нæй. Зивæг ма кæн æмæ бæркадджын уыдзынæ. Æрыгон ма уыдтæн, уæд Казахстаны змисджын быдырты кодтам харбызы æмæ хъæдындзы куыст. Мæ хъысмæт мæ бирæ азты размæ схаста Ирыстонмæ. Уæд æрмæст Беслæны уыд, тауинæгты куыст кæм кодтой, ахæм хæдзарад. Мæ сыхагимæ хъæдындзы мыггаг æлхæдтам. Уым базонгæ дæн Змейкæйы колхозы сæрдар, Социалистон Фæллойы Хъæбатыр Алексей Бондаримæ. Тынг нын балæгъстæ кодта, уæхи бафæлварут, лæппутæ, æмæ хъæдындз нæ быдырты æрзайын кæнут, зæгъгæ. Куыд загъта, афтæ нын хорз куыстæн æппæт уавæртæ скодта, мах дæр нæхиуыл нæ ауæрстам. Нæ быдырты иу кæрдæджы хал дæр нæ уыдис, æмæ нæ тыллæг басгуыхти, алы гектарæй дæр систам 44 тоннæйы æвзаргæ хъæдындз”, — æхсызгонæй мысы Елисей. Хæлар ахастдзинæдтæ йын уыд бирæтимæ, уæлдайдæр та Мырыкаты Хъанымæтимæ, Нæкуысаты Дагкоимæ, Дзгойты Ерусланимæ, Каджаты Альбертимæ. Йæ хорз æмбал Пагæты Славикимæ та кæнгæ æфсымæртæ скодтой.
— Кæнгæ нæ, фæлæ уал азмæ ныр хæрзæфсымæрты хуызæн стæм. Иухатт мын афтæ зæгъы: «Цом-ма мæ райгуырæн хъæумæ, дæ бинонты дæр махмæ æрбалас». Афтæ æрцардыстæм Комсомольскы. Æрæджы мæ цардæмбал Ритæ бакой кодта, нæ хæдзары сæр куы раивиккам, зæгъгæ. Уыцы ныхæстæй мæ зæрдæ барухс, ныфс мæ бацыд, мæ бинойнаг дæр мæн хуызæн уарзы ацы хъæубæстæ, зæгъгæ. Куы мæ бафæрсынц, цы дын у Ирыстон дæ царды, уæд сын фæзæгъын: «Æз ирон лæджы фæрцы цæуын ацы зæххыл». Уыцы ныхæстимæ Елисейæн йæ зæрдæ æрбауынгæг. Куыд базыдтон, афтæмæй лæг уæззау низы азары бахауд, дохтыртæ йын ницыуал ныфс æвæрдтой, йæхи цæттæ кодта мæскуыйаг клиникæмæ. Фæлæ та хъысмæт йæ куыст бакодта. Йæ тыхст уавæр ын базыдта зындгонд дохтыр Хъуылчиты Æхсарбег æмæ йæ сдзæбæх кодта. — Ирон æрдхорддзинадæн аргъ нæй. Æз никæцы адæммæ федтон зиутæ кæнын, зиуæй æххуыс кæнын, диссаг у ирон фынгæвæрд, нæ бæрæгбæттæ мæнæн зынаргъ сты, уæдæ ирон сылгоймаджы къухтæй конд уæливыхтæн æмбал нæй, уый алкæмдæр фæзæгъын.
Рох не сты Елисейæ, цы адæмыхаттæй у, уый культурæ æмæ традицитæ, фæлæ стыр аргъ кæны Къостайæн, йæ «Ирон фæндыр»-æй нын цалдæр рæнхъы бакаст.
Йæ бинойнаг Ритæимæ схъомыл кодтой дыууæ лæппуйы, ис сын цоты цот дæр, алчидæр сæ кæд хицæн бинонтæй цæры, уæддæр сæ ныййарджытæн алывæрсыг æххуыс кæнынц.
Сæ цæхæрадоны бинонтæ цы тыллæг æрзайын кæнынц, уымæн кæддæриддæр æлхæнæг вæййы. Æнхъæлмæ йæм кæсынц Дзæуджыхъæуы стыр базарты, дуканиты.
— Ме стыр бæллиц у Ирыстоны рæсугъд фидæн, цæмæй мæ сывæллæттæн сæ фарсмæ уа, мæнæн цы ирон æмбæлттæ уыд æмæ ис абон дæр, ахæмтæ, цæмæй рæстудæй, сыгъдæгцæсгомæй цæрой адæмы ‘хсæн.
Сабидуг æнæферохгæнгæ у
Æрвылбон Комсомольскы рæвдауæндонмæ ГАГЛОЙТЫ Бесик æмæ Макъайы хæдзарæй рацæуы æртæ сывæллоны, уыдон æмæ ма 50 сабийы рæвдауæндоны кусджытæ хи хъæбултау рæвдауынц.
— Нæ куыст афтæ аразæм, цæмæй сывæллæттæ æнæнизæй, хъæлдзæгæй рæзой. Ис нæм дыууæ къорды — 2 азæй 7 азы онг, — зæгъы рæвдауæндоны хицау Битарты-Баскаты Фаизæ. Æрыгонæй райдыдта хъомылгæнæгæй кусын, ныр та 25 азы у рæвдауæндоны хицау. — Афтæ мæм кæсы, цыма мах сывæллæттæй дзæбæхдæр никуы ис, зæрдæйæ сæ уарзæм æмæ архайæм, цæмæй сæ фыццаг къахдзæфтимæ бауарзой не ‘гъдæуттæ, традицитæ, аив дзурой куыд иронау, афтæ уырыссагау дæр. Ууыл сæ ахуыр кæнынц хъомылгæнджытæ Дзæгъиаты Зирæ, Мæргъиты Заретæ, Хынцæгты Фатимæ, Багаты Светæ. Сабитимæ хъæлдзæг бæрæгбæттæ саразы музыкалон кусæг Киситы Зæирæ. Хъомылгæнджытæн æххуыс кæнынц æмæ сабиты рæвдауынц Хъуылымбегты Альбинæ, Дриаты Оксанæ æмæ Хæныкъаты Жаннæ.
Арфæйы аккаг куыст кæны хæринаггæнæг Быгъуылты Маринæ. Сывæллæтты фынгыл æрвылбон вæййы æхсырæй хæринæгтæ, дзидза, дыргътæ, адджинæгтæ.
Рæвдауæндоны сæргълæууæг арфæ ракодта Кировы районы разамындæн, Елхоты дзулфыцæн заводы директор Чертыхъоты Верæйæн, амалхъомтæ Авлохты Валери æмæ Цой Елисейæн сæ алывæрсыг æххуысы тыххæй.
Кæд хъаст ницæмæй ракодта Маринæ, уæддæр æй нæхæдæг бафиппайдтам, куыд къуындæг уавæрты кусынц, уый. Уыцы иу уаты сывæллæттæ хъазгæ, хæргæ æмæ сихоры фынæй дæр кæнынц. Хъæуы сæ, бæрæгбæттæ кæм аразой, ахæм музыкалон зал, уæрæх кæрты херытæ сæвæрын. Уæдæ куклатæ, гыццыл машинæтæ, пуртитæ дæр сабиты æхсызгонæй хъæуынц.
Посты лæггæдтæ
— Газеттæ фыссыны рæстæг куы ралæууы, уæд адæмæн лæгъстæ кæнын бахъæуы. Уарзынц, бæргæ, нæ газеттæ æмæ журналтæ кæсын. Нæ хъæуы цæрджытæй æппæты фылдæр æрвылаз газеттæ рафыссынц ДЗОЦЪИТЫ Татьянæ, ДЗИУАТЫ Хъазыбег, ХОХОЙТЫ Хъазыбег, ДЗÆГЪИАТЫ Хазби æмæ иннæтæ, — зæгъы посты хайады хицау БЫГЪУЫЛТЫ Земфирæ. Куыд зæгъы, афтæмæй арæхдæр фыссынц районы газет «Размæ», республикон газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Северная Осетия».
Æнæзивæгæй сæм сæ хæццæ кæны постхæссæг Чертыхъоты Симæ. Постхæссæджы куыст æнцон нæу, фæлæ Симæйы фæлладхуызæй никуы ничи федта. Æхсызгонæй æрвылбон цæуы йæ куыстмæ, адæмæн лæггад кæны, йе ‘рбацыдмæ æнхъæлмæ фæкæсынц.
Ныртæккæ посты лæггæдтæ алывæрсыг сты, асламдæр аргъæй дзы балхæнæн ис хæдзары хъæугæ лыстæг дзаумæттæ, адæм сæ пенситæ æмæ пособитæ афойнадыл райсынц. Ам бафидæн ис газы, рухсы, æндæр коммуналон лæггæдты аргъ.
Кировы æмæ Рахизфарсы районæн иумæйаг почтамт ис, разамынд ын дæтты Тотраты Еленæ. Комсомольскы хъæуы посты хайадæн алывæрсыг æххуыс кæны.
Фарс бацæттæ кодта ЦÆГÆРАТЫ Жаннæ Къамтæ систа КЪÆБЫСТЫ Харитон