Уæрæсейы, Ирыстоны спортивон кад бæрзонд систа

0
369

 

Ирыстоны спортивон кад бæрзонд чи систа, уыдонæй иу у Черчесты Станислав. Спорты кæцыфæнды хуызы дæр цæмæй стыр бæрзæндтæм схизай, дæ ном дæ бæстæйы иугонд командæйы рæнхъытæм хаст æрцæуа, уый тыххæй курдиатæй уæлдай равдисын хъæуы куыстуарзондзинад, дæ зонындзинæдтæ фылдæр кæнынмæ тырнындзинад æмæ фæразондзинад. Иу ныхасæй, стыр спортсмен цæмæй суай, уый тыххæй хъæуы стыр лæгдзинад равдисын.

Уыцы миниуджытæй хайджын фæци Черчесты Станислав. Фыццаг куыд футболист, ныр та куыд тренер, ссис нæ бæстæйы æмæ фæсарæнты хъуыстгонддæртæй иу.

Станислав футболæй хъазын райдыдта йæ райгуырæн Алагиры. Ам, сывæллæтты командæйы дуаргæс уæвгæйæ, ссис нæ республикæйы «Сæрак пурти»-йыл ерысты уæлахиздзау. 1975 азы та Станислав йæ командæимæ ссис Уæрæсейы Хуссайраг зонæйы «Сæрак пурти»-йы ерысты уæлахиздзау. Уыцы ран нымад æрцыд турниры «Хуыздæр дуаргæс»- ыл.

Станиславыл сæ цæст æрæвæрдтой Уæрæсе æмæ Советон Цæдисы æрыгæтты иугонд командæты тренертæ. 17-аздзыдæй Черчесы-фырт ссис Дзæуджыхъæуы «Спартачы» дуаргæс.

Чысыл фæстæдæр æрыгон дуаргæс хъахъхъæдта ССР Цæдисы иугонд командæйы кулдуар дунеон турнирты Испанийы, Германы, Венгрийы, Болгарийы, Италийы, Чехословакийы.

Станислав хуынд æрцыд Мæскуыйы командæтæ «Локомотив» æмæ «Спартак»-мæ. Ацы командæты хъазгæйæ, йæхи равдыста хъомысджынæй. Ссис Советон Цæдисы Кубок рамбулæг æмæ чемпион. Уыцы азты (1989, 1990) дыууæ хатты нымад æрцыд ССР Цæдисы хуыздæр дуаргæсыл.

Фæстæдæр Черчесы-фырт Мæскуыйы «Спартак»-имæ дыууæ хатты ссис Уæрæсейы чемпион, 1992 азы та нымад æрцыд Уæрæсейы хуыздæр дуаргæсыл. Станислав къорд азы уыди ССР Цæдисы æмæ Уæрæсейы иугонд командæты дуаргæс. Фæстæдæр та æнтыстджынæй хъазыд Германы æмæ Австрийы уæлдæр къордты чемпионатты. Хъахъхъæдта Дрездены «Динамо»-йы æмæ Австрийы «Тироль»-ы кулдуæрттæ. Фæсарæнты хъазгæйæ, Станислав йæ ахуырмæ тырнындзинады фæрцы райста тренеры дæсныйад æмæ 2004 азæй фæстæмæ куыста фæсарæнты æмæ Уæрæсейы цалдæр командæйы сæйраг тренерæй.

Черчесы-фыртмæ тренеры куыстмæ дæр стыр курдиат кæй ис, уый бæрæг уыди йæ фыццаг къахдзæфтæй. Австрийы уый хуымæтæг, æнæзындгонд командæ «Куфштайн»-ы цыбыр рæстæгмæ схизын кодта профессионалон лигæмæ.

Уый фæстæ Черчесыфырты къухдзæф хорзæрдæм фæзынди Грознайы «Терк»-ыл, Пермы «Амкар»-ыл æмæ, æппынфæстаг, Польшæйы командæ «Легия»-йыл. Ацы командæ Станиславы разамындæй Польшæйы чемпион куы сси, уæд æй Уæрæсейы спорты сæргълæуджытæ æрбахуыдтой нæ бæстæйы иугонд командæйы сæргълæууæджы бынатмæ.

Черчесы-фырты æрбацыды размæ Уæрæсейы иугонд командæ дунеон æмæ Европæйы бæрнон ерысты къорд азы уыди фæстагдæртимæ. Ацы уавæр фæхуыздæр кæнын зын фарста кæй уыд, уый алчидæр æмбæрста. Фæлæ та Станислав зындзинæдтæй нæ фæтарст æмæ дысвæлдæхтæй бавнæлдта бындурон куыст бакæнынмæ.

Кæд æй хъыгдарджытæ уыди, уæлдайдæр та кæцыдæр дзыллон хабархæссæг фæрæзты ‘рдыгæй, уæддæр Черчесы-фырт фидар къахдзæфтæй цыди йæ нысанмæ. Уæрæсейы командæ куыд фæстæмæ йæ хъарутыл баууæндыди, æмæ нæ бæстæйы ацы аз цы дунеон чемпионат цыди, уым йæхи равдыста хъомысджынæй.

Уæрæсейы иугонд командæ чемпионаты цы фондз хъазты акодта, уыдоны сæ иуæй дæр афтæ зæгъæн нæй, æмæ йæ ныхмæлæуджытæй зынгæ лæмæгъдæр уыди. Уæлдай раппæлинаг уыдысты, нæ футболисттæ Испани æмæ Хорватиимæ куыд сæрæн æмæ æрхъуыдыджын хъазт акодтой, уый тыххæй. Кæд нæ командæ чемпионаты хæрзиуæджы онг не схызти, уæддæр Уæрæсейы спортуарзджытæ федтой, футболæй дæр дунейы тыхджындæр командæты æмрæнхъмæ схизыны аккаг кæй стæм, уый.

Нæ командæйы архайдæн бæрзонд аргъ скодтой Уæрæсейы разамонджытæ. Нæ бæстæйы Президент Владимир Путин лæгæй-лæгмæ раарфæ кодта Черчесты Станиславæн, йе ‘ххуысгæнæг тренертæ æмæ футболисттæн. Спорты сгуыхт мастеры кадджын ном лæвæрд æрцыд футболистты стыр къордæн. Уæрæсейы сгуыхт тренеры ном æмæ Паддзахадон хæрзиуæгæй хорзæхджын ссис Черчесты Станислав.

Кæй зæгъын æй хъæуы, махæн — Ирыстоны цæрджытæн — уый уыди уæлдай æхсызгондæр. Ам бирæтæ зонынц Станиславы йе ‘рыгон бонтæй фæстæмæ. Кæдфæнды дæр лæмбынæгæй кастысты æмæ цин кодтой йæ алы сгуыхтдзинадыл дæр. Ныр та нын ахæм стыр æхсызгондзинад кæй æрхаста, уый тыххæй дзы уæлдай бузныг стæм æмæ дзы нæ сæртæ бæрзонд хæссæм!

2 сентябры Станиславыл сæххæст 55 азы. Уыцы бон уымæн зæрдиаг арфæтæ чи ракодта, уыдоны фыццæгтæй иу уыд Уæрæсейы Президент Владимир Путин. Йæ арфæйы ныхасы уый загъта: «Ды бирæ скодтай нæ бæстæйы иугонд командæйы сырæзтæн, æмæ, Уæрæсейы цы дунеон чемпионат цыди, уым нæ футболисттæ сæ хъазтæй барухс кодтой уæрæсейæгты зæрдæтæ. Фидæнмæ уæ размæ ис ног стыр нысантæ, æмæ мæ уырны, уыдон сæххæст кæнынмæ раздæрау кæй тырндзыстут, æмæ нæ бæстæйы иугонд командæ йæ æнтыстджын хъазтæй йæ иузæрдион фарсхæцджыты зæрдæтæ кæй рухс кæндзæн!

Мæ зæрдæ дын зæгъы æнæниз, цардхъомыс æмæ амондджын уæвын!» Уæрæсейы Президенты арфæтæ дзурæг сты, Черчесты Станиславы куыстæн нæ бæстæйы Сæргълæууæг цы стыр аргъ кæны, ууыл.

Мах дæр арфæ кæнæм нæ кадджын æмбæстаг Черчесты сахъгуырд Станиславæн. Нæ зæрдæ дын зæгъы, спорты æмæ царды цы хорздзинæдтæм бæллыс, уыдон дæ къухы куыд бафтой! Дæ кæстæртæ дæхи фæндиаг амондджын фæндæгтыл куыд цæуой. Дæ кад, дæ намыс сын ныфсы хос æмæ фæзминаг куыд уой! Амондджын райгуырæн бонтæ дыл кæнæд, нæхи Станислав!

БАСКАТЫ Уырызмæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here