Кæд адæм чиныгмæ, Интернеты аххосæй, се ‘ргом тынг нал здахынц, уæддæр нæ бæстæйы хицауад бирæ мадзæлттæ аразы Уæрæсейы Федерацийы цы адæмыхæттытæ цæры, уыдоны литературæйы æмæ æвзæгты рæзтæн. Къорд азы размæ нæ бæстæйы арæзт æрцыд Литературæйы, чиныгкæсыны æмæ рауагъдады хъуыддæгты рæзты организацион комитет. Йæ сæрдар у УФ-йы Паддзахадон Думæйы сæрдар Сергей НАРЫШКИН. Комитет цы программæттæ аразы, уыдонæй иу баст у нæ бæстæйы цы адæмыхæттытæ цæры, уыдоны национ литературæйы рæзтимæ. Ууыл та кусынц сæрмагонд советы уæнгтæ. Уыдон сты Уæрæсейы национ республикæты фысджытæ, литературæиртасджытæ, библиотекæты кусджытæ. Уыцы Советы уæнгтæй иу у нæ республикæйы Национ наукон библиотекæйы директоры хæдивæг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг БИБУАТЫ Иринæ.
Æрæджы Советы уынаффæмæ гæсгæ, уæлдæр амынд программæйы фæлгæты, рухс федта Уæрæсейы цæрæг адæмыхæттыты сывæллæтты литературæйы антологии. Хаст æм æрцыдысты 201 авторы аивадон уацмыстæ 55 национ æвзæгтыл. 1991 азы фæстæ национ республикæты поэттæ æмæ фысджытæ сывæллæттæн цы уацмыстæ сфæлдыстой, уыдон. Антологийæн разныхас ныффыста зындгонд политик УФ-йы федералон æмбырды уæллаг палатæйы сæрдар Валентинæ Матвиенко. Чиныджы хæйттæй иумæ хаст æрцыдысты, кæй уацмыстæ дзы мыхуыргонд æрцыд, уыцы авторты биографион бæрæггæнæнтæ. Антологи у аив æмæ рæсугъд фæлгонцгонд.
Ирыстоны сывæллæтты зæрдæтæ ныр бирæ азты дæргъы йæ дзырдаивады æрмдзæфæй чи рухс кæны, уыцы ирон фысджытæ æмæ поэттæй антологимæ бацыдысты Чеджемты Георы, Астемыраты Изеты, Къадзаты Станиславы, Будайты Милусяйы æмæ газет “Рæстдзинад”-ы кусæг, УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг Бызыккаты Земфирæйы æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ. Алы азты сæ уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кодтой Юрий Воищев, Калерия Бойцова, Гуырдзыбеты Иринæ, Наталья Куличенко æмæ Будайты Милуся.
Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы Федерацийы адæмты сывæллæтты литературæйы антологи рухс кæй федта, уый стыр хорздзинад у. Нæ ирон фысджыты æмæ поэтты уацмыстæ йæм хаст кæй æрцыдысты, уый та у нæ дзырдаивады зиууæтты стыр æнтыстыл дзурæг. Сывæллæттты нырыккон литературæ иртасынмæ чи бавнала, уыдонæн ацы антологи у ахъаззаджы æххуыс. Æхсызгонæй дзы сæ куысты пайда кæндзысты скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ рæвдауæндæтты хъомылгæнджытæ Æмæ сын нæ зæрдæ зæгъы ног сфæлдыстадон уæлахизтæ!
ГАСАНТЫ Валери














