29 октябры Фæскомцæдисы организацийыл æххæст кæны 100 азы. Æвзонгæй æмæ æрыгонæй фæскомцæдисы рæнхъытæм кæй райстой, уыцы фæлтæртæй иунæг адæймаг дæр ахæм нæ разындзæн, уыцы дуг йæ зæрдæйы æмæ йæ уды арфы рæсугъд мысинагæй кæмæн нæ баззад. Æрыгон фæсивæды организаци нæ бæстæйæн цы бирæ хæрзтæ æрхаста, уыцы хъуыддæгтæ банымайæн дæр нæй. Уымæн æмæ Советон цардарæзт уыдоны фæрнджын куыст уыдис, сæ удты сыгъдæг фæллой æмæ хъæбатыр сгуыхтдзинæдтæ. Фæскомцæдисы сæвзæрд хуымæтæджы хъуыддаг нæ уыд, фæлæ æвзонг æмæ æрыгон чызджытæ æмæ лæппуты цæхæр зæрдæты иудзинад. Райгуырæн бæстæйæн рæсугъд æмæ амондджын фидæн саразыны бæллиц кæмæ уыдис, ахæм фæсивæд. Чи нæ зоны граждайнаг хæсты архайæг Павел Корчагины «Куыд æхсыстис æндон». Роман æмæ кинонывы сæйраг хъайтары фæлгонц уæлтæмæны иста йæ сыгъдæгзæрдæ, рæсугъд конд æмæ патриотизмы миниуджытæй. Фæскомцæдисы намысджын традицитыл дзургæйæ, æнæзæгъгæ нæй, Цæгат Ирыстоны æрыгон фæсивæды змæлды фæдыл дæр, Советон хицаудзинадыл тохы сæ фыццаг къахдзæфты тыххæй. Уыдон уыдысты, Уæрæсейы паддзахы рæстæг чи райгуырд, æххормаг бонтæ, мæгуыр цæрдтытæ æмæ иудадзыг бонджынтæ æмæ хъæздгуыты къæхты бын ссæст чи уыд, ахæм фæсивæд. Азæй-азмæ сæ зæрдæйы рæзыдис æнæуынондзинад кълассон знæгтæм. Владимир Ленины арæзт большевикон парти уыцы фæсивæды йæ фæдыл акодта паддзахы ныхмæ тохмæ.
Уæрæсеимæ абаргæйæ, уыцы заман, Терчы облæсты, Цæгат Кавказы фæскомцæдисы архайд уæззау уавæры цыдис, уымæн æмæ бирæ рæтты нæ уыд партион организацитæ, национ ахастдзинæдтæ та нывыл нæ уыдысты. Фæлæ, уæддæр Цæгат Ирыстоны фæскомцæдисон организаци сси Цæгат Кавказы егъаудæр æмæ куыстхъомдæр. Ног царды арæзтады æмæ контрреволюциимæ тохы равдыста хъæбатырдзинад.
Февралы буржуазон-демократон революцийы Уæрæсейы фæсивæд сыстадысты æмхуызонæй сæрибар царды мæгуыр адæмы сæраппонд тохмæ. Се ‘хсæн уыдысты Цæгат Ирыстоны фæсивæд дæр. Уæд райдыдтой аразын фæсивæдон цæдисы къордтæ, сæ разæй революцион интеллигенцийы æмæ кусæг къласы раззагдæр минæвæрттæ, афтæмæй. Зынгæ бынат ацы змæлды бацахстой студенттæ. Иуæй-иутæ дзы Ирыстонмæ æрыздæхтысты «цæттæ» революционертæй. Уыдонæй уыдысты Цæголты Георги æмæ Григорий Ильин.
Цытджын Октябры Социалистон революцийы уæлахизы размæ Уæрæсейы ныхас цыдис, фæсивæды революцион цæдис саразыныл. Æмæ, большевикты партийы æхсæзæм съезд рахаста сæрмагонд резолюци «О союзах молодежи».
1917 азы Надеждæ Крупская, Яков Свердлов æмæ партийы иннæ зындгонд архайджыты хъæппæрисæй Мæскуыйы æмæ иннæ горæтты арæзт цыдысты кусæг æрыгон фæсивæды цæдистæ. Баиу сæ кодтой æмæ дзы рауад иу егъау организаци. 1918 азы партийы уынаффæмæ гæсгæ арæзт æрцыд, мæгуыр æмæ кусæг къласы фæсивæды цæдисы фыццаг æппæтуæрæсеон съезд. Ацыд Мæскуыйы 29 октябры 1918 азы. Съезд бакуыста æмæ сфидар кодта фæсивæды цæдисы программæйы сæйраг нысантæ. Уыдон уыдысты: Цæдис Уæрæсейы Коммунистон партиимæ кæй æвæрынц иумæйаг хæс сæ размæ коммунизмы идейæтæ парахат кæныны æмæ Советон Уæрæсейы активон арæзтадмæ ноджы фылдæр æрыгон фæсивæды здахыны фарста. Цæдис у — хæдбар организаци.
Ахæм цæдис фæзынд Цæгат Ирыстоны дæр уыцы аз. Партийы Дзæуджыхъæуы комитеты большевиктæ Александр Зубков æмæ В. Вахтадзейы разамындæй арæзт æрцыд хъæппæрисджын къорд æрыгон фæсивæды раззагдæр минæвæрттæй. Василий Кудрявцев, Хетæгкаты Петр, Андрей Гармаш, Ольгæ Гагина, Илья Никонов, Нинæ Зубкова, Акакий Кавтарадзе, Михаил Романов. Ацы чызджытæ æмæ лæппутæ уыдысты Цæгат Ирыстоны æппæты фыццагдæр фæскомцæдисонтæ. Уыдис сæм сæхи тырыса дæр. «Æппæт бæстæты пролетартæ, баиу ут»-ы лозунгимæ. Тырысайы астæу организацийы ном — «Коммунистический союз молодежи «Спартак». Йæ фарсмæ — стъалы, æхсырф, дзæбуг æмæ гом чиныджы нывтæ. Ацы тырысайы бынмæ систой сæ фыццаг къам дæр.
Спартаконты клуб уыдис Дзæуджыхъæуы Марияйы уынджы (абоны Маркусы уынг, физиотерапевтон рынчындоны бæстыхайы) дыккаг уæладзыджы. Балкъоны та ауыгъд уыдис сæ транспарант «Тираны мира, трепещите, юный пролетариат восстал». Клубы цард уæд цæджджинагау фыхти. Ацы ран цыдысты фæскомцæдисонты æмбырдтæ, кастысты лекцитæ, докладтæ, фæсивæды истой фæскомцæдисы рæнхъытæм дæр.
1918 азы декабры уыд иумæйаг æмбырд «Спартачы» фæскомцæдисонтæн. 1918 азы 14 декабры фæскомцæдис мин экземпляры мыхуырæй рауагъта кусæг фæсивæдмæ сидт. Сарæзта йæ Илья Никонов. Мыхуыргонд та æрцыд газет «Народная власть»-ы. Сидты фыст уыдис: «Товарищи, инициативная группа призывает вас откликнуться на ее призыв и вступить в члены организуемого клуба «Спартак». Чуткая трудовая молодежь! К вам мы обращаемся со своим словом: отдайте свойственные молодости весь ваш пыл и огонь делу нарождающейся организации!”
Фидаргонд æрцыд устав æмæ равзæрстой комитет. Йæ сæрдарæй нысангонд æрцыд Василий Кудрявцев. 1918 азы 7 ноябры рацыдысты Октябры революцийы фыццаг азы кадæн демонстраци æмæ митингмæ. Уыцы бон митинджы Илья Никонов йæ раныхасы загъта, Терчы республикæйы фæллойгæнæг фæсивæд æнгом кæй æрбалæууыдысты Коммунистон партийы фарсмæ æмæ кæй тох кæндзысты контрреволюцийы ныхмæ мæгуыр адæмы æмæ коммунизмы уæлахизы сæрвæлтау.
Цæгат Ирыстоны æрыгон фæсивæд сæ фыццаг хæстон ардбахæрд райстой 1918 азы августы цауты рæстæг. Уæд Дзæуджыхъæумæ æрра балбирæгътау æрбалæбурдтой Деникины бандæтæ. Уыдон хъавыдысты Сырх Æфсады штаб бацахсын, фæлæ сын аккаг ныхкъуырд лæвæрд æрцыд. Горæты курскаг æмæ молоканаг слабодкæты æрыгон фæсивæд сæ хистæртимæ дыууадæс боны тугкалæн хæсты мидбæстаг знагæй бахъахъхъæдтой сæ горæт.
Тæссаг азтæ уыдысты. Цыдис граждайнаг хæст. Нæ бæстæйы Хуссары æрбынæттон сты инæлар Деникины æфсæддон хæйттæ. Бацахстой Пятигорск, Кисловодск, Георгиевск, æрбахæццæ сты Дзæуджыхъæумæ дæр. Амы фæскомцæдисы комитет рахаста Деникины ныхмæ сæ æппæт уæнгты сыстын кæныны уынаффæ. Газетты фæрстыл фæскомцæдисы комитеты уæнгтæ фæсидтысты Ирыстоны фæсивæдмæ, революцийы фарс рахæцыны тохмæ. Фæскомцæдисонтæ Ольгæ Гагина, Нинæ Зубкова медицинон хоты курсытæ каст фæуыны фæстæ æххуыс кодтой уæззау цæф сырхæфсæддонтæ æмæ тифæй рынчынтæн. Горæт бахъахъхъæныныл зæрдиагæй архайдтой Курскаг слабодкæйы фæллойгæнджытæ, завод «Алагир»-æй — Поздняков, Козыренко, Кафанов, Романов æмæ Плутахин.
Шкуройы бандæ Дзæуджыхъæу куы бацахста, уæд райдыдтой сæ фыдракæндтæ фæскомцæдисонты ныхмæ. Джигул сæм кодтой, ахстой æмæ ауыгътой сырхæфсæддонты. Фæскомцæдисонтæй фылдæр зылдысты Илья Никоновы фæдыл. Иу рæстæджы йе ‘мцæдисон Андрей Гармашимæ Лев Толстойы уынджы цардысты. Æрвыстой æххормаг зын бонтæ. Се ‘мбæлттæ сын уырдæм сусæгæй къæбæр хастой. Ныфсхаст æмæ хъæбатыр разынд Нинæ Зубкова дæр. Уый-иу урсгвардионты штабмæ æдасæй бацыд, æндæр мыггагæй-иу йæхи рахуыдта, афтæмæй. Æмæ-иу бирæ хъæугæ информаци уый фæстæ лæвæрдта Сырх Æфсады штабæн. Нинæйы æрцахстой æмæ йæ стыр хъизæмæрттимæ амардтой.
1920 азы мартъийы Деникины æфсæдтæ дæрæнгонд æрцыдысты, æмæ Цæгат Ирыстоны фæллойгæнæг адæм сæрибарæй сæхи банкъардтой. Райдыдтой граждайнаг хæстæй пырхгонд адæмон хæдзарад йæ къæхтыл слæууын кæныны хъуыддагыл кусын. Дзæуджыхъæуы Сырх Æфсады хæйттæ куы фæзындысты, уæд æрыгон фæскомцæдисон Хетæгкаты Петр сæ раздæры клуб «Спартак»-мæ æвæстиатæй батагъд кодта æмæ раздæр Ольгæ Гагинаимæ урсгвардионтæй кæй бамбæхстой, уыцы Сырх тырыса рахаста.
Большевикты обком стыр аргъ скодта фæсивæдон организацийæн æмæ снысан кодта Ольгæ Гагинайы инструкторæй, стæй йæ фыццаг иумæйаг æмбырды та секретарæй равзæрстой.
Дзæуджыхъæуы фыццаг фæскомцæдисон Ольгæ Гагина райгуырд Курскаг слабодкæйы, гимназ каст фæуыны фæстæ дарддæр ахуыр кодта политикон институты, стæй та — Ленинграды университеты æмæ йæ каст фæци 1927 азы. Куыста Ирыстоны горкомы фыццаг секретарæй, партион оргæнты. Фæцард 90 азы.
Фæскомцæдисы горкомы æмбырдтæй иуы æвзæрстой делегат, Мæскуымæ III съездмæ кæй арвыстаиккой, ахæм адæймаджы. Фæскомцæдисонтæ иууылдæр схъæлæс кодтой Хетæгкаты Петры кандидатурæйыл. Хетæджы-фырт райгуырд 1904 азы Хуссар Ирыстоны хъæу Цъунагары (Ныр Къостайыхъæу) 1917 азы йæ бинонтæ æрцардысты Дзæуджыхъæуы, абоны Революцийы уынджы 4-æм хæдзары. Астæуккаг скъолайы фæстæ Петр дарддæр ахуыр кодта нæлгоймæгты гимназы, уарзта æхсæнады, митингты æмæ демонстрациты активонæй архайын. Йæ риуыл иудадзыг дардта сырх хъуымацы гæппæлæй бант.
Дзæуджыхъæуы, фæсивæды Коммунистон цæдис «Спартак» куы сарæзтой, уæд Хетæгкаты Петр бацыд комитетмæ. Уыдис фыццаг ирон фæскомцæдисон. Петр дæр Ольгæ Гагинайы хуызæн уыдис фæскомцæдисы горком æмæ обкомы уæнг, куыста партион оргæнты. 30-æм азты Петр репресситы рæстæг ахст æрцыд æмæ ахæстоны амард. Партион æмæ фæскомцæдисон разамонджытæ стыр куыст кодтой, фæскомцæдисы организацимæ хъæуты æрыгон фæсивæды æрбаздахынмæ. Иу ахæм фæскомцæдисон къорд арæзт æрцыд Æрыдоны. Йæ раздзæуджытæ уыдысты: Зæнджиаты Харитон, Хосроты Аврам æмæ Бесолты Гайси. Дыгуры та — Дзагуырты Георги. Георги уыдис граждайнаг хæсты архайæг. Ахуыр кодта Мæскуыйы, Плехановы номыл адæмон хæдзарады институты.
1920 азы майы фæскомцæдисон къордтæ сарæзтой ДаргъКъохы дæр. Сæрдарæй дзы равзæрстой Брциаты Алыксандры. Йæ къорды æппæт фæскомцæдисонтæ дæр бацыдысты бандитизмимæ тохы организацимæ. Алагиры фæскомцæдисы активист уыдис Гозымты Габо. Æвзæрст æрцыд РКСМ-ы райоргбюройы сæрдарæй, уый фæстæ та — Дзæуджыхъæуы фæскомцæдисы окружкомы секретарæй.
Елхоты фæскомцæдисон организацийы бындурæвæрæг уыдис Сæлбиты Хъамболат. Фæскомцæдисы къорды секретарæй та æвзæрст æрцыд Кодзырты Хадзыбечыр. Куыд активист, афтæ йæ арвыстой Терчы облæсты партион скъоламæ. Уыцы рæстæг ма дзы ахуыр кодта ирон фæсивæдæй фыццаг фæскомцæдисонты рæнхъæй Цомайты Ольгæ.
Лескены фыццаг фæскомцæдисонтæ уыдысты Уæдаты Андрей, Хъараты Тембол, Калоты Мæхæмæт æмæ Саукуйты Созырыхъо. Секретарæй та равзæрстой Дзетцеты Аслæнджерийы.
1920 азы 10 сентябры Æрыдоны уыд Ирыстоны Коммунистон фæсивæды цæдисы фыццаг съезд. Ныхас дзы цыдис, Советон хицаудзинад фидардæр кæныны, бандитты къордтæ ныппырх кæныны æмæ зиутæ аразыны фарстатыл. Æвзæрст æрцыд окруджы комитет, Зæнджиаты Харитон, Бесолты Гайси, Таутиаты Алыксандр æмæ Гозымты Габойы разамындæй.
1924 азы Цæгат Ирыстон автономон республикæмæ кæй сырæзт, уый бындурыл æвзæрст æрцыд Цæгат Ирыстоны фæскомцæдисы облæстон организаци, йæ сæргъы фæскомцæдисы обком, афтæмæй. Обкомы фыццаг секретарь сси фæлтæрдджын раздзог Хосроты Аврам. Уый уыдис зынгзæрдæ патриот, зондджын организатор æмæ разамонæг, Ленины хъуыддæгтыл æнувыд фæскомцæдисон. Аврам репресситы рæстæг хаст æрцыд, фæлæ æрыздæхт уæззау рынчынæй æмæ бирæ нал ацард. Йæ фæстæ фæскомцæдисы Цæгат Ирыстоны обкомы секретартæ алы азты уыдысты: Джыккайты Владимир, Хадыхъаты Тасолтан, Гуыриаты Алик, Таболты Гермæн, Хъойбайты Николай, Таматы Батырбег, Хъайтыхъты Михаил æмæ Тотраты Хадзыбатыр. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæззау азты та — Пхалæгаты Владимир. Фараст азы бæрц фæскомцæдисы Цæгат Ирыстоны обкомæн разамынд лæвæрдта Хъуылымбегты Мария.
САУТÆТЫ Тамилæ