Мæ зæрдæ, фест фыдохы бон дзæнгæрæг,
Дæ хъæлæсæй нæ Иры маст нæрæд,
Дæ цъæхахст дардыл азæлæд хъæргæнæг,
Дæ хъæрæй Зæхх йæ хъæбултыл кæуæд.
Беслæнæй абон судзаг марой хъуысы,
Мæрдон фæздæгæй баталынг нæ бон.
Нæ тæригъæдæй арвы къæй æнкъуысы,
Цæрдудæй мах куыд æвзарæм зындон!
ДЖЫККАЙТЫ Шамил
Фæллойгæнæг, зæхкусæг фæззæджы æнхъæлмæ фæкæсы йæ куысты бæркæдтæм. Ирыстоны дзыллæйæн та 2004 азы сентябры фыццаг бонтæ бæркады бæсты фыдох æмæ марой æрхастой. Беслæны 1-æм скъолайы скъоладзаутæн зонындзинæдтæм хонæн дзæнгæрæджы бæсты сæ сæртыл туджы зæйтæ ранхъæвзт. Иры адæм сæ сабиты цард, цин
æмæ хъæлдзæг худтæй бавдæлон сты. 14 азы размæ Ирыстоныл æрцыд, ныхæстæй зæгъæн кæмæн нæй, ахæм æвирхъау фыдох. Дыкъахыг тугхор лæгсырдты къухтæй сæдæгæйттæй бабын сты нæ хуыздæртæ, цыфыддæр знаг бахъавыди нæ зæрдæйы уидæгтæм, нæ сабитæм, нæ абон, нæ райсом, нæ фидæны хурыскасты хурты-хуртæм.
Иры бæсты ахæм бинонтæ нæ баззадис, æвирхъау бæллæх кæй дуар нæ бахоста, кæй нæ фæриссын кодта сæ мадæлты зæрдæхалæн хъарæг.
Нæ буц хистæртæй бирæтæ зæрдæскъуыд фесты æвзонг удты тæригъæдæй æмæ развæлгъау се ‘нусон бынатмæ ацыдысты. Иу адæймаджы фæхъуыд дæр зæрдæ сæнкъуысын кæны, уæд цалдæргай æрвон удтæ кæмæй фæхъуыд, уыцы рыст бинонтæн та цы ныфсытæ авæрæм, цæмæй сын фæрог кæнæм сæ зæрдæйы æнæкæрон хъыг?!.
Нæй уыцы æртæ тугуарæн бонæн ферохгæнæн, террористон фыдракæнды зындоны арты чи бацарæфтыд, нæ уыцы 334 зынгхуыст адæймаджы, уыдонæй — 186 сабитæ, иннæтæ — сæ ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ, хотæ, æфсымæртæ. Нæй рохгæнæн «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ирвæзынгæнджыты хъæбатырты мæлæтæн.
14 азы фæстæ ногæй æрбалæууыд фæззæджы фыццаг мæй — сентябрь, раздæр сыгъзæрин кæй хуыдтам, уыцы мæй, фæлæ уый никуыуал райсдзæн йæ сыгъзæрин хуыз. Сау хъулæттæй афæлдæхт, дудгæ, судзгæ рыст хъæдгæмттæй æнустæм баззайдзæн канд Ирыстоны цæрджыты нæ, фæлæ æппæт дунейы рæстаг адæмты зæрдæты. Нæ саударæг ныййарджыты тæригъæдæй зæхх скъуыдтæ кæны, айнæг къæдзæхтæ фæркгай хауынц. Сæ тугæмхæццæ цæссыгыл къада куырæйттæ зилынц. Æппæт дунейы историйы бирæ æрцыд фыдракæндтæ, фæлæ дзы Беслæны æвирхъау фыдбылызы хуызæн нæ уыд. Хæрам тыхтимæ хъазуатæй тохмæ хъуамæ цæттæ уæм æрвыл минут дæр. Терроризмæн йæ уидæгтæ арф сты. Кæд æмæ кæцырдыгæй дæ разы февзæрдзысты фыдгæнæг террористтæ, уый рагагъоммæ зын рахатæн у. Фæлæ сæ ныхмæ æмхъаруйæ, æмзондæй архайын хъæуы.
Бæргæ, Ирыстоны лæгты ракуывд æмæ фарны ныхасы ахæм хъомыс куы уаид, æмæ мæрдтæм фæндагæй æдзард хъæбулты цардмæ куы здæхтаиккой, уæд, 2004 азы 1 сентябры Беслæны 1-æм скъоламæ бæрæгбонарæзтæй чи æрбацыд, уыцы сывæллæтты, сæ ныййарджыты, сæ хотæ æмæ æфсымæрты фæстæмæ æнæфыдбылызæй раздæхтаиккой сæ хæдзæрттæм. Фæлæ Дунескæнæг нæ радта уыцы амонд ирон адæмæн. 14 азы размæ, 3 сентябры 13 сахаты æмæ 5 минутыл Беслæны 1-æм скъолайæ райхъуыст фыццаг срæмыгъд. 14 азы фæстæ та ногæй баиу уыдзысты 1 сентябры 1-æм скъолайы дзæнгæрæджы зæрдæуынгæггæнæг зæлтæ æмæ ирон адæмы кæуын æмæ хъарæг. Скъолайы кæрты æнустæм æрбынæттон сты зæрдæйы маст, сагъæс, хъыг, рис æмæ цæссыг.
Рæстæг, дам, зæрдæйы хъæдгæмттæ дзæбæхгæнæг у, фæзæгъынц, фæлæ ацы зæрдæвæрæн ныхасыл куыд ис баууæндæн, кæд æмæ, Беслæны æнаххосæй террористты къухæй чи фесæфт, уыдоныл цас фылдæр рæстæг цæуы, уыйас сæ бинонты, Иры дзыллæйы зæрдæниз тыхджынæй-тыхджындæр кæны, дудгæ-судзгæ рыстæн кæрон нæй æмæ йын нæдæр уыдзæн. Ацы фыдохы тугуарæн бонтæ ирон адæмы историйы баззайдзысты æнустæм æлгъыстаг туглæсæны сау бонтæй. Цыппæрдæс азы рацыд, Беслæны æвирхъау фыдракæнд куы æрцыд, уæдæй. Фыдгæнджытæ сабиты æхстой разæй æмæ чъылдымæрдыгæй, мардтой, сæ ныхмæ хъæддыхæй чи лæууыд, уыцы нæлгоймæгты æмæ сын сæ мæрдтæ æддæмæ рудзгуытæй калдтой. Уас сæ тæригъæдæй террористтæ æлгъыст фæуæнт æмæ карз низæй фæхъæрзæнт! Æрцыдис, дунейы мидæг чи никуыма уыдис, ахæм фыдохы хъаймæт!
1-3 сентябры спортзалы къултыл конд хуызистытæм кæсгæйæ та уыцы бонты адæм сæ цæссыг калдзысты. Ныййарджыты зæрдæхалæн хъарджытæм скъолайы сыгъд къултæ дæр хъæрздзысты. Сывæллæттæ, ахуыргæнджытæ, æрбацæуæг хъыггæнæг уазджытæ, ирвæзынгæнджытæ æрхæндæгæй дзурдзысты: «Кæмæн цы кодтой, æнаххосæй зæххон зæдтæ, цæмæн бабын сты, «дон-дон» кæнгæйæ?»
Æртæ мысæн боны æнустæм мысæн, сагъæссаг бонтæй баззадысты Иры дзыллæ æмæ æппæт дунейы рæстаг адæмы зæрдæты.
334 адæймаджы цæрæццагæй мæрдтæм чи барвыста, стæй сæдæгæйттæй рынчын æмæ сахъатæй кæй аххосæй баззадысты, уыдон сæ тæригъæдæй быныскъуыд бауæнт, Ирыстонæн ахæм æбуалгъы фыдракæндтæ чи скодта!.. Хуыцауы сконд зæдты æмæ бæсты фарны судзгæ азар æмæ фыдæхæй æлгъыст фæуæнт тугдзых лæгсырдтæ.
Уæ зæрдæйы хорзæх уæ уæд, Ирыстоны рыст адæм! Царды хур уæ батавæд йæ фæлмæн тынтæй.
ГУЫЛÆРТЫ Барис














