Нæ Ирыстон, нæ Дзæуджыхъæу — нæ уарзт, нæ цин, нæ ныфс, нæ фидæн!

0
533

 

 

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы зынаргъ цæрджытæ!

Зынаргъ æмбæлттæ! Зæрдиагæй уын арфæ кæнын дыууæ бæрæгбоны — Республикæйы æмæ Дзæуджыхъæуы боны фæдыл! Уыдон сты æцæгæйдæр кадджын бæрæгбæттæ. Мах ацы æхсызгон, вазыгджын цаутыл æмбæлæм зæрдæрухс æмæ сæрыстыр æнкъарæнтимæ, уымæн æмæ нын Ирыстоны æмæ нæ сæйраг горæты алы къуым дæр хæстæг æмæ зынаргъ у, здæхæм æм, цыфæнды дард куы вæййæм, уæддæр.

Цæгат Ирыстон у нæ иумæйаг хæдзар, нæ уарзон чысыл Райгуырæн бæстæ, йæ намысджын азфыст, зындгонд адæмы нæмттæ, стыр æмæ чысыл хъуыддæгтæ, сагъæстæ æмæ рыстытæ, цин æмæ фарн баиу сты иу бирæсыфон азфысты, йæ ном — «Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани».

Абон мах иумæ аразæм республикæйы истори, фыссæм æй раздæры фæлтæрты зондыл æнцойгæнгæйæ, фидæныл хъуыдыгæнгæйæ. Æмæ ахсджиаг у, Ирыстоны ивгъуыд, йæ бирæнацион адæмы кадджын традицитæ бахъахъхъæнын æмæ сæ кæстæр фæлтæрмæ адæттын.

Республикæйы æмæ горæт Дзæуджыхъæуы бон — ацы бæрæгбæттæ æрмæстдæр цинимæ баст не сты, фæлæ ма уыдоны фæрцы нæ бон у хатдзæгтæ скæнын дæр æмæ фидæнмæ нысантæ сбæрæг кæнын. Нысантæ хъуамæ æххæст кæнæм иумæйаг хъарутæй, алчидæр кæм кусы, уыцы бынаты архайгæйæ. Афтæмæй нæм фæзындзæн фылдæр цæрæн хæдзæрттæ, скъолатæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ, культурæйы æмæ спорты галуантæ, зынгæ фæахадгæдæр уыдзæн æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ ахуырады кусæндæтты архайд, фæхуыздæр уыдзысты социалон-экономикон бæрæггæнæнтæ. Æмæ республикæ рацæудзæн йæ рæзты ног къæпхæнмæ. Уымæй та нæ ныфс ис, уымæн æмæ Цæгат Ирыстоны æппæт цæрджыты ‘хсæн ис æмзæрдæдзинад, цы адæмыхæттытæ дзы цæры, уыдон иу хæлар бинонтау, нысанмæ тырнгæйæ кусынц иу кадджын нысаны сæрвæлтау. Цæмæй нæ республикæ дидинæг калгæ, нæ бæстæ та дунейы адæмты тыгъдады тыхджын æмæ æппæтхъом уа.

Мæ зынаргъ цæгатирыстойнæгтæ, Республикæйы боны хорзæх уæ уæд! Фæрныгад, амонд æмæ фарн уæ алкæй хæдзары уæд!

БИТАРТЫ Вячеслав, Республикæ Цæгат ИрыстонАланийы Сæргълæууæг

 

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын Республикæйы æмæ горæт Дзæуджыхъæуы боны фæдыл. Ацы зæрдылдаринаг дыууæ бæрæгбоны иу кæнынц, йæ чысыл Райгуырæн бæстæйыл æнувыд чи у, Ирыстон амодджынæй, дидинæг калгæйæ, Дзæуджыхъæу та рæсугъдæй, бирæфадатджын горæтæй уынын кæй фæнды, уыцы цæрджыты æмæ уазджыты. Алы адæймагæн дæр ис, уæлдай æнувыддæрæй йæ зæрдæйы кæй фæхъахъхъæны, ахæм æнкъарæн. Уый у адæмы алы фæлтæрты минæвæртты иугæнæг уарзт. Историон ивгъуыдимæ бæттæг, рухс фидæныл цæй фæрцы æууæндæм, адæмы ахæм иугæнæг тых. Мах, æцæгæйдæр, сæрыстыр стæм, нæ республикæйы æвæджиау æнусон, удварнон æмæ культурон бынтæй, нæ размæ чи цард, уыцы фæлтæрты лæгдзинад æмæ фæллойадон æнтыстдзинæдтæй. Æмæ уыцы фарн, мæ зæрдæ дарын, бирæнацион Ирыстоны амондджын фидæныл кæй сахаддзæн.

Йæ 234 азы бæрæг кæны, Екатеринæ II указæй Терчы былгæрон, куыд фидар, афтæ бындурæвæрд кæмæн æрцыд, уыцы горæт, Дзæуджыхъæу. Йæ истори хъæздыг у кад æмæ лæгдзинады цаутæй. Азæй азмæ йæ фыстой йæ цæрджытæ. Рагæнусты рæсугъддзинад бахъахъхъæдта йæ архитектурон арæзтæдтæй, цы бирæ адæмыхæттытæ дзы цæры, уыдоны культурæйы хъæздыгдзинадæй цымыдисаг у нæ горæт. Дзæуджыхъæу сси Уæрæсейы хуссарварсы промышленнон, ахуырадон æмæ наукон центр. Æмæ абон уæлдай ахсджиагдæр у нæ уарзон горæты кадыл фарн æфтауын, бæрнондзинад æнкъарын, узæлын йæ фæлгонцыл æмæ фæрныгадыл.

Зынаргъ æмбæстæгтæ! Республикæйы Парламенты депутатты номæй уæ алкæмæн дæр мæ зæрдæ зæгъы амонд æмæ фæллойы æнтыстдзинæдтæ. Амондджын ут !

Алексей МАЧНЕВ, Республикæ Цæгат ИрыстонАланийы Парламенты Сæрдар

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here