Хуссайраг поселочы тарнизы ныхмæ цы диспансер ис, уый ног бæстыхайы арæзтад цæуы рагагъоммæйы бæрæггонд фæткмæ гæсгæ. Афтæ фехъусын кодта йæ кусæг балцы рæстæг социалон объекттыл РЦИАланийы Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз. Тарнизы диспансеры сæйраг дохтыр МАЛИТЫ Батырбегимæ арæзтадыл æрзылдысты Тускъаты Таймураз æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæдивæг ЦЫДАТЫ Татьянæ, федтой, рынчындоны корпусы арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уый
Йæ фыццаг уæладзыджы зæхх æмбæрзт æрцыд бетонæй, ныридæгæн дзы æвæрд цæуы гипсокартон. Дыккаг уæладзыджы та æвæрынц плиткæ æмæ кæнынц ахорæн куыстытæ. Уымæй уæлдай ма ныридæгæн специалисттæ архайынц вентиляцион системæ æмæ канализацийы куыст банывыл кæныныл дæр. Арæзтадон компанийы сæргълæууæг Тускъаты Мараты ныхасмæ гæсгæ, куыстытæ ницы къуылымпыдзинæдтæ æййафынц. Цы арæзтадон æрмæг сын æмбæлы, уый исынц афоныл, аразджытæ та кусынц æрвылсуткæ.
Ныртæккæ арæзтадон куыстытыл архайы æдæппæт 400 специалисты Мæскуыйæ, Краснодарæй, Стъараполæй, Махачкалайæ æмæ Грознайæ. Нырма арæзтады бирæ бакæнинаг хъуыддæгтæ кæй ис, уымæ гæсгæ ма сыл бафтдзæн 200 адæймаджы. — Арæзтад цыбыр рæстæгмæ йæ кæронмæ кæй æрхæццæ уыдзæн, уымæй нæ республикæйы арæзтадон компанийы специалисттæ райсдзысты стыр фæлтæрддзинад. Хуыздæр базондзысты арæзтадон куыстытæ рагагъоммæ бæлвырд фæткыл æвæрын. Диспансеры бæстыхайы арæзтадон куыстытæ конд фæуыдзысты ацы азы кæронмæ. Поликлиникæйы дохтыртæ бонмæ исдзысты 250 адæймаджы, рынчындоны бæстыхайы та уыдзæн 278 бынаты. Диспансеры ног бæстыхайы арæзтадон куыстытæн æхца дихгонд цæуы нысанмæарæзт федералон программæмæ гæсгæ.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады прессслужбæ














