«Адæмæн зæхх у сæ дарæг»

0
735

 

Дыууæ сыхаджы. Се ‘хсæн телбыд æмбонд йеддæмæ ницы ис. Сыхæгтæй сæ иу йæ цæхæрадоны кусгæйæ, йæ чъиухид калы, уæхскуæзæй, ныхбынæй кусы йæ зæхх, иннæмæн та ныссæмпæл, ныззæрæстон, бæхгæрдæг æмæ дзы пилпысыра æмгуыдынæй сирвæзт. Йæ хистæртæ цардæгас куы уыдысты, уæд йæ хуымтæ раст цæхæры хуызæнæй зындысты: басгæрдæг, хъонтхора, уырыдзы, джитъри, бадырджан, нас, картоф, нартхор, чылауи, фæткъуы, кæрдо…

Ныр бады æмæ йæ сыхаджы бæстон куыст хуымтæм фырхæлæгæй йæ цæстыты фиутæ тайынц, фырцыбæлæй йæ комыдæттæ æрæмбырд кæны æмæ сæ нынныхъуыр-нынныхъуыргæнгæ йæ хъæлхъæлаг сдыууæрдæм вæййы. Зæххы куыстæй ницæмæ арæхсы, ницы зоны, нæ зоныны къух, дам, нæ риссы. Æвæццæгæн æй йæ ныййарджытæ ницæуыл æфтыдтой. Æмæ уымæй раст нæ кодтой. Мæнæ дзулфыцæны тагъд артыл дзулæн йæ цъар æдде хъæбæрфых куыд акæны, мидæгæй та хыссæйæ куыд баззайы, афтæ рауад йæ хабар. Таугæ æмæ садзгæ цы кæнынц, уыдæттæ кæрæдзийæ иртасгæ дæр нæ кæны.

Æмæ бады къуыртты бадæгау сæ хæдзары дуармæ, раст ын, цыма, йæ быны бурæмæдз ауагъдæуыд æмæ йæ бандонмæ ныхасгæ бакодта. Йæ телефон къахы, йæ цæхæрадонæй иу белгом скъахыны бæсты, уадзы йæ зæрдæйы дон, хид рауадзыны бæсты. О, ацы телефон, ацы! Уый, æвæццæгæн, низæй уæлдай нæу, хæцгæ низ. Мæнæ хæфс калмы дзыхмæ йæхи къахæй куыд цæуа æмæ йæ бон куыд ницы уа, уый хуызæн. Æз ацы низæн иу хос зонын: бел, рувæн, цæвæг, сагой…

Фæлæ мæнæ диссаг, къулыл — зылын хахх, цы зæд ыл атахт, нæ зонын, фæлæ ацы уалдзæг, кæдæй-уæдæй, цыма, йæхиуыл æрхудт, цыдæр йæ зæрдыл æрæфтыд. Йæ сыхагæй цалдæр армыдзаджы нартхоры мыггаг ракуырдта æмæ йæ куыддæрты ныддæлсыджыт кодта. Æз, дам, мæ хæс сæххæст кодтон, хоры мыггаг ныппæрстон, æмæ кæд зайа, уæд æрзайæд. Æмæ та йæ телефон ракъах-бакъахыл схæцыд, раст, цыма, йæ хъуыры сой уымæй цæуы.

Сыхаг, хурæй-къæвдайæ, саутухæн, саууыхеры фæкодта, уæхскуæзæй, каркау, ныхбынæй фæкуыста. Йæ нартхор арвыл сæмбæлд, æфсир æфтауынмæ фæци, сызгъæрин доны тылды хуызæн дзыккутæ раппæрста.

Рацæй-рабон æмæ тыхдымгæ ракодта. Сыхаджы нартхорыхъæд зæххыл ныххуыссыд, иннæмæн та, топпыфатау, лæугæйæ баззад, йæ кæрдæг æй фæлдæхын нæ бауагъта. Лæг куыннæ хъуамæ бахъынцъым кодтаид, фæтухæн кæн æмæ дæ фæллой доныкъусы сæфт фæкæнæд, фæлæ куы æрзылдтытæ кодта, йæ хуымтæ куы æрæсгæрста, уæд сулæфыд, йæ зæрдæ йе ‘муд æрцыд: «Нартхорыхъæд саст нæу, сыстдзæн!»

Магусайæ цæлуарзаг сыхаг йæ сыхаджы зындзинадыл ради, мæнæ куыд фæзæгъынц, куыдзы дымæгыл дон калæгау рауад йæ хорздзинад. Атауыс, ацъиуцъиу кодта, мæ сыхаг, дам, йæ нартхорыл йæ саутуг, йæ чъиухид фæкалдта æмæ йын æй дымгæ ныффæлдæхта, æз та, дам, иу рувæндзæф дæр не ‘ркодтон æмæ лæугæйæ баззад — æппæлыд йæхицæй.

Бон, дам, цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Нартхорыхъæд, æцæгдæр, сындæггай сыстад. Æрмæрины дæргъæн æнгомдæндаг æфсир скодта. Лæг æй чыргъæдгай фæтыдта æмæ дзы йæ къуту æмырдзаг бакодта. Йæ хъæллæгъ та йын æхсырфæй фæкарста, куыристæ дзы фæбаста æмæ йæ уыгæстæ, хъиутæ скодта. Зымæгмæ йæ фосæн — замманай холлаг, æхсырдæттæг стуртæн — ахъаззаг. Мæцæлæджы царды бахауд йæхи тухæн, йæхи фæллойæ.

Иннæ сыхагæн йæ нартхор дæлæмæдзыдæй баззад, æгæр-мæгуыр ма дзенкъор дæр куы скодтаид. Æркæрдид æй, æмæ йæ куыд æркæрда, цæвæгыл куыд ныххæцын хъæуы, уый зонгæ дæр куы нæ кæны, хъæстарæгыл æй куыд æмæ кæцырдæм рацæгъдын хъæуы, уый дæр. Науæд холлагæй кæнгæ та цы кæны, карчы цъиу дæр æм куы нæ ис, уæд. Йæ сыхаг ын йæ нартхорыхъæд æд кæрдæг ныккарста æмæ йæ фосæн бахæрын кодта.

Ныр æмбонды сæрты бакæс-бакæс кæны йæ сыхаджы къæбицы хуызæн цæхæрадонмæ. Мæнæ-мæнæ кæнынц йæ халсартæ, йæ дыргътæ, йæ хъацæн зайæгхалы хуымтæ, æмæ та дзы куы цы ракуры, куы цы. Дæттын та, дам, цæстырухс у. Фæлæ курæггаг къæбæртæй кæдмæ фæцæрдзынæ, стæй искæй сойæ сой кæд уыди.

Таурæгъы хуызæн рауади мæ ныхас, фæлæ уый царды æцæгдзинад у. Нæ хъæуты цæрджытæй бирæтæ хъæууон цардæй нал цæрынц: нал фос дарынц, нал цæхæрадоны куыст кæнынц. Бирæ тухæн, дам, сыл ис, сæ фæлхасæй, дам, сæ пайда къаддæр у, фæлтау, дам, æй базары балхæндзынæн. О, гормæттæ, нæ базæртты цы бирæ диссæгтæ ис, уыдон дæр кæйдæр къухты тухæнæй сты, æмæ сæ алчидæр афтæ куы хъуыды кæна, уæд уыцы базæрттæ гаффутты хуызæн куы сафтид уыдзысты, æмæ ма уæд цы хæрдзыстæм, сыдымус ныл куы скæндзæн, ахæрæт. Стæй хи къухты фæллой зæрдæисгæдæр, фарсылхæцгæдæр у:

Хуыцауæй бонсайæнтæ ды

 Кæныс, къæбæрсайæн — хæдзарæй,

Дæ чысыл бакуысты та стыр

Бæркад уа, курыс уый Хуыцауæй.

 Уæхскуæзæй исын æз цæвæг,

Уис султъы уадзæгау фæхæссын.

Йæ хид цæуыл не ‘ркала лæг,

Гъе уый хæрынæн дæр нæ бæззы!..

 

Нæ сыхæгтæ нын не ‘гуыдзæг базыдтой æмæ хъæууынгты сæ хæдтулгæтимæ бипп-бипгæнгæ зилынц, нæхи цæхæрадæтты цы хъуамæ æрзайын кæниккам, уыдæттæ нын уæй кæнынц. Æмæ нæхицæй æфсæрмы дæр нæ кæнæм, сæ размæ уыцы хъуыддагхуызæй рауайæм. Æмæ ныл, хæрзаг, сæхимидæг фæхудынц, уæдæ сын уалдзæг хорз тауинæгтæ дæр куы ауæй кæнæм, уæд уыдон дæр хæргæ бакæнынц, зæгъгæ. Афтæмæй ныл къуыртхорты ном дæр сбаддзæн. Худинаг æмæ æрдиаг! Искæй сойæ сой нæй!

Бынтон аллайаг та уый у, æмæ нæ бирæ хъæуты зæрæдты æвджид бакодтам. Уыдонæн та сæ фылдæрæн нал дæр зæххы куыст кæнын сæ бон у, нал дæр — фосы куыст. Сæ кæстæртæ горæтты дурастæрдыл æрæмбырд сты æмæ ма искуы иу хатт æхстуад ныккæнынц сæ райгуырæн къонатæм, уазджыты хуызæн. Æрмæст зæххытыл хæлоф кæнæм, кусгæ сæ нæ кæнæм, афтæмæй. Зæхх бирæ мах хуызæттæ батыдта, мах æй никуы батондзыстæм, æндæр.

Æрмæст куы фæтыхсæм зæронды кары, уæд ма нæ æрфæнды нæ райгуырæн уæзæгыл æрæнцайын…

Æхстуад

Зæрыбон æрæфты

Йæ зæрдыл йæ хъæу.

Сæрдыгон улæфты

Рæстæджы йæ нæуу.

Ызнон та сæ хъæумæ

Ныккодта æхстуад.

Йæ цæсгом, æнхъæл дæ,

Æхсад у, æхсад?..

Йæ комæй йын комдзог

Лæвæрдта йæ мад.

Уый рацыд ыл комдзог,

Фæлыгъди дзы дард!..

Йæ уды дзæбæхæн

Фæцарди ныронг.

Æрхызти йæ бæхæй

Йæ царды кæрон.

Фыды уæзæг — хуыммæ

Æрцæуы — уæздан,

Уæздан ми та уымæн

Кæд кодта уæз дæр?!

Сæ хуымтæ — зæрæстон,

Уыгæрдæн — зæрит.

«Ныллæууыд ам рæстæг» —

Æддагон зæгъид.

Хуыздæрæн куыдз дæр ыл

Куы срæйдтаид, куы!..

Куы хъуыди — нæ уыди,

Ныр ис æмæ цы?..

Фысымæй сси уазæг,

Цæстысындз ысси.

Кæйдæр цæваг уасæг

Фæпыхцыл æм и…

Сæ уæлмæрдтæм бараст

Æппынфæстаг фырт.

Тызмæгæй йæм ракаст

Йæ цыртæй йæ фыд…

Гъе, афтæ! Дæ хъæумæ

Ныккæн-иу æхстуад!..

Дæ мард дæр, æнхъæлдæн,

Уыдзæни фæсдуар…

 

АБАЙТЫ Эдуард

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here