“Рæстдзинад” — 55 азы размæ

0
461

 

Ивгъуыдыл афæлгæсын, кæй нæ бафæнды, ахæм адæймаг зын ссарæн у, цы уыдис æмæ цы нал уыдзæн, уыцы цаутæ алчидæр æрымысы. Уыцы мысинæгты фæрцы сног вæййынц, адæймаг цы федта æмæ цы фехъуыста, уыцы нывтæ æмæ хабæрттæ. «Рæстдзинад» чи кæсы, уыдон æнæбафиппайгæ не сты, газет рæстæгæй-рæстæгмæ кæй ныммыхуыр кæны кæддæры хуызистытæ ахæм иумæйаг сæргондимæ: «Рагон къамтæ дзурынц». Уырны мæ, адæмы зæрдæмæ кæй цæуы, уый. Бирæтæ дзы базонынц, сæ хæстæджытæ æмæ сæ зонгæты. Къамтæ раджы ист кæй æрцæуынц, уымæ гæсгæ дзы кæйдæрты базонæн нал вæййы. Газеты кусджыты бахъæуы адæммæ фæдзурын, феххуыс мын кæнут, кæй нæ зонæм, уыдоны мыггæгтæ кæд зонут, уæд нын сæ бацамонут, зæгъгæ.

Æз цы къамы тыххæй радзурынмæ хъавын, уый дæр рагон къамты номхыгъдмæ бахæссын æмбæлы, уымæн æмæ йыл фынддæс æмæ дыууиссæдз азæй фылдæр цæуы, бæлвырддæр зæгъгæйæ та — ист æрцыд 1963 азы 14 мартъийы.

Газеты кусджытæн 14 мартъи цæуыл дзурæг у, уый амонын нæ хъæуы, фæлæ йæ йæ кæсджытæн зæгъдзыстæм (уæвгæ йæ уыдонæн дæр сæ дзæвгар хай зоны): уыцы бон 1923 азы цæуын райдыдта «Рæстдзинад». Йæ кусджытæ дæр сæ къам иумæ систой, адæмы уарзон газет, дунейы рухс куы федта, ууыл дыууиссæдз азы куы сæххæст, уыцы бон. Фæнды мæ, хуызисты чи ис, уыдоны номæй-номмæ ранымайын (уæвгæ дзы иуы ном нал хъуыды кæнын æмæ мын хатырæй фæуæд). Фыццаг рæнхъæй райдайæм, уыимæ рахизæрдыгæй: Федор Мамонтов, Хъесаты Дафа, Хæблиаты Сафар, Дарчиты Нинæ, Гуытъиаты Замирæт, Биджелты Таисæ, Дзуццаты Зауыр, Дзугаты Барис, Бæциаты Агуыдз; дыккаг рæнхъы: Хъаныхъуаты Валодя, Дыгуры Цацка, Цæрукъаты Валодя, Хостыхъоты Зинæ, Мæхæмæтты Ахуырбег, Уырымты Петя, Цогойты Геор, Хацъæты Валодя, Лагутина (йæ ном уымæн нал хъуыды кæнын); æртыккаг рæнхъы: Дзыгасты Софя, Тегаты Сулейман, Джыккайты Федыр, Гаджиты Нинæ, Гутнаты Замирæ, Закаты Тамарæ, Георгобиани Кето, Æгкацаты Симæ; цыппæрæм рæнхъы: Поплутин Иван, Челæхсаты Венерæ, Бæдоаты Алисолтан, Адырхаты Гагуыдз, Цъæхилты Женя, Джимиты Зинæ, Айдарты Хъамболат, Хъайтыхъты Габо, Цæрукъаты Таймураз, Хъуылаты Чермен, Хуызмиаты Агуыбе æмæ ацы рæнхъытæ фыссæг.

«Рæстдзинад» рагæй чи кæсы, уыдон хорз хъуыды кæндзысты, бирæ азты дæргъы дзы æнæзæрдæхудт фæллой Федор Мамонтов кæй фæкодта, уый. Хистæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй йæ фыд Василий курдиатджын къамисæг уыди æмæ йæ дæсныдзинад бауарзын кодта йæ фыртæн дæр. Нæ иумæйаг къам дæр нын Федор иста. Цæмæй дзы йæхæдæг дæр рауайа, уый тыххæй йæ къамисæн аппарат кæмæдæр авæрдта æмæ къамы афтæмæй разынд.

Йæхæдæг цы къамтæ систа, уыдон нын куы байуæрста, уæд æй алчидæр йæхицæн стыр лæварыл банымадта. Се скæнæгæн та зæрдиаг арфæтæ фæкодта.

Къаммæ бирæ фæкæсыны фæстæ мæ зæрды æрæфтыд, уыцы бон куыстæй кæй нæ равдæлд, стæй æндæр æфсæнтты аххосæй къаммæ чи нæ бахауд, уыдоны æрхъуыды кæнын. Се ‘ппæты дæр æрымысыдтæн æмæ сын сæ мыггæгтæ æмæ нæмттæ къамы чъылдыммæ ныффыстон. Мæнæ уыцы номхыгъд: Гагкайты Дзибис, Мыстулаты Дзантемыр, Хъараты Уырызмæг, Æгъуызарты Геор, Бутаты Тотырбег, Саукуыйты Иссæ, Дзампаты Нинæ, Томайты Дзантемыр, Хуытъинаты Дæдæгка, Гутнаты Розæ æмæ Хуытъинаты Махарбег.

Афтæмæй 1963 азы 14 мартъийы «Рæстдзинад»-ы кусджыты нымæц æдæппæтæй уыдис 49 адæймаджы. Стыр хъыгагæн ма уыдонæй абон цардæгас у æрмæстдæр цыппар адæймаджы: Джимиты Зинæ (æрæджы йын кадджынæй сбæрæг кодтам йæ 95 азы юбилей), Гуытъиаты Замирæт, Мæхæмæтты Ахуырбег æмæ æз.

Дæс азы размæ, ома, 2008 азы 29 апрелы нæ иумæйаг къаммæ кæсгæйæ ныффыстон æмдзæвгæ «Цыппорфондзаздзыд къаммæ кæсгæйæ». Уæд ма Цæрукъаты Таймураз æмæ Дарчиты Нинæ дæр æгас уыдысты.

Нæ уыд нæхицæй хъалдæр,

Ныр ма нæ баззад цалдæр,

Кæнынц ныл азтæ уæз.

Замирæт æмæ Нинæ,

Таймураз æмæ Зинæ,

Ахуырбег æмæ æз.

«Рæстдзинад»-ы тырыса

Хæссæм, уадз дардмæ хъуыса

Йæ намыс æмæ кад.

Цы диссаг уыди рæстæг —

Уыд зæрдæмæ куыд хæстæг,

Цæйбæрц уыди нæ цин!

Цы газет уагътам раздæр! —

Нæ уыд йæ фыстæй уаздæр,

Нæ куыст хуыдтам нæ дин.

Ныр атахтысты азтæ,

Нæ фылдæры нын байста

Æнæхатыр мæлæт.

Кæдмæ цæуæм нæ къæхтыл,

Лæгъз быдырты уа, рæгътыл —

Нæ уыдзыстут æвæд.

 

Ацы аз «Рæстдзинад» бæрæг кæны йæ 95 азы кадджын юбилей. Мах хуызæн кæд сæ хуыз иумæ систой, уæд мæ бафæндид, 55 азы фæстæ сæ хуыз куы сисиккой, 95 азæй къаддæр кæуыл нæ цæуы, уыдон. ДЗАСОХТЫ Музафер

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here