Мамсыраты Хаджумары райгуырды 115 азы сбæрæг кодтой Олгинскæйы

0
398

 

Ивгъуыд сабаты Олгинскæйы хъæуы Советон Цæдисы Хъæбатыр, инæлар-булкъон, бæстæйы иузæрдион, æхсарджын æмæ ныфсхаст афицер Мамсыраты Джеоры фырт Хаджумары райгуырды 115 азы кадджын уавæры сбæрæг кодтой йæ райгуырæн хæдзары.

Хаджумары хæдзармузей бирæ азты уыд тынг æдзæллаг уавæры. Фæлæ йæм ацы аз республикæйы æдасдзинады службæ æмæ районы разамонджытæ стыр æргом аздæхтой. Цыбыр рæстæгмæ йæ бацалцæг кодтой. Раздæхтой йын, Хаджумар ма дзы куы цард, уæды рæстæджы хуыз. Æмæ таурæгъты дзуринаг хъæбатыр, йæ сабибонтæ кæм æрвыста, уыцы хæрзæфснайд уæрæх кæртмæ йæ райгуырды 115 азы кадæн æрбацыдысты республикæйы æмæ районы разамонджытæ, Уæрæсейы разæсгарджыты Сæйраг управленийы, Цæгат Ирыстоны Ветеранты советы разамонджытæ, Æдасдзинады федералон службæйы, мыггаджы кадджындæр минæвæрттæ, хъæуы цæрджытæ, Олгинскæйы астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ.

Кадджын æмбырды архайджытæ æхсызгонæй байхъуыстой, скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Джелыты Фатимæйы разамындæй ахуырдзаутæ Хаджумары цард æмæ архайды тыххæй цы цымыдисаг литературон-аивадон композици бацæттæ кодтой, уымæ. Стæй хъæуы клубы зарæггæнджытæ Хетъеты Станислав, Кæлуты Людмилæ æмæ Дзулаты Зæлинæ азарыдысты Мамсыраты Хаджумары тыххæй зæрдæмæхъаргæ зарджытæ.

Æмбырды архайджытæ æхсызгонæй сæмбæлдысты Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбеджы зæрдæбын ныхас æмæ арфæтыл. Фадзайы-фырт куыд фехъусын кодта, афтæмæй республикæйы альпинисттæ Эвересты цъуппыл ныууагътой Мамсыраты Хаджумары хуызист, сæ зæрды ма ис йæ хуызист ын Килиманджаройы сæрмæ схæссын дæр. Æхсарбег бакаст республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы арфæйы фыстæг бæрæгбоны фæдыл.

Хаджумары архайды, хъæбатырдзинæдты тыххæй кадджын æмбырды раныхас кодта Уæрæсейы разæсгарджыты управленийы хицауы фыццаг хæдивæг Владимир Ковтун. Хаджумары тыххæй йæ мысинæгтæ радзырдта æмæ мыггаджы номæй уазджытæн зæрдæбын арфæтæ ракодта Мамсыраты Тасолтан.

Хаджумары номарæн æмбырдмæ чи æрбацыд, уыдон уæлдай æхсызгондæрæй сæмбæлдысты Хаджумары хъæбулы хъæбул Серхио Эрнандесы раныхасыл. Уый ныртæккæ цæры Мæскуыйы, кæны амалхъомады куыст. Йæ бинойнаг Норæимæ хъомыл кæнынц цыппар сывæллоны. Куыд загъта, афтæмæй йæ хистæр чызг Маргаритæ сæрмагондæй ахуыр кæны режиссеры дæсныйадыл, цæмæй йæ номдзыд фыдæл Хаджумары тыххæй сиса киноныв. Серхио Эрнандес загъта, зæгъгæ, абоны мысæн бон цы рухс талатæ суадздзæн, уыдон нæм иу дæс азы фæстæ разындзысты, мæнæ ам цы бирæ фæсивæд лæууы, уыдоны зæрдæрухс архайдæй.

— Æз азæй-аз тынгдæр æнкъарын, мæ уæнгты ирон туг кæй зилдух кæны, уый. Мæхи бæттын Мæскуыйы ирон цæрджыты архайдимæ, Ирыстонимæ. Ам фыццаг хатт уыдтæн чысылæй, ацы хæдзар-музей куы байгом кодтой 1978 азы, уæд. Æмæ мæ уарзты æнкъарæнтæ хæццæ кæнын мæ кæстæртæм, — загъта йæ ныхасы кæрон Серхио Эрнандес.

Æмбырды архайджытæ лæугæйæ сæмбæлдысты Хаджумары чызг Заретæйы æрбахызтыл. Ууыл низтæ уæлахиз кæнын райдыдтой, æмæ йæхи бон йæ къæхтыл лæууын нал у, æрбаластой йæ коляскæйы, фæлæ ма, йæ зæрдæ уынгæгкæнгæйæ уæддæр зæрдиаг арфæтæ ракодта республикæ æмæ районы разамонджытæн, ГРУ-йы минæвæрттæн, хъæуы цæрджытæн, йæ фыдæн ын ахæм стыр аргъ кæй кæнынц, йæ ном ын кæй нæ рох кæнынц, уый тыххæй.

Хаджумары мысæн бонмæ чи æрбацыд, уыдоны музейы экспонаттимæ базонгæ кодта республикæйы бæстæзонæн музейы наукон кусæг Валентинæ Бенина. Мамсыраты Хаджумары номарæн фембæлды архайджытæ йæ хæдзармузейæ æмхуызонæй рацыдысты Олгинскæйы скъолайы кæртмæ æмæ уым зынгзæрдæ хъæбатыры цыртдзæвæны раз сæвæрдтой веноктæ æмæ дидинджытæ.

Ам, хъæуы администрацийы сæргълæууæг Дзлиаты Таймураз, скъолайы директор Тебиаты Батрадз æмæ хъæуы кувæндон «Цыргъобау»-ы кувæг лæг Токаты Тотрадз ноджыдæр ма иу хатт æгасцуай загътой уазджытæн æмæ сæ сбуц кодтой ирон æгъдаумæ гæсгæ, куыд æмбæлы, афтæ.

КАСАТЫ Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here