Нуазыны дон змæст хъуамæ уа?!

0
588

 

Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр СОХЪУЫРТЫ Альберт хъуыддаджы балцы уыд Хохы Фыййагдоны. Сæрдыгон афон дон нуазынæн кæй нал фæбæззы, бынæттон адæм уымæй хъаст кæнынц.

— Поселокмæ дон цæуы Цæритдонæй. Фæрсудзæн станцæйы онг дон æргом уагæй кæй цæуы, уый нымайгæйæ, лæсæнты æмæ уарынты заман æм змис бафты. Фæрсудзæн станцæмæ бафтгæйæ, дон дзы иуцасдæр рæстæг хъуамæ фæлæууа. Адæм донæй бирæ куы нæ пайда кæнынц, зымæджы уыцы афон дон амынд станцæйы фæлæууы, сæрды та донæй пайдагæнджыты нымæц бæлвырд кæй фæфылдæр вæййы, уый нымайгæйæ, дон сыгъдæг кæнын не ‘ййафæм, — зæгъы Алагиры районы администрацийы хайады хицау Тлатты Жаннæ. Поселочы донæфсисады системæмæ хаудысты æрмæст цæрæнуæттæ, стæй социалон æмæ туристон объекттæ, фæлæ фæстаг рæстæг районы инфраструктурæ фæуæрæх, донæй чи пайда кæны, уыдоны нымæц дзæвгар фæфылдæр.

— Фæнды нæ, дон змисæй чи бахиздзæн, гуырæны раз ахæм æмбонд æрæвæрын. Ныхас цæуы ацы территорийы донифтонгад фæхуыздæр кæнынæн ахъазгæнæг æндæр фадæттыл дæр. Фæстæдæр донифтонгады фæдыл кæронбæттæн уынаффæ рахæсдзыстæм, — зæгъы Сохъуыры-фырт.

РЦИ-Аланийы Цæрæнуæттыкоммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here