Фыццаг къахдзæфты цин

0
478

 

РЦИ-Аланийы Нывгæнджыты цæдисы равдыстыты залы байгом ног цымыдисаг равдыст «Школа мастерства». Æвдыст дзы цæуынц, Ирыстоны алы фæлтæрты нывгæнджытæ ССР Цæдисы æмæ Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæтты дæсныйад исгæйæ студенттæй цы сфæлдыстадон куыстытæ скодтой, уыдон. Аивадиртасджытæ æмæ аивадуарзджытæ æхсызгонæй фендзысты, равдыстмæ 45 нывгæнæгæн цы 130 куысты хаст æрцыд, уыдон.

Равдысты фенæн ис, нæ Нывгæнджыты цæдисы хистæр фæлтæр сæ равзæрст дæсныйады фыццаг къахдзæфтæ куы кодтой, ома, 60-æм, 70-æм, 80-æм азты цы нывтæ скодтой, уыдон. Кæттæгты бын фыстытæм нæ кæсгæйæ сæ æрмдзæфæй бæрæг дарынц, æмæ æнцонæй базонæн сты Дзбойты Михалы, Гасынты Жоржы, Челæхсаты Магрезы, Иван Нестеренкойы, Бигъаты Юрийы, Айларты Таймуразы, Евгений Шугаевы, Валентинæ Третьяковайы æмæ иннæты куыстытæ. Æвдисынц дзы уыцы рæстæджы мон, дуджы комулæфт.

Равдысты нывкæнынады алы жанрты конд куыстытæ æвдыст кæй æрцыдысты: æрдзы нывтæ, натюрморттæ, портреттæ, сюжетон куыстытæ, уый йæ кæны ноджы хъæздыгдæр æмæ бирæвæрсыгдæр.

Историон хъайтартæ æмæ цаутæ, ирон адæмы таурæгътæ æмæ кадджытæ мидисджынæй æвдыст цæуынц нырыккон нывгæнджытæ Кцойты Юри, Кучиты Аслан, Цæллагты Фатимæ, Мæргъиты Таймураз, Джидзалаты Анжелæ, Къодоты Софья, Царахаты Владимир, Наталья Юркова æмæ иннæты куыстыты.

Равдыстыл афæлгæсгæйæ, нæ бон у хатдзæгтæ скæнын, ирон нывкæнынад къæпхæнгай куыд рæзт, цавæр ивддзинæдтæ дзы цыд, уыдонæн.

Ахæм зæрдæмæдзæугæ равдыст скæнын уыд Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Мæргъиты Таймуразы фæндон, æмæ йæ нывгæнджытæ уайтагъд сæ зæрдæмæ айстой. Раздæр дæр Нывгæнджыты цæдисы уыд иумæйаг равдыстытæ. Фæлæ уыдоны æвдыст цыдысты хицæн уæлдæр ахуыргæнæндæтты рауагъдонты сфæлдыстадон куыстытæ. Иумæйаг равдыст та арæзт æрцыд фыццаг хатт. Уымæй дæр нырыккон куыстытæ нæ, фæлæ, студентæй кæй сныв кодтой, уыдон.

Равдыст гом кæнгæйæ раныхас кодтой нывгæнджытæ Мæргъиты Таймураз, Дзбойты Михал, Гасынты Жорж, Чеджемты Иринæ, Кцойты Юри, Валерия Третьякова, ЦИПУйы ирон филологийы декан Хозиты Барис æмæ иннæтæ.

Нывгæнджыты æрымысыдысты сæ æрыгоны бинонтæ, зæрдæты сног сты æнкъарæнтæ, цаутæ, уæды рæстæг, сæ ахуыргæнджыты нæмттæ, сæ фæдзæхстытæ æмæ сæ цæстуарзонæй дзырдтой, равдыстмæ цы суинаг нывгæнджытæ æрбацыд, уыдонæн.

— Ирыстоны зындгонд нывгæнджытæ дæсныйад цы ахуыргæнæндæтты райстой, уыдон сты бирæ æмæ нывгæнæджы палитрæйыл алы ахорæнтæ куы рарæгъ вæййынц, уыйау æвдыст æрцыдысты ацы равдысты сæ фыццаг къахдзæфтæй нывкæнынады аивады, — загъта Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Мæргъиты Таймураз. — Хорз чи ахуыр кодта, ахæмтæ се ‘хсæн бирæ ис. Æмæ цы равдисæм, уый дæр нæм ис. Æхсызгонæн нæ Ирыстоны ис бирæ æрыгон нывгæнджытæ, студенттæ æмæ уыдонæн дæр пайда уыдзæн хистæр нывгæнджытæ, сæ ахуыргæнджытæ сæ кары куы уыдысты, уæд цæуыл куыстой, уыдон фенын. Абон, хъыгагæн, нывкæнынады академион скъолайы ахуыртæ гыццыл фæцудыдтой, ацы равдыст та ирдæй æвдисы раздæры скъолайы ахуырты бындур æмæ дзы кæстæртæ, æнæмæнг, хъуамæ спайда кæной, цæмæй сахада сæ куыстытыл. Мах хъуамæ нæ размæ сæвæрæм уыцы скъоламæ фæстæмæ раздæхыны нысан.

ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here