Фыдæлтæй нын хорзæй цы бынтæ баззад, уыдонæн сæ ахсджиагдæр æмæ сæйрагдæртæ сты нæ мадæлон æвзаг, не ‘гъдæуттæ æмæ фарн. Уыдон нын сты нæ ирондзинады бæрцбарæнтæ, сæ фæрцы нæ цард рæсугъд æмæ мидисджын у, кæрæдзиуыл нæ бæттынц, иннæ адæмыхæттыты æхсæн ирдæй бæрæг фæдарæм, ирон адæм кæй стæм, уымæй. Фæлæ нæ ирондзинадæн кæмдæрты йæ «ахуырст» цæуын байдыдта, аккаг аргъ ын нал кæнæм. Нæ кæстæртæй бирæтæ хистæртæн лæггад нал кæнынц, æгæр-мæгуыр фынджы уæлхъус хистæртæн кæстæриуæг чи кæна, уый дæр нал вæййы.
Раджы заманты та ирон фынджы фидауц уыдысты уырдыглæуджытæ. Уыдон хистæртæн кæстæриуæг кодтой, хистæртæ та сæ зондыл æфтыдтой, царды фæзилæнтыл сæ ахуыр кодтой, æмæ уыцы хъæугæ бастдзинад абон нал ис, атади. Искуы-иу фынгыл йеддæмæ уырдыглæууæг фенæн нал ис.
Уæдæ сылгоймаджы нæ фыдæлтæ зæдтимæ барстой, уымæн æмæ уый, фыццаджыдæр, у царддæттæг. Æмæ уымæн дæр аккаг аргъ нал кæнæм.
Сусæггаг нæу, фырбуцæй мадæлон æвзаг кæй хонæм, уый нын, сæфты къахыл цы æвзæгтæ лæууы, уыдоны номхыгъдмæ кæй хауы. Æмæ йæ бахъахъхъæнын хъæуы, дæлджинæг кæнын æй ма бауадзæм. Мадæлон æвзаг нын уый тыххæй хуыйны, æмæ йæ саби йæ мады гуыбынæй (гуырдзæй) рахæссы, æмæ мадæн куыд аргъ кæнæм, афтæ йæ хъуамæ уарзæм. Бирæтæ та йæ уарзгæ нæ, фæлæ йæм æнæрвæссон цæстæнгас дарынц. Не ‘хсæн ахæмтæ дæр ис, кæцытæ йыл канд дзургæ нæ, фæлæ ма газетты дæр мыхуыр кæнынц се ‘дзæлгъæд уацхъуыдтæ не ‘взаджы ныхмæ. Æмæ уый ирон лæгæн сæрмæхæссинаг нæу.
Хорз лæг, дам, йæ адæмæй хæс дары, фæзæгъынц. Уыцы куырыхон лæгтæ сты, сæ дадзинты нæртон туг кæмæн зилдух кæны, йæ дзыллæйæн кад æмæ æгъдау кæнынæй чи нæ фæллайы, йæ адæмы хъысмæтмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, фæлæ йыл зæрдæбынæй чи сагъæс æмæ мæт кæны, уыцы æцæг ирон адæм.
Афтæ куы зæгъон, уыдоны номхыгъдмæ хауы «Иры Стыр Ныхас»-ы Горæтгæрон районы хайады сæрдар Ходы Æхсар, уæд, æвæццæгæн, иу мисхал дæр нæ фæрæдидзынæн. Уæлдæр цы фарстатыл ныхас цыд, уыдоныл, стæй ма ноджы бирæ æндæртыл Æхсар йе ‘мхъуыдыгæнджытимæ æрвылбондæр уæхски-уæхск кусынц зæрдиагæй. Горæтгæрон районы цы хъæутæ ис, уым арæзт æрцыд 18 Ныхасы. Уыцы хъæутæн, кæд сæ кæцыдæр хай сты районы Ныхасы артдзæстæй дæрддзæфдæр ран, хæхбæсты, æмæ уырдæм цæуынæн хъæуы бирæ рæстæг æмæ фæрæзтæ, уæддæр Æхсары уыдон нæ къуылымпы кæнынц. Уый, гæнæн æмæ амалæй, алы хатт дæр вæййы хъæубæсты Ныхасты фарсмæ. Æхсар йæ сæйрагдæр хæстæй иуыл нымайы «Мыггаджы ныхас»-ы куыст. Уый хорз зоны, ацы мадзалæн стыр ахадындзинад кæй ис, уый, æмæ ацы фарстамæ стыр æргом дæр уымæн здахы.
Не ‘хсæнад мыггæгтæй арæзт у, æмæ алы мыггаг дæр фæзминаг куы уа, уæд æнæхъæнæй дæр Ирыстон дидинæг калдзæн. Æмæ цæмæй мыггаг фæзминаг уа, уый тыххæй хъуамæ сæ сæргъы лæууа «Мыггаджы ныхас». Ацы мадзал у мыггагæн цырагъдар, аразы йæ раст фæндагыл, æргом ын кæны йæ хъæндзинæдтæ. Мыггаг раджы заманты иу бинонты хуызæн хæларæй цардысты. Уыдис ахæм хъæутæ дæр, иу мыггагæй кæм цардысты, зæгъæм, Абайты хъæу, Хъараты хъæу æмæ афтæ дарддæр. Уыдис алы мыггагæн дæр «Мыггаджы ныхас» æмæ дзы парахатæй пайда кодтой. Уым хистæртæ бæстон дзырдтой сæ мыггаджы царды риссаг фарстатыл, сæ фæсивæды хъомыладон куысты тыххæй, се ‘взаг æмæ се ‘гъдæуттыл, иу ныхасæй, сæ æрвылбон æмæ фидæны царды фæдыл. Мыггаджы номиу чи чъизи кодта, йæ кад ын дæлæмæ чи тардта, ууыл «Мыггаджы ныхас» кодта хъоды. Уыцы тæрхоны фæстæ-иу раст фæндагыл чи не слæууыд, лæгмар чи уыд, уымæн Ныхас хаста æппæтæй карздæр тæрхон. Куыдзæппарæн къæдзæх уымæн хуынди, ома, кæд никæмæуал хъусыс, сраст кæнæн дæ нал ис, уæд куыдзы мардæй амæл, зæгъгæ. Стæй йæ мыггаг сæхæдæг уый тыххæй æппæрстой, цæмæй æндæр мыггагæй семæ мачи фæтуджджын уыдаид.
Æргом зæгъын хъæуы, ныры дуджы дæр нæ ирон дзыллæ хуыздæр уавæры кæй не сты. Не ‘хсæн бирæ æгъдаухалджытæ ис, уыдон сты: магусатæ, гуыбындзæлтæ, расыггæнджытæ æмæ ма суанг лæгмартæ дæр. Ирон адæм, иннæ адæмыхæттытимæ абаргæйæ, армыдзаг йеддæмæ не сты, æмæ ма кæрæдзи куы цæгъдой, уæд нæ цы рауайдзæн, цавæр бæллиццаг фидæнмæ æнхъæлмæ кæсæн ис?
Арфæйы ныхæсты аккаг у Кучиты Руслан, нæ фыдæлты Тæрхоны мадзал фæстæмæ йæ раздæры гаччы сæвæрынвæнд кæй скодта, уый тыххæй.
Абон та мæ уацы хъайтар у Ходы Æхсар, æмæ йын йæ фæллойадон цардвæндаджы тыххæй куы нæ зæгъон, уæд уый раст нæ уыдзæн. Æхсар йæ фæллойадон архайд райдыдта, 15 азы йыл нæма сæххæст, афтæмæй. Куыста Горæтгæрон районы колхоз «Хæлардзинад»-ы хуымæтæг колхозонæй, стæй йын радтой бæрнон бынат — фæскомцæдисон организацийы нымæрдар. Йæ афон куы æрцыд, уæд йе ‘фсæддон хæс сæххæст кодта æмæ уый фæстæ каст фæци уæлдæр партион скъола, стæй та сахуыр кодта экономисты дæсныйадыл. Куыста Октябрыхъæуы хицауæй дæр. 2007 азæй абоны онг та кусы «Иры Стыр Ныхас»-ы Горæтгæрон районы хайады сæрдарæй. Йæ æнæхин æмæ зæрдиаг куысты тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд бирæ майдантæй æмæ Кады гæххæттытæй: «За доблестный труд», «Заслуженный экономист», «Ветеран труда», «Ирыстоны Намыс»-æн æмæ бирæ æндæртæй.
Æхсар, Ныхасы сæргъы лæугæйæ, кæны удуæлдай куыст. Йæ хъæппæрисæй арæзт æрцыд 10 комитеты. Уымæй уæлдай районы арæзт æрцыд æрыгæтты форум «Молодежь Пригородного района против терроризма и экстремизма, за толерантность и духовно-нравственное совершенство и единство общества». Уыцы форумы архайдтой 500 адæймагæй фылдæр, семæ уыдысты 320 скъоладзауы. Рæстæгæй-рæстæгмæ районы цæрджытимæ арæзт цæуынц æмбырдтæ, уырдæм æрбахонынц районы цæрджыты: ирæтты, уырыссæгты, мæхъæлæтты, сомихæгты æмæ иннæ адæмыхæттыты минæвæртты дæр.
Уым æргом, бæлвырд ныхас фæкæнынц адæмимæ, цæмæй кæрæдзиимæ æнгомæй, хæларæй цæрой, сæ дæле цы кæстæр фæсивæд хъомыл кæнынц, уыдон дæр хæлардзинады тæгтæй баст уой, æгъдау æмæ æфсармæй æххæст уой.
Горæтгæрон район у нæ республикæйы районты стырдæртæй иу, куыд йæ фæзуатмæ гæсгæ, афтæ йæ адæмы бæрцæй дæр. Æхсары сбæлвырдгонд бæрæггæнæнтæм гæсгæ дзы цæры ирæттæ 75 проценты, æндæр адæмыхæттыты бæрц та у 25 проценты. Уымæй уæлдай йæм ис схемæтæ, кæцыты бæрæггонд сты, алы хæдзары фæзуаты бæрц цас у, уый, стæй дзы нæлгоймæгтæ, сылгоймæгтæ, сывæллæттæ цас ис, уыдон дæр. Уыдон саразынæн цас рæстæг, хъару æмæ фыдæбон хъуыд, уымæн та ныхæстæй зæгъæн дæр нæй.
Ныхас»-æн йæ хъомыс æгæрон кæй у, стыр фидæн ын кæй ис, уый хорз æмбары Æхсар æмæ уымæн бирæвæрсыгæй æххæст кæны, цы хæстæ йыл æвæрд ис, уыдон. Йæ кусæнуаты бæстон куы базонгæ дæн, цы куыст кæны, уыцы документтимæ, уæд æрцыдтæн ахæм хъуыдымæ, зæгъын, хорз уаид, сæрмагондæй сыл хицæн чиныг арæзт куы æрцæуид, уæд.
Æхсар æрыгон нал у, 90 азы йыл тагъд сæххæст уыдзæн, æмæ ахæм кары нырма у уæнгрог, адæмимæ кæны мидисджын æмæ зæрдæмæдзæугæ ныхас. Уыйбæрц лæгдзинæдтæ йæм ис æмæ, куыд фæзæгъынц, дурæй дæр дон рауадздзæн, хохы цъуппыл дæр дидинджытæ æрзайын кæндзæн. Гъемæ йæ сæдæ азы сæрты рæсугъдæй, уæнгрогæй куыд акæса, ахæм арфæтæ йын Стыр Хуыцау, зæдтæ, дауджытæ ракæнæнт!
ХÆМЫЦАТЫ Раман, Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы уæнг, Рахизфарсы районы Ныхасы ирон æгъдæутты комитеты сæргълæууæг