Зындгонд куыд у, афтæмæй 10 августы йæ куыст райдыдта Цæгат Кавказы фæсивæдон форум «Машук». Абон фæсивæдон лагеры уазæг суыдзæн Уæрæсейы Президент Владимир ПУТИН
Уый тыххæй знон фехъусын кодта Кремлы пресс-службæ.
Пресс-службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, Президент базонгæ уыдзæн Цæгат Кавказы федералон зылды регионты равдыстытæ æмæ экспозицитимæ, стæй аныхас кæндзæн форумы архайджытимæ.
Цæгат Кавказы фæсивæдон форум «Машук» арæзт цæуы горæт Пятигорскы 2010 азæй фæстæмæ. Уæдæй абонмæ форумы архайдтой 20 мин адæймагæй фылдæр. Уыдон вæййынц æрмæст Цæгат Кавказы федералон зылды минæвæрттæ нæ, фæлæ æндæр уæрæсейаг регионтæ æмæ фæсарæйнаг бæстæты цæрджытæ. Ацы аз форум йæ куыст кæндзæн 24 августмæ. Дыууæ радæй лагеры мадзæлттæ бабæрæг кæндзысты 2 мин æрыгон адæймагæй фылдæр. Уыдоны нымæцы — Республикæ Цæгат ИрыстонАланийы фæсивæд дæр. Лагеры фыццаг рады архайынц 100 цæгатирыстойнаг лæппу æмæ чызджы.














