БИТАРТЫ Вячеслав: «Æвзæрстыты архайыны бар граждæнтæн хæлд не ‘рцæудзæн»

0
512

 

2018 азы 9 сентябры хъæлæс кæныны бон, адæм бирæгæйттæй æмбырд кæм кæндзысты, уыцы бынæтты æхсæнадон æдасдзинадмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты ‘рдыгæй хъуамæ уа уæлдай фылдæр цæстæнгас. Ууыл ныхас цыд, республикæйы барадон фæтк æххæст кæныны фæдыл координацион æмбырды. Амыдта йæ республикæйы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав.

— Махæн нæ комкоммæ хæс у алцыдæр саразын, цæмæй æвзæрстытæ ацæуой сабырдзинады æмæ æмбæлгæ уавæрты, æмæ республикæйы цæрджытæн сæ бон цæмæй уа æнæкъуылымпыйæ се ‘взарæн бартæй спайда кæнын. Мах хъуамæ бацархайæм, цæмæй æвзæрстыты рæстæг хъæлæс кæныны бартæ адæмæн æххæстгонд æрцæуой закъонад æмæ нывыл уагæвæрды бындурыл, — загъта Битарты Вячеслав.

Уый тыххæй та, республикæйы Сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, хъæуы бацархайын, цæмæй дзуапдæттæг æппæт ведомствоты ‘хсæн уа æнгомдзинад, æмæ æнæнхъæлæджы сæвзæрæг цауты рæстæг уыдон æмархайд кæной æмæ кæрæдзи хорз æмбарой.

РЦИ-Аланийы Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ куыд радзырдта, афтæмæй 9 сентябры æвзæрстытæ ацæудзысты нæ республикæйы цыппар районы. Хъæуты сæргълæуджыты æмæ хъæуты Минæвæртты æмбырды депутатты æвзардзысты Æрæфы, Кировы, Алагиры æмæ Горæтгæрон районты. Уым байгом уыдзæн 40 æвзарæн участочы. Æрæфы районы пайдагонд æрцæудзæн хъæлæс кæныны пропорционалон системæйæ, иннæ æртæ районы та — пропорционалон æмæ мажоритарон системæтæй.

— Хъæлæс кæныны бон республикæйы ацæудзæн муниципалон хицаудзинады оргæнтæм æвзæрстыты кампани. Æдæппæт арæзт æрцæудзæн 20 æвзарæн кампанийы: иу — Æрæфы районы муниципалон зылды Минæвæртты æмбырдмæ æвзæрстытæ, 8 — хъæуты сæргълæуджыты æвзæрстытæ, 9 — хъæуты Минæвæртты æмбырдтæм æвзæрстытæ, дыууæ хъæуы та уыдзæн хъæуты Минæвæртты æмбырдтæм депутатты уæлæмхасæн æвзæрстытæ. Регистрацигонд æрцыдысты 301 кандидаты, уыдонæй 32 сты хъæуты сæргълæуджыты бынатмæ кандидаттæ. Æвзарæн кампанийы архайынц 8 политикон партийы, цыппар дзы сты парламентон партитæ. Участокты æвзарæн къамисты уæнгтæ фидаргонд æрцыдысты ацы аз июны. Хъæлæс кæныны бар ис республикæйы 35 мин цæрæгæн, — радзырдта Моргуаты Жаннæ.

РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады пъæлицæйы хицауы хæдивæг Альберт Сабанаев куыд фехъусын кодта, афтæмæй хъæлæс кæныны бон барадхъахъхъæнæг ведомствойы æппæт кусджыты дæр раивдзысты службæйы карздæр фæткмæ. Барадон уаг бахъахъхъæныны тыххæй æппæт æвзарæн участокты дæр рад хæсдзысты 600 пъæлицæйаджы. Æвзарæн кампанийы рæстæг уæлдай тынгдæр хъахъхъæд цæудзысты, адæм бирæгæйттæй кæм вæййынц, æвзарæн къамистæ æмæ кандидаттæн сæ штабтæ кæм уыдзысты, ахæм бынæттæ, стæй, æвзæрстыты документтæ кæм дардзысты, уыдон дæр.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here