Арфæ Торчынты Михалы бинонтæн

0
542

 

20 æмæ 23 сентябры джызæйлаг Торчынты Михалы бинонтæй дыууæйæн уыдзысты сæ райгуырæн бонтæ.

Йæ фыртыл, Торчынты Асланыл, мах æй иууылдæр Асик хонæм, æххæст кæны 23 азы.

Асик иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци Джызæлы 1-æм астæуккаг скъола, уый фæстæ ацыд Тæтæры сæйраг горæт Хъазанмæ. Уым ахуыр кæнынмæ бацыд æфсæддон академимæ æмæ йæ каст фæцис сырх дипломимæ. Ахуыргæнгæйæ дæр йæхи равдыста фæзминагæй, коммæгæсæй, хæларзæрдæйæ. Кад ын кодтой æмæ йæ бирæ уарзтой, куыд сæ разамынд, афтæ йе ‘мбæлттæ дæр. Арæх-иу ын сæрвыстой йæ ныййарджытæм арфæйы писмотæ дæр. Иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ кæй фæци ахуыр, фæзминаг æмæ коммæгæс кæй уыд, уый тыххæй йын бар радтой, кусынмæ, йæхи кæдæм фæнды, уырдæм æй арвитой. Æмæ йын, кæд ахæм гæнæн уыди, Уæрæсейы сæйрагдæр горæттæй Мæскуы кæнæ Петербург равзарыны бар, уæддæр равзæрста нæхи Ирыстон. У лейтенант, службæ кæны 20634 æфсæддон хайы. Уырны нæ, цы кæстæрты йын бабар кæной, уыдонæн алцыдæр æххæстæй кæй амондзæн, йæхæдæг цы зонындзинæдтæ райста, уыдон.

Альбинæ, ай диссаг нæу! Дæ лæппу дæуæй у æртæ боны «хистæр». Фæлæ ницы кæны, иумæ сæ-иу сбæрæг кæндзыстут. Дæ райгуырæн бонæй та дыууæ къуырийы фæстæ, октябры райдайæны уæ хæдзары цы гыццыл хуры тын хъомыл кæны, Орнеллæ, ууыл сæххæст уыдзæн дыууæ азы. Сывæллон бинонтæн у сæ зæрдæйы уидаг, фæллад сурæг, зынтæ рохгæнæг. Дзæбæхæй бахъомыл уæд йæ бинонты, æмæ йæ бирæ чи уарзы, уыдоны фæндиаг. Ноябры 2-æм бон та у гыццыл Орнеллæйы ныййарæг Дзерассæйы райгуырæн бон. Амондджын у, Дзерассæ!

Уæдæ, уе ‘ппæтдæр зæрдæрухсæй, домбайæ бæрæг кæнут уæ райгуырæн бонтæ уæ сæдæгай азтæм! Æрмæст райгуырæн бонтæ нæ, фæлæ уæ алы бон дæр цинтæй дзаг куыд уа, ахæм цард уын Хуыцауы цæст бауарзæд!

Ацы зæрдиаг арфæтæ уын кæнынц: ЦЫРЫХАТЫ Светæ, ДОЙЙАТЫ Розæ, УАТАТЫ Азæ, ДРИАТЫ Луизæ æмæ йæ кæстæртæ Сæрмæт æмæ Данæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here