Фыццаг къахдзæфтæ зонындзинæдты дунемæ

0
350

Зонындзинæдты бонмæ скъоладзаутæ уæлдай зæрдиагдæрæй фенхъæлмæ кæсынц, уæлдайдæр скъолайы къæсæрæй фыццаг хатт чи фæхизы, уыдон. Уыцы бон сын вæййы æнæферохгæнгæ бæрæгбон, сæ зæрдыл æй фæдарынц цæрæнбонтæм. Скъола сын свæййы сæ дыккаг хæдзары хуызæн, сæ зонды къæбиц. Уыцы къæбицæй райсынц зонды рухс дæр æмæ зæрдæйы рухс дæр, уый та баст у хъомыладон куыстимæ.

Æмæ та мæнæ ныр дæр фыццæгæм сентябры, Зонындзинæдты бон, нæ республикæйы æппæт скъолаты дæр кадджын уавæры ацыдысты линейкæтæ. Хуры худтимæ баиу сывæллæтты хъæлдзæг худт дæр, æмæ сæ цин уылæнтæ кодта. Фыццаг къласмæ чи бацыд, уыдоныл скъолаты сæмбæлдысты дидинджытимæ, кафт æмæ зардимæ, цæмæй ацы бæрæгбон сæ зæрдыл тынгдæр бадарой. Скъолаты разамонджыты, ахуыргæнджыты, ныййарджыты зæрдæ сын загъта ног хæлæрттæ ссарын, æнтыстдзинæдтæ ахуыры, спорты æмæ сфæлдыстады, рауагъдонтæн та — фæлварæнтæ æнтыстджынæй раттын.

Ахуыры азы фыццаг бон, цы фæтк ныффидар, уымæ гæсгæ райдыдта «Сабырдзинады уроктæй». Сывæллæттæ махæн нæ хурыскаст сты, æмæ цавæр ахуыр æмæ хъомылад райсой сæ ахуыргæнджытæй, уымæй аразгæ у сæхи фидæн дæр æмæ нæ Фыдыбæстæйы фидæн дæр.

Нæ зæрдæ зæгъы уыцы фæрнджын фæндагыл ахуырдзаутæн зæрдиаг архайд æмæ бæрнондзинад, ахуыргæнджытæн та — куырыхон зонд, быхсондзинад, удуæлдай куыст æмæ сывæллæттæм уарзондзинад.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here