Ноджыдæр ма иу хатт Къостайы премийы тыххæй

0
511

 

 

Æрæджы мыхуыры фæрæзты æмæ интернеты тыгъдады фæзынд Къостайы номыл Паддзахадон премимæ æвдыст чи ‘рцыд, уыдонæй дарддæр архайыны бар кæмæн ис, уыцы автортæ æмæ сæ уацмысты номхыгъд. Уыимæ мыхуыргонд æрцыд премийы «Уагæвæрд» ног редакцигондæй.

Фæрнæйдзаг уæд, ахæм бæрзонд премимæ кæй бавдыстой, уыдонæй алчидæр æмæ аивады рæсугъд фæндæгтыл фарнимæ цæуæд. Къамисы уæнгтæн та мæ зæрдæ зæгъы: бирæ азты дæргъы ма ацы преми зæрдæрухсæй фæдæттут аивад æмæ литературæйы хуыздæр минæвæрттæн Къостайы сыгъдæг номимæ бастæй.

Премийы «Уагæвæрд»-ы куыд загъд ис , афтæмæй алкæмæн дæр бар ис йæ хъуыдытæ зæгъынæн номинантты бавдыст куыстыты тыххæй. Æмæ бакастæн «Рæстдзинад»-ы Саутæты Тамилæйы уац: «Къостайы номыл премийы уагæвæрд хæлд цæмæн цæуы?». Журналист адæмы рæгъмæ рахаста йæ хъуыдытæ, уый бар ын ис, фæлæ интернеты тыгъдады йæ ныхмæ рагæпп ластой: уый та куыд бауæндыд афтæ зæгъын? Суанг ма газеты дæр аххосджын кæнынц, уац кæй рауагъта, уый фæдыл! Æмæ ма адæм куы дзуриккой, фæлæ номинантты чи, бавдыста, уый — MaDinæ Jusson (тызмæгхуызæй). Мæнæ куыд фыссы: «Не смогла я смолчать, потому что газета «Правда» пишет ложь — современные реалии, но так НЕ ДОЛЖНО БЫТЬ! Я решила ответить, ведь именно я несу ответственность за то, что уважаемые мной люди оказались в качестве обвиняемых, так как это была моя идея (я уже писала об этом) поучаствовать в конкурсе на равных условиях. и т. д.»

MaDinæ Jusson, дæхæдæг æй бавдыстай æмæ уал банхъæлмæ кæс, адæм цы зæгъдзысты, уымæ. Дæхæдæг тæрхонгæнæгæй цæмæн агæпп ластай?

Тамилæйы уац æмæ интернеты тыгъдады æрмæджытæ бакæсгæйæ, мæн дæр бафæндыд мæ хъуыдытæ зæгъын.

Бавдыст уацмысты æмæ авторты номхыгъд куы федтон, уæд мæ мæ цымыдис æркæсын кодта премийы «Уагæвæрд»- мæ.

«Уагæвæрд»-ы раздæр уыдис афтæ (уырыссагау æй æрхæсдзынæн, цæмæй хуыздæр æмбæрстгонд уа):

Пункт 4. На соискание Государственной премии им. Коста Хетагурова в области литературы и искусства выдвигаются оригинальные произведения при условии, что они созданы (опубликованы, исполнены, показаны, сооружены) в течение рассматриваемых двух лет…

Ног редакцигонд «Уагæвæрд»-ы кæсæм: Пункт 2. На соискание Государственной премии им. Коста Хетагурова в области литературы и искусства выдвигаются как отдельные авторы, так и авторские коллективы при условии, что их произведения опубликованы, исполнены, показаны, сооружены в течение рассматриваемых двух лет…

Фыццаджы ныхас цæуы оригиналон уацмыстыл. Уæдæ дыккаджы дæр их произведения, мæнмæ гæсгæ, дзуры оригиналон уацмыстыл. Æмæ мæм фæзынд иу фарст бæрзонд къамисы уæнгтæм: цы хуызы архайы дарддæр Антуан де Сент Экзюпери ацы конкурсы — иуæй раджы куы ахицæн йæ цардæй æмæ преми та «посмертно не присуждается», иннæмæй та уацмыс францаг æвзагыл фыст куы у? Кæд тæлмацгонд уацмыс дæр «оригиналы» æмвæзадмæ схызт ныры дуджы, уæд æй Уагæвæрды æргомæй ныффыссын хъуыд, цæмæй иннæ тæлмацгæнджытæ дæр (тæлмацгæнджытæ та нæм куыннæ ис!) фæныфсджын уой æмæ иннæ хатт сæ куыстытæ уыдон дæр бавдисой премимæ оригиналон уацмысты хуызы. Уæвгæ, къамисы цæст уынаг у, фæлæ адæмы цæст уынагдæр кæй у, уый рох кæнын нæ хъæуы.

Раст зæгъын хъæуы. Кæд «Уагæвæрд»-ы тæлмацгонд уацмысты кой нæй, уæддæр гæххæттытæ бавæрыны «Фæткæгъдау»-ы кæсæм раздæр куыд уыд, афтæ:

Пункт 3. Произведения литературы, в том числе переводы, а также исследования в области языка, литературы и искусства Осетии предоставляются в комиссию в двух экземплярах. Произведения литературы предоставляются только на языке оригинала. Ног редакцигонд «Фæткæгъдау»-ы йæ кæсæм:

Пункт 3. Произведения литературы только на языке оригинала (в том числе переводы, а также исследования в области языка, литературы и искусства Осетии). Ацы хъуыдыйад къамисы уæнгтæ æмбарынц? Æз æй иу лæгæй не ‘мбарын. «… на языке оригинала, в том числе переводы» (!!!)

Ныр та Экзюперийы «Гыццыл принц» ирон æвзагмæ куыд ивд æрцыд, уый тыххæй дыууæ ныхасы. Ивгæ та йæ ракодтой Хъамболты Тамерлан æмæ Астемыраты (Будайты) Изет. Хъамболы-фыртæн, куыд ахуыргондæн, афтæ мæ сæрæй ныллæг кувын. Архайы, аразы, йæ удæй арт цæгъды Уæрæсейы сконды мадæлон æвзæгтæ бахъахъхъæныны сæрвæлтау. Æрæджы цы закъон фидаргонд æрцыд Уæрæсейы сконды мадæлон æвзæгты тыххæй, уый æнæрастдзинады тыххæй йæ хъаст бахаста бæстæйы Президентмæ, суанг ма ныффыста Иугонд Нациты Организацимæ дæр. Уый хорз у, раппæлинаг хъуыддаг у! Хъуамæ чидæр, уæлдайдæр хъуыддаг хорз чи зоны, æвзаджы алыварс цытæ цæуы, уый зæрдæ æмæ зондæй чи ‘мбары, уыдон цæуой адæмы разæй! Æмæ уыдоны фыццæгтæй у Хъамболы-фырт дæр. Уæдæ Астемыраты Изет дæр рагæй фæлвары йæ тыхтæ литературæйы. Архайы зæрдиагæй, æнтысгæ дæр ын бакодта. Йæ тæлмацæй иронау сдзырдтой….

Гъе, фæлæ Къостайы премимæ цы тæлмац бавдыстой — Экзюперийы «Гыццыл принц» — уымæй мæ зæрдæ нæ барухс, уый нæ, фæлæ ма катай дæр бакодтон: ау, нæ ирон хъæздыг æвзаг æндæр нал æнкъарæм? Ацы тæлмацы тыххæй мыхуыры фæрæзтæ æмæ интернеты тыгъдады дзырд цæуы, стæй тæлмацгæнджытæ сæхæдæг дæр сæйрагдæрæн æвæрынц, францаг æвзагæй комкоммæ ивд кæй æрцыд, уый. Нæ тæлмацгæнджытæ францаг æвзаг кæй зонынц, уый раппæлинаг хъуыддаг у, фæлæ æвзаг зонын æмæ тæлмац кæныны æхсæн бирæ цыдæртæ ис. Æмæ уыцы цыдæртæ æрмæстдæр иугæйттæн лæвæрд цæуынц Уæллагæй. Науæд абоны бон, дзырдæн, уырыссаг æвзаг алы ирон лæг дæр ахуыр кæны скъолайы дæр æмæ уæлдæр ахуыргæнæндоны дæр, æхсæвæй-бонæй уырыссагау дæр дзуры, фæлæ алчи нæ тæлмац кæны Пушкины аргъæуттæ, кæнæ Лермонтовы поэмæтæ. Æмæ та ногæй мæ цæст ахастон Плиты Грис æмæ Джыккайты Шамилы тæлмацтыл. Грис англисаг æвзаг нæ зыдта, фæлæ Отеллойы иронау сдзурын кодта бæрзонд аивадон æвзагыл. Шамил францаг æвзаг нæ зыдта, фæлæ Сирано де Бержерак сдзырдта нæ ирон хъæздыг æвзагæй. Зæнджиаты Бæбу, Æмбалты Цоцко, Бестауты Гиуæрги, Джусойты Нафи, Гафез æмæ нæ иннæ дæсны тæлмацгæнджыты кой нал кæнын. Нæ ирон литературæйы тæлмацæн хорз скъола ис. Æмæ æдзухдæр тырнын хъæуы хуыздæрмæ. «Гыццыл принц»-ы ног тæлмацæй уый нæ разынд.

Уæвгæ та Экзюперийы ацы уацмыс «Чысыл æлдар», зæгъгæ, 2001 азы мыхуыргонд æрцыд сывæллæтты журнал «Ногдзау»-ы цалдæр номыры Дзасохты Музаферы тæлмацæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, Музафер архайдта уырыссаг тæлмацимæ. Чи зоны, оригиналæй чысыл адард, фæлæ уæддæр Музаферы тæлмац ирон дзырдаивадмæ бирæ хæстæгдæр кæй лæууы, уый йыл бæрæг у. Музафер æнкъары ирон æвзаджы фæзилæнтæ, дзырдæй арæхстджынæй пайда кæны. Уæдæ фæстаг тæлмац комкоммæ францаг æвзагæй ивд у (Æз дзурын ирон æвзагмæ тæлмацыл), уый нырма тæлмацы хæрзхъæддзинадыл дзурæг нæу.

Æрхæсдзыстæм дæнцæгтæ: Музаферы тæлмацæй: (ХIV сæргондæй)

“Стæй, сырх чырынтæ къухмæрзæнæй йæ ныхы хид асæрфгæйæ, загъта:

— Тынг зын у мæ куыст. Раздæр ын бæргæ хорз аргъ уыди. Цырагъ-иу райсомæй ахуыссын кодтон, изæрæй та-иу æй ногæй ссыгътон. Æнæхъæн бон ма-иу мæ бæрны уыдис баулæфынæн, стæй æнæхъæн æхсæв бафынæй кæнынæн. — Уый фæстæ уавæр фендæрхуызон? — Куыд дын æй зæгъон?.. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ мæ планетæ азæй-азмæ тагъддæр зилы, цырагъ судзыны хабар та, куыд уыди, афтæмæй баззад”. Хъамболты Тамерлан æмæ Астемыраты Изеты тæлмацæй:

“Уый фæстæ асæрфта йæ ных сырх чырынтæ фындзмæрзæнæй.

— Æбуалгъ уæззау куыст кæнын ам. Кæддæр дзы уыдис мидис. Ахуыссын-иу кодтон фанар райсомæй æмæ-иу æй ссыгътон изæрæй. Боны иннæ хай та мын уыди мæ фæллад суадзынæн, æхсæвы иннæ хай та фынæй кæнынæн.

— Æмæ уыцы заманы фæстæ уагæвæрд ивгæ акодта?

— Уагæвæрд нæ аивта, — загъта фанарсудзæг. — Бæллæх дæр гъе уый мидæг ис! Планетæ азæй-азмæ тагъддæргæнгæ зылдис, уагæвæрд та нæ ивта”.

Мæнæ уый та уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй:

“Потом красным клетчатым платком утер пот со лба и сказал:

— Тяжкое у меня ремесло. Когда-то это имело смысл. Я гасил фонарь по утрам, а вечером опять зажигал. У меня оставался день, чтобы отдохнуть, и ночь, чтобы выспаться…

— А потом уговор переменился?

— Уговор не менялся, — сказал фонарщик. — В том-то и беда! Моя планета год от году вращается все быстрее, а уговор остается прежний”. Мæнæ уыдон та францаг æвзагæй дæлрæнхъон (!) тæлмац:

“Затем он вытер себе лоб платком в красную клетку.

— Я делаю /исполняю/ здесь ужасное ремесло. Это было разумно /имел смысль/ раньше /в прежние времена/. Я гасил утром /фонарь/ и зажигал вечером. У меня был остаток дня, чтобы отдохнуть, и остаток ночи, чтобы спать. — И с той поры инструкция изменилась?

— Инструкция не изменилась, — сказал фонарщик. — В том-то и беда /трагедия, в этом драма/! Планета из года в год вращалась /поворачивалась/ все быстрее, а инструкция не изменилась”.

Суанг уацмысы райдайæны тæлмацгæнджытæ «гыццылтæ» æмæ «стыртæй» хъазын кæй райдыдтой, уый сæ асайдта æнæраст фæндагыл. Гыццыл дур æмæ стыр дур зæгъæн ис, фæлæ адæмы стыртæ æмæ гыццылтыл дих кæнын бынтон раст нæу. Сывæллон вæййы чысыл. Стыртæ кæй хонынц нæ тæлмацгæнджытæ, уыдон та сты ас адæм, хистæртæ æмæ афтæ дарддæр. Уæдæ фанар, къопийæн, секундæн, шедеврæн дæр сыгъдæг иронау зæгъæн уыдис. ХV сæргонды Гыццыл принц уырыссаг тæлмацы æмæ дæлрæнхъон тæлмацы дæр «… присел на стол.» Тамерлан æмæ Изетмæ «Гыццыл принц стъолы уæлхъус æрбадти.» Æмæ, цымæ, уыцы гыццылæй цы разындаид стъолы уæлхъус æрбадгæйæ?

Ахæм бирæ дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæм ис фарстатæ раттæн алы сыфыл дæр, фæлæ иу газеты фарсыл æгæр бирæ бынат бацахсдзысты.

Экзюперийы ацы уацмыс, æцæгдæр, бæрзонд аивады хæзнатæй иу у. Ис ын йæхи мидмелоди, ритмикæ, хорз стихау зæлы кæрæй-кæронмæ, фæлæ ног тæлмацы уый нæ разынд.

Кæддæр-иу ахæм фарста радтой лæгмæ: «Марсмæ тæхыс, уæд цавæр æртæ чиныджы райсис демæ?» Уыцы фарстæн мæм мæ миднымæр уыд ахæм дзуапп: «Къостайы «Ирон фæндыр», Метерлинкы «Синяя птица» æмæ Экзюперийы «Маленький принц». Гъе, фæлæ йæ ацы хуызы нæ райсин мемæ.

Уымæн æмæ, мах куыд ахуыр кодтой, афтæмæй тæлмацы хуызтæ сты æртæ — комкоммæ (калькированный), дæлрæнхъон (подстрочный) æмæ аивадон (художественный). «Гыццыл принц»-ы ацы тæлмац, мæнмæ гæсгæ, ис фыццагæй дыккаджы æхсæн. Цæмæй аивады тæлмацы бæрзæндмæ схиза, уый тыххæй та йыл нырма хъæуы кусын æмæ кусын.

Уырны мæ, Хъамболты Тамерлан æмæ Астемыраты Изет сæ куыст дарддæр кæй ахæццæ кæндзысты Æмæ йæ дыккаг рауагъдады аивадон тæлмацы бæрзæндмæ кæй сисдзысты.

P.S. Фæндид мæ, Къостайы преми куы баззаид æрмæстдæр оригиналон уацмыстæн. Тæлмацы куыстæн та, раздæр куыд цыдис ныхас, афтæ Плиты Грисы номимæ куы рантысид ног Паддзахадон преми.

КОКАЙТЫ Тотрадз

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here