Фæкæсинаг адæймагæн æххуыс хъуамæ уа афоныл æмæ нывыл

0
413

 

Социалон фарстатæ алкæддæр уыдысты æмæ сты, парти «Иугонд Уæрæсе» йæ размæ цы хæстæ æвæры æмæ цы хъуыддæгтæ æххæст кæны, уыдонæй иу. Уыцы фарстатæн сæ ахсджиагдæртæй у, инвалидты, стæй, се ‘нæниздзинадмæ гæсгæ сæ авналæнтæ цыбыр кæмæн сты, ахæм адæмы æхсæнадмæ æрбаввахсдæр кæнын, сæ хъæндзинад сын царды къуылымпыйы хос цæмæй ма уа æмæ æхсæнады аккаг уæнгтæй сæхи æнкъарой, ууыл архайын.

Ацы фарстаты фæдыл знон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстонйнаг хайады хъæппæрисæй «Инвалидты æмæ, йæ бон цæуын кæмæн нæу, ахæм ацæргæ адæмы реабилитацийы республикон центр»-ы уыд æмбырд. Ныхасы сæр уыд «Йе ‘нæниздзинады уавæрмæ гæсгæ йæ авналæнтæ цыбыр кæмæн сты, ахæм адæмы æхсæнадмæ æрбаввахсдæр кæнын æмæ сын уый тыххæй æххуысы мадзæлттæ æмæ æнцон фадæттæ аразын». Инвалидтæн царды аккаг уавæрты аразыны тыххæй сæрмагонд программæ нæ республикæ æххæст кæны 2012 азæй фæстæмæ. Уыимæ, уый у, парти «Иугонд Уæрæсе» дæр цы социалон проекттæ æмæ программæтæ æххæст кæны, уыдонæй иу.

Æмбырд амыдта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Цæгат Ирыстоны регионалон æххæсткомы секретарь, Парламенты депутат Ортабайты Тимур, архайдтой дзы Инвалидты республикон центры хицау Цæллагты Жаннæ, «Иугонд Уæрæсе»-йы партион проект «Единая страна — доступная среда»-йы сæрдар Цæгат Ирыстоны Махъоты Иринæ, профилон министрадтæ æмæ ведомствоты минæвæрттæ, республикæйы Парламенты депутаттæ.

Æмбырды архайджытæ ныхас кодтой, горæты инфраструктурæйы объекттæй, коммерцион æмæ æнæкоммерцион медицинон кусæндæттæй пайда кæнын инвалидты бон у æви нæ, ууыл; се ‘нæниздзинадмæ гæсгæ сæ авналæнтæ цыбыр кæмæн сты, ахæм адæм æхсæнадмæ цæмæй æрбаввахсдæр уой, уый тыххæй сын ахуыртæ аразын æмæ уыимæ баст сæрмагонд ахуырадон процесс æххæст кæныныл; инвалидтæн куысты бынæттæ аразын æмæ сæ бартæ хъахъхъæнынимæ баст æндæр фарстатыл. Раныхасгæнджытæ уыдысты РЦИ-Аланийы Фæллой æмæ социалон рæзты министрады инвалидтимæ куысты хайады сæргълæууæг Дзгойты Зæлинæ, «Быть добру», зæгъгæ, хæрзаудæн фонды президент Хъуысаты Амырхан æмæ иннæтæ. Дзгойты Зæлинæ куыд радзырдта, афтæмæй, ныхас цы программæйыл цæуы, уымæн йæ сæйраг нысан у æнæниздзинад хъахъхъæнынад, ахуырад, культурæ, транспорт, спорт æмæ æндæр социалон нысаниуæджы объектты инвалидтæн æнцонвадат уавæртæ аразын, сæ бон сæ æнæкъуылымпыйæ пайда кæнын куыд уа, афтæ. Инвалидтæн аккаг уавæртæ ныридæгæн ис 184 ахæм объекты, фæлæ ма сæ саразын кæм хъæуы, нæ республикæйы ахæм социалон объекттæ сты 400 фылдæр, æмæ уыдонæй пайда кæнын инвалидты бон нырма нæу.

Цæллагты Жаннæ куыд загъта, афтæмæй инвалидты нымæц нæ республикæйы ныртæккæ у 72 мин адæймаджы, уыдонæй 325 рынчынæн цæуын сæ бон æппындæр нæу æмæ бадынц коляскæты. Уыдонæн сæ фылдæрæн цæрыны аккаг уавæртæ арæзт кæд æрцыдысты, уæддæр ма, фыццæгæм уæладзыгмæ раивын кæй хъæуы, ахæм инвалидтæ сты 15, æмæ æнхъæлмæ кæсынц, сæ уавæртæ кæд фæхуыздæр уыдзысты æмæ æнæ искæй æххуысæй уынгмæ рацæуын сæ бон кæд уыдзæн, уымæ. Уый тыххæй сын сæ фатертæ хъæуы уæллаг уæладзгуытæй фыццæгæм уæладзгуытæм раивын. Уæвгæ та, Цæллагты Жаннæйы ныхасмæ гæсгæ, республикæйы иунæг ахæм бирæуæладзыгон цæрæн хæдзар дæр нæй, æмæ инвалидты домæнтæн йæ уавæртæ дзуапп кæмæн дæттынц.

Æмбырды архайджытæ цы уынаффæтæ рахастой, уыдон баст сты инвалидтæ æмæ, се ‘нæниздзинадмæ гæсгæ сæ авналæнтæ цыбыр кæмæн сты, ахæм адæмы социалон бартæ хъахъхъæнынимæ æмæ æхсæнадмæ сæ æрбаввахсдæр кæныны тыххæй мадзæлттæ дарддæр æххæст кæнынимæ, стæй паддзахадон æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæн се ‘ргом ацы фарстатæм ноджы тынгдæр раздахынимæ. Æмбырды архайджытæ куыд загътой, афтæмæй паддзахадон æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ, стæй æхсæнадон организацитæ сæ хъарутæ куы баиу кæной, уæд инвалидтæн æмæ æххуысхъуаг адæмæн цæрыны æмæ архайыны аккаг уавæртæ арæзт цæудзæн ноджы фылдæр, æмæ уыдзысты хуыздæр æмæ нывылдæр.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ Къам систа ЦÆГÆРАТЫ Дауыт

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here