РЦИ-Аланийы Нациты æхсæн ахастдзинæдты министрад, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администраци, Адæмты хæлардзинады республикон хæдзар, республикæйы нациты æхсæнад «Нæ Ирыстон» сæхи хуыны хай бахастой Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы Бон æмбæлгæ уагыл сбæрæг кæныны арфæйаг хъуыддагмæ. Сæ хъæппæрисæй цы алыхуызон мадзæлттæ арæзт æрцыд, уыдон республикæйы æмæ горæты цæрджытæн феныны фадат уыд Хетæгкаты Къостайы номыл культурæ æмæ фæлладуадзæн паркæн йæ уæллаг хайы.
Паркмæ бацæуæны æвæрд æрцыдысты республикæйы национ-культурон æхсæнæдты цатыртæ. Сæ алкæцыйæн дæр уыд хицæн ном «Кавказский дворик», «Славянская слобода», «Восточный базар», «Многоголосый хоровод». Ацы тематикон фæзтæ чи бабæрæг кодта, уыдон федтой Ирыстоны цæрæг адæмыхæттыты культурæ, истори, этнографи æвдисæг æрмæджытæ, байхъуыстой зарджытæм, национ мелодитæм, сахуыстой национ хæринæгтæй. Бæрæгбоны номыл дзы цы концерт уыд, уый та ахаста 5 сахатæй фылдæр.
Национ-культурон æхсæнæдтæ цы равдыстытæ бацæттæ кодтой, уыдон бабæрæг кодта æмæ сæ эстетикон-культурон æмвæзадæн стыр аргъ скодтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ, бæрæгбонмæ чи саккаг кодта, уыцы уазджытæ. Бæрнон кусджытæ бæрæгбоны архайджытæн ракодтой зæрдиаг арфæтæ. Уыдон баст уыдысты Ирыстоны сабырдзинады, кæрæдзи æмбарынад æмæ рухс фидæнимæ.
РЦИ-Аланийы Адæмты æхсæн ахастдзинæдты министрады æмæ национкультурон æхсæнæдты минæвæрттæ, Хæлардзинады хæдзары разамонджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй республикæйы æмæ Дзæуджыхъæуы Бон уыд адæмты иугæнæг, хъæрмуддзинад, уарзт æмæ райгуырæн зæххы сомбон кæй къухы ис, уыдоны иугæнæг бæрæгбон. Йæ архайджытæ се ‘мзæрдæдзинадæй равдыстой, иумæйагæй Ирыстонæй сæрыстыр кæй сты, йе ‘гъдæуттæ æмæ намыс сын нымаинаг кæй сты, уый.
ХЪАЙТЫХЪТЫ Тамарæ