“Уæ рухс ном уын фæстаг зæххон дæр ардзæн”

0
433

Кæд уыцы зæрдæрæдувæн бонтæй цыппæрдæс азы цыппæрдæс бонау рæстæджы фæлмы аныгъуылдысты, уæддæр ирон адæмæй æмæ, уарзæгой зæрдæ кæмæн ис, уыдонæй никуы ферох уыдзысты.

Æрвылаз мысдзысты Ирыстон æмæ Уæрæсейы æдзард хъæбулты рухс æмæ сыгъдæг нæмттæ. Сæ номыл арвмæ урс бæлæттау тæхдзысты урс шартæ, аргъуанты судздзысты мыдадзын цырæгътæ, лæудзысты æдзæмæй…

Беслæны скъолайы дуармæ фыццæгæм сентябры æрбамбырд бирæ адæм. Уыдонимæ — РЦИАланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, УФ-йы Паддзахадон Думæйы цæгатирыстойнаг депутаттæ Мæхъиты Зураб, Таймæзты Артур, «Иры Стыр Ныхас»-ы сæргълæууæг Кучиты Руслан, РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков, Культурæйы министр Милдзыхты Руслан, Национ ахастдзинæдты фæдыл министр Цуциты Аслан, мыхуыры æмæ дзыллон хабархæссæг коммуникациты комитеты сæргълæууæг Фидараты Юри, горæт Дзæуджыхъæуы Муниципалон арæзты сæргълæууæг Хæдарцаты Махарбег æмæ бынæттон хиуынаффæйады администрацийы разамонæг Æлбегаты Барис. Куыддæр райсомы 9:15 сæххæст, афтæ азæлыд дзæнгæрæг, райхъуыстысты, ам йæ хъæбултæ кæмæн бацарæфтыд сты, уыцы ныййарджыты, нанаты зæрдæхалæн хъарджытæ… Адæм, сæ къухты сырх дидинджытæ, афтæмæй сындæг къахдзæфтæ кæнгæйæ, цыдысты фыдбоны скъоламæ. Уым кæд талынг уыд, уæддæр адæймагмæ афтæ каст, цыма уыцы гыццыл сабиты удтæ цары бын зилдух кодтой.

Изæрæй та ссыгътой 334 мыдадзын цырагъы, уый бæрц адæймаджы бабын уыцы фыдбæллæхы, 186 уыдысты сывæллæттæ.

Дыккаг бон дар скъолайы кæрты адæмæй къух бакæнæн нæ уыд. Дидинджытæ хастой æмæ хастой. Бирæтæ сæ цæссыг не ‘мбæхстой, куыдтой. Ацы бон ма скъолайы кæрты рæстæгæй-рæстæгмæ музыкæйы уæззау зæлтæй дарддæр фехъусæн уыд, Беслæны бæллæхы фæдыл фыст æмдзæвгæтæ.

Æртыккаг бон, иннæ дыууæимæ абаргæйæ, уыд æппæты риссагдæр. Республикæйы ахуырадон уагдæтты сывæллæттæн скодтой мысæн уроктæ, ахуыргæнинæгтæн радзырдтой 14 азы размæйы хабæрттæ.

Боны иу сахатмæ адæм æмбырд кæнын райдыдтой скъолайы кæртмæ. Ам куыддæр дзæнгæрæг дыууæ цагъды ныккодта, афтæ иууылдæр æмгуыппæй иу уысм, æдзард хъæбулты рухс нæмттæ ссарынæн, æдзæмæй алæууыдысты. Æмæ музыкæйы уæззау зæлтæм арвмæ суагътой урс шартæ.

Адæм араст кодтой уæлмæрдтæм. Ам, метрономы уæззау цавдмæ кастысты, чи бацарæфтыд, уыдоны нæмттæ.

Нæ республикæйы чырыстон дины минæвæрттæ сыгъдæг удты номыл бакастысты литурги. Ирыстоны æдзард хъæбулты номыл æнæхъæн Уæрæсейы æмæ бирæ æндæр бæстæты дæр арæзт æрцыдысты мысæн мадзæлттæ.

Знон Мæскуыйы, Мады-Майрæмы райгуырды номыл аргъуаны кæрты æрымысыдысты Беслæны фыдбæллæхы амæттæгты рухс нæмттæ. Цы цыртдзæвæн дзы ис, ууыл сæвæрдтой дидинджытæ. Уæлдæфмæ суагътой 334 урс шары.

Номарæн æмбырды архайдтой Уæрæсейы Президенты цур Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барис, Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр, Абхазы Республикæйы æххæстбарджын минæвар Игорь Ахба, национ политикæйы æмæ регионты ‘хсæн ахастдзинæдты мæскуыйаг департаменты разамонæг Виталий Сучков, Уæрæсейы аивæдты академийы президент Зураб Церетели, Мæскуыйы адæмыхæттыты хæдзары директор Владимир Тарасов, Мæскуыйы цæрæг ирон адæмы æхсæнады сæрдар Уыртаты Бексолтан, УФ-йы регионты æххæстбарджын минæвæрттæ, паддзахадон æмæ æхсæнадон архайджытæ, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй Мæскуыйы уæлдæр ахуырады скъолаты цы студенттæ ахуыр кæны, уыдон, скъоладзаутæ æмæ æндæр адæм.

— Цыппæрдæс азы размæ æрцыд æбуалгъ фыдракæнд. Уый фæстæ нæ цард фæци дыууæ дихы. Алы аз дæр мах æрцæуæм ардæм, цæмæй ссарæм Беслæны фыдбæллæхы амæттæгты рухс нæмттæ. Уыцы фыдохы бон иу кæны бирæ æдæмты æнæхъæн дунейы дæр цыфыддæр фыдракæндты ныхмæ тохы. Не ‘ппæты хæс дæр у æдзард сывæллæтты, ныййарджыты, ахуыргæнджыты æмæ, сæ сæ царды аргъæй ирвæзын кæныныл чи архайдта, уыдоны рухс нæмттæ, — загъта Дзанайты Барис.

Знон ма дидинджытæ сæвæрдтой, террористон фыдракæнды чи бацарæфтыд, уыцы сæрмагонд хайæдтæ «Альфа», «Вымпел» æмæ Уæрæсейы Федерацийы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады службæгæнджытæн Николо-Архангелы, горæт Жуковскийы æмæ Мæскуыйы облæст Юрово-Раменскы районы уæлмæрдты сæ ингæнтыл. Зынгхуыст æфсæддонты рухс нæмттæ ссарынмæ сæ ингæнты уæлхъусмæ æрбацыдысты Уæрæсейы Федерацийы Президенты цур сывæллæтты бартæ хъахъхъæнæг æххæстбарджын минæвар Аннæ Кузнецова, Дзанайты Барис, Уыртаты Бексолтан, Цæгат Ирыстоны минæварады кусджытæ, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй рацæуæг студенттæ.

— Абон ахуырдзау фæсивæд скъоламæ афæндараст кæнгæйæ, æз Цæгат Ирыстоны диаспорæимæ иумæ дидинджытæ сæвæрдтон зынгхуыст афицерты ингæнтыл. Уыдон сæхи цард ницæмæ даргæйæ, сæ риутæй бахъахъхъæдтой сывæллæтты цард. Æз уыдтæн Цæгат Ирыстоны уыцы пырх скъолайы, зæдты горæты. Абон уыцы хъæбатырты нæмттæ хæссынц не скъолатæ, уынгтæ… Мах фæнды афтæ, цæмæй сæ хъæбатырдзинад зындгонд уа абоны дуджы цæрæг алы адæймагæн дæр, — загъта Аннæ Кузнецова.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here