Мады фæдзæхстæн куыд ис æнæ сæххæстгæнгæ. Уый мæ ноджы тынгдæр бауырныдта, телефонæй мæм куы æрбадзырдта алагираг ФАРДЗИНТЫ Таняйы чызг Ларисæ, уæд. — Мамæ ма æгас куы уыдис, уæд æй тынг фæндыд йæ æдзард хистæр хо Ваккæйы уæззау хъысмæты тыххæй «Рæстдзинад»-мæ ныффыссын. Фæлæ, хъыгагæн, уый йæ къухы нал бафтыд, æмæ мæ мады фæдзæхст æххæстгæнгæйæ мæн бафæндыд йæ уарзон ирон газеткæсджытæн радзурын ацы хабар, — загъта Ларисæ.
Æз дæр зонгæ уыдтæн Таняимæ. Ставддуртаг Цæгæраты чызг, арæх-иу йæ æрмæджытæ рацыдысты нæ газеты. Фылдæр æвдыста хорз, фæзминаг адæймæгты сурæттæ, фыста йæ мысинæгтæ, æгæрон уарзтæй уарзта «Рæстдзинад», æргомæй йæ
дзырдта алкæддæр. Цинтæгæнаг, цæстуарзон, кæстæртыл аудæг, æцæг ирон сылгоймаг уыд Таня. Цард скаст æмæ ныккаст йеддæмæ ницы у, фæзæгъынц. Кадимæ фæцард адæмы ‘хсæн, федта цоты цот, цин кодта уыдоны хъæбултыл. Фæлæ-иу хатгай иунæгæй куы аззад, уæд-иу йæ хойы сурæт цæстытыл ауад. Хуртæ æмæ дзы мæйтæ каст кæмæй фæзæгъынц, ахæм аргъæуттæй рацæуæг чызджы хуызæн. Йæ дыууæ даргъ дзыккуйы, йæ рæсугъд цæсгом, хæрзконд уæнгтæ. Куыд аив, куыд дзæбæх сылгоймаг уыд…
Хорз чызг хъæуæй дард нæ цæуы, фæзæгъынц. Афтæ Цæгæраты хæрзуындмæ баминæвар кодта сæхихъæуккаг Пагæты Гуыба. Къæрцц чындзæхсæв сарæзтой Ставд-Дурты, сæ циныл цин кодтой хъæубæстæ, хионтæ. Кувæджы куывд æрцыд æрыгон бинонтыл. Сæ фæрныг кæрты иу иннæйы фæдыл, райгуырд фырыхъулы хуызæн фондз фырты æмæ иунæг чызг. Кадджын лæг уыд Гуыба мыггаджы, фæллойуарзаг, æнæ иубонцухæй куыста колхозы тракторыл, йæ бакуыст хуымзæххытæм-иу куы акаст, уæд-иу йæ зæрдæ ныррухс ис. Йæ фæллад-иу фæлыгъд зæхкусæгæн йæ бинонты астæу, æнæниз хъæбултæй, æмбаргæ цардæмбалæй амондджын кæй фæци, уый тыххæй арфæ кодта Хуыцауæн. Фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн….
Хурбоны фæстæ арв æрцæвæгау, сæ амондджын цард цыбыр рауад. Æнæнхъæлæджы цы фыдбылыз æрцыд бинонтыл, уымæн абон дæр кæронмæ дзуапп ничи зоны.
Бирæ азтæ рацыд уæдæй нырмæ, бирæ дон акалд Терчы.
…1968 азы сентябры райдайæны сыхы хистæр сылгоймæгтæ дуармæ аууоны бадтысты. Ваккæ уыцы рæстæг йæ хæдзары зилæнтæ кодта, сыхæгты куы ауыдта, уæд сæм рауад æмæ сæ цуры, гæды бæласыл йæхи бауадзгæйæ, æрлæууыд. Хъæлдзæг ныхас сыл бацайдагъ, уалынмæ сау мигътæ хъæуы сæрмæ амбырд сты. Фæлæ уарзон сыхæгтæ кæрæдзийæ ахицæн кæнынмæ нæ хъавыдысты. Ставд æртæхтæ цалдæр æрхауд, арв ныннæрыд, ферттывта, иу хатт, дыккаг… Чи æнхъæл уыд, æмæ иннæ цæф зæронд гæды бæласыл ауайдзæн. Бæласы хихтæ фæхицæн сты, къалиуты æрхаудимæ зæхмæ æрхауд Ваккæ дæр. Арв æй æрцавта. Фæфæдис æппæт хъæубæстæ. Адзалæн мадзал нæй — арф ныуулæфгæйæ дзырдтой адæм.
Æрдзон фыдбылызы аххосæй йæ цардæй ахицæн æхсæз хъæбулы ныййарæг мад, æнæ æфсинæй баззад йæ къона, кæугæйæ ныууагъта йæ цардæмбалы, йæ хоты æмæ æфсымæрты. Æвирхъау хабарæй зæрдæ ныккæрзыдта, фæрыстысты хионтæ, сыхæгтæ. Рæзгæ сывæллæттæ мады хъарм хъæбысæй æнæхай фесты. Макуы макæй кæстæртæ фенæнт ахæм рыст. Сидзæр — зæрдæхалæн дзырд. Сидзæры къæбæртæй байрæз — уыд карз æлгъыст.
Цы кодтаид нырма æрыгон нæлгоймаг æнкъард хъæбултæм кæсгæйæ… Йæ цæссыгтæ æмбæхсгæйæ, ронæлвæстæй йæхимæ райста бинонты царды уæззау уаргъ. Йæхимæ йæ никуы равдæлд, цырагъау сыгъди, æнцой нæ зыдта, уæдæ мæ кæстæртæ мацы хъуаг уой, зæгъгæ. «Мæхи куы бахæрон, уæд мæ æнахъом сывæллæттæ бынтон сидзæрæй баззайдзысты», — хъуыды кодта йæхинымæр. Хистæр лæппуйыл 16 азы цыд, цоты кæстæр Ритæйыл та — æрмæст æртæ азы, æмæ йæ фыды хо Нинычкæ Беслæнмæ йæхимæ акодта. Рæстæг цыд, зианджын хæдзармæ-иу арæх æрбамбырд сты СтавдДурты дзырддзæугæ лæгтæ, Гуыбайæн йæ хорз æмбæлттæ, дзырдтой йын, æнæ сылгоймаг хæдзар уазал кæй у, сывæллæттæн фæлмæн «мад», дæхицæн та цардæмбал сылгоймаг бацагур, зæгъгæ. Ницы сæм-иу сдзырдта Гуыба.
Æвæццæгæн, сæ амондæн, уыцы рæстæг йæ лæгæй рахицæн, зæнæг ын кæй нæ рацыд, уый тыххæй Пагæтæн сæ хæрз сыхаг, адæмæн уарзон сылгоймаг Райæ. Баминæвар æм кодтой хъæуы кадджын нæлгоймæгтæ Хуырымты Мойсей, Базраты Ким, Къубалты Агуыбе.
— Ног мад æрбакæнынмæ нын хъавынц, уыцы ныхæстæ иуварсæй хъуыстам. Иухатт Райæмæ мах дæр, мæ хистæр æфсымæримæ хатæг ныццыдыстæм, йæ цуры æфсæрмхуызæй æрлæууыдыстæм, æвæццæгæн, уæд йæ зæрдæ нал фæлæууыд, — зæгъы Пагæты Георги. — Нæ фыд куыста колхозы, мах та-иу бонизæрмæ уыдыстæм нæ дыккаг мады бæрны. Диссаг куыд нæ уыд, куыд æххæссыд æппæтыл, æхсын, хæринаг кæнын, æфснайын, уыимæ нæ-иу алкæмæн дæр ссардта фæлмæн ныхас.
Кæд-иу хатгай афыдуаг кодтам, уæддæр нæ нæ фыдыл никуы сардыдта, раст куыд у, уый нын йæхæдæг æмбарын кодта.
Къуырттон каркау нæ-иу æрбамбырд кодта йæ алыварс, фæндыд æй махæн бирæ хæрзты бацæуын. Æмæ йæм мах дæр мады номæй дзырдтам æмæ абон дæр дзурæм, — зæгъы Георги.
Газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæг Черчесты Хъасболат æрыгонæй куыста Ставд-Дурты скъолайы ирон æмæ уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæгæй. Уый афтæ зæгъы:
— Скъоладзауты ‘хсæн Пагæты кæстæртæ хицæн кодтой — коммæгæс, æгъдауджын, æфсармджын, фæллойуарзаг уыдысты, сæ уæлæдарæс — сыгъдæг, итувæрд кæддæриддæр. Уый тыххæй-иу сæ дыккаг мад Райæ арæх фехъуыста арфæйы ныхæстæ иннæ ныййарджыты ‘хсæн æмбырды. Хи мад дæр афтæ хорз нæ уыдзæн, Райæмæ фыдыусæй ницы уыдис, бирæтæ ма йæ рох дæр фæкодтой, афтæ у, уый. Йæ зонд, йæ зæрдæйы цæхæр балæвар кодта сывæллæттæн æмæ йæ зæронды бонты буц æмæ рæвдыд у.
— Ме ‘фсин мын мæ мады мысын никуы бауагъта. Фондз чындзы стæм, æмæ нæ цæргæбонтæм кæрæдзиуыл бабаста. Æнгом, фæллойуарзаг æмæ хъæлдзæг бинонтæм
æрбакъахдзæф кодтон. Уыцы хъармдзинад нæ фæлмæнтæдзураг æфсинæй аразгæ уыд. Цы нæ зыдтон, уый мын амыдта, уый тыххæй æмæ йæхæдæг алцæмæ хæрзарæхст уыд. Йæ уарзт æххæссы не ‘ппæтыл дæр. Нæ цот æмæ уыдоны кæстæртæ сæ нанайы алыварс куы амбырд вæййынц, уæд ма уымæй амондджындæр кæм вæййы, — æхсызгонæй зæгъы чындз Аня.
Абон Райæйы фарсмæ нал ис йæ цардæмбал Гуыба. Куы æруатон ис, уæд зæронд лæг йæ цотæн бафæдзæхста: «Хъусут, ацы сылгоймагыл уæхи макуы атигъ кæнут, уый уæ схъомыл кодта, уæ мад у !».
Сæ фыды фæдзæхст æххæст кæнынц Хъазыбег, Георги, Валерик, Таймураз, Тотрадз æмæ Ритæ. Уыдонимæ иузæрдион сты чындзытæ Наталья, Аня, Оля, Венерæ, Людæ æмæ сиахс Славик. Кæд Райæ цæргæ кæстæр лæппуйы бинонтимæ кæны хъæуы, уæддæр арæх вæййы уазæгуаты йæ иннæ уарзон хъæбултæм.
— Райæйы аккаг арфæйы ныхæстæ зын ссарæн у мæнæн, фæлæ йын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, цардбæллонæй, уæнгрогæй йæ сæдæ азы сæрты ахизæд. Йæ царды бонтæ махæн снывонд кодта, раст фæндагыл нæ сæвæрдтой нæ фыдимæ. Бирæ хорз миниуджытæ нын бауагътой нæ дадзинты. Уыцы рæсугъд ирон æгъдау, фарн мах æмæ нæ бирæ кæстæртæ фæцудын нæ бауадздзыстæм, — загъта фондз æфсымæры буц хо Ритæ.
ЦÆГÆРАТЫ Жаннæ














