Æнтысты рахæцæн — æмгуыст æмæ æмархайд

0
502
SONY DSC

 

Ивгъуыд азы кæрон Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы æххæстбарджын минæварæй республикæйы муниципалон арæзтыты Советмæ нысангонд æрцыд Геннадий Леониды фырт РОДИОНОВ. Афæдзы æмбисæй бирæ фылдæр кусы уыцы бынаты æмæ сæм нæ уацхæссæгимæ рауад ахæм ныхас:

— Геннадий, ацы бынатмæ бацæуыны агъоммæ республикæйы Сæргълæууæг дæ размæ сæвæрдта бæлвырд хæстæ. Сæ сæйрагдæртæ цавæртæ сты æмæ дзы абонмæ уæ къухы цы бафтыд?

— 2006 азы муниципалон арæзтыты 1 съезды арæзт æрцыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы муниципалон арæзтыты Совет. Уырдæм бацыдысты муниципалон арæзтыты алыхуызон æмвæзады 111 муниципалон арæзты 2015 азы республикæйы муниципалон арæзтыты. Советы правленийы сæрдарæй æвзæрст æрцыд Кировы районы муниципалон арæзты сæргълæууæг Нæкуысаты Барис. Уый æрбацыдимæ Советы куыст бæрæг фæрæвдздæр. 2017 азы Барис конд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Президенты раз бынæттон хиуынаффæйады рæзты Советы архайджыты нымæцмæ, ацы аз та йæ сæвзæрстой муниципалон арæзтыты æппæтуæрæсеон конгрессы президиумы уæнгæй. Зæрдиаг æмæ ахсджиаг куыст кæны Советы æххæстгæнæг директор, политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады æхсæнадон исæнуаты разамонæг, депутат Джелыты Роберт.

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы муниципалон арæзтыты Советы сæвзæрды сæйраг нысан у муниципалон арæзтыты бартæ бахъахъхъæнын, Советы уæнгты барадон организацион, финансон-экономикон уавæртæ хуыздæр кæныныл архайын. Уыцы хъуыддæгтæ аразынæн та, æнæмæнг, хъæуы регионы паддзахадон хицауады оргæнтимæ æнгом куыст кæнын.

Совет хъуамæ суа регионалон политикæйы æххæстбарджын архайæг, уымæ гæсгæ сæйрагдæрыл нымайæм районты сæргълæуджыты архайд бынæттон фарстатæ æххæст кæнынмæ саразыныл. Советы гæнæн ис республикæйы бынæттон хиуынаффæйады фарстатæй кæцыфæндыйыл дæр бæстон æрныхас кæнынæн, иумæйагæй хъæугæ мадзæлттæ саразыны уынаффæтæ рахæссынæн. Советы уæнгтæ æмбырд кæнынц бынæттон хиуынаффæйады алыхуызон æнæлыггонд фарстатæ, хæссынц хъæугæ фæндæттæ паддзахадон хицауады программæтæ бынæтты хуыздæр æххæст кæнынæн. Ам ис æппæт уавæртæ дæр муниципалон службæгæнджыты зонындзинæдтæ фылдæр кæнынæн.

Нæ куысты сæйраг фарстатæ, нын цард йæхæдæг амоны. Зæгъæм, фæстаг дыууæ азы муниципалитетты сæргълæуджытæ ивд æрцыдысты æмæ ног разамонджытæн хъуыдис муниципалон разамонæджы барадон æмæ организацион ахуыртæ саразын. Нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй æмæ йæ амынддзинадмæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы Президенты раз паддзахадон службæйы æмæ Уæрæсейы адæмон хæдзарады академийы филиалы æртæ азы дæргъы ахуыр кæнынц ахуырад, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ культурæйы уагдæтты разамонджытæ.

Махæн нæ нысан уыд, цæмæй федералон оргæнтæ æмгуыст кæной Советимæ. Абон уыцы хъуыддаг нæ къухы бафтыд æмæ Советы куысты зæрдиагæй архайынц республикæйы прокуратурæ, Юстицийы министрады РЦИ-Аланийы управлени, республикæйы мидхъуыддæгты оргæнтæ. Зæгъæм, адæмон дружинникты тыххæй Парламент цы закъон райста, уый æххæст кæныны архайынц мидхъуыддæгты оргæнтæ. Советы æркæсын æмæ саразын æввонг у хæдбар зынгхуыссынгæнджыты къорд саразыны хъуыддаг дæр.

— Бынæттон хиуынаффæйады оргæнты архайд фæхъомысджындæр кæнынæн цавæр уæлæмхасæн мадзæлттæ арæзт цæуы?

— Уалдзæджы республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав РЦИ-Аланийы муниципалон арæзтыты бынæттон хиуынаффæйады оргæнты архайд фæхъомысджындæр кæныны тыххæй бафыста Указ. Уыцы уынаффæмæ гæсгæ бæрæг кæндзысты Муниципалон арæзтыты архайд. Йе ‘нтыстытæ æппæты хуыздæр кæмæн уой æмæ фыццаг бынат кæмæ æрхауа, уый райсдзæн преми 10 милуан сомы, дыккаг бынат бацахсæг — 5 милуан сомы, æртыккаг та — 3 милуан сомы.

Муниципалон арæзтыты Совет иудадзыг æмгуыст кæны РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады Администрациимæ граждæнты домæнтæ, хъæстытæ æмæ курдиæттæ муниципалон арæзтыты æххæст кæныны куыст фæхуыздæр кæныны хъуыддаджы. Советы куысты зæрдиагæй архайы республикæйы Финансты министрад. Советы правленийы иу æмбырды Финансты министрад фехъусын кодта, горæтты æмæ хъæуты бюджетты æфтиæгты хæйттæ фæфылдæр кæнынæн мадзæлттæ арæзт кæй æрцæудзæн. Ацы фæстаг рæстæг куыст цæуы уыцы мадзæлттæ царды рауадзыныл.

— Сæрды райдайæны архайдтат Уæрæсейы Хуссар регионты координацион Советы æмбырды. Цавæр аргъгонд æрцыд уæ Советы архайдæн?

— Уæрæсейы Хуссар регионты координацион Совет республикæйы паддзахадон Хицаудзинады оргæнтæ æмæ Советы æмархайд банымадта хорзыл. Цы уынаффæ рахаста, уым бацамыдта, цæмæй Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон хицаудзинады оргæнтæ æмæ муниципалон арæзтыты Советы æмархайды фæлтæрддзинадæй спайда кæной Уæрæсейы Хуссар регионты координацион Советы уæнгтæ сæ дарддæры куысты. Æмæ уый хуымæтæджы нæу. Йæ тæккæ райдайæны дæр нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав махæн лæвæрдта ахæм амынддзинæдтæ, цæмæй бацархайæм адæмы домæнтæ, сæ хъæстытæ, сæ курдиæттæ æмдых, æмзондæй бынæтты æххæст кæныныл.

Сæ сæххæст кæнынæн фæрæзтæ кæм нæ фаг кæна, уым та республикæйы Хицауад æдзухдæр кæй балæудзысты сæ фарсмæ. Æмæ Советы уæнгтимæ зæрдиагæй архайæм муниципалон арæзтыты социалонэкономикон фарстатæ сæ уæлвæд æххæст кæныныл, адæмы домæнтæм бынæтты къæрцхъусдæр уæвыныл, нырма уал нын æнтысгæ дæр кæны. Æппæтæй хорзæн та кæрон никуы уыд. Фæлæ йæм тырнгæ кæндзыстæм æмæ уæд нæ къухы æфтдзæн ноджы фылдæр æнтыстдзинæдтæ.

Ныхас ныффыста КАСАТЫ Батрадз

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here