Цалцæггæнинаг фæндæгтæ

0
253

 

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты цæгатирыстойнаг хайады уæнгтæ цæрджытимæ иумæ сбæрæг кодтой цалцæггæнинаг æмæ базилинаг уынгты хыгъд. Уыимæ, хыгъд аразгæйæ, ахсджиаг уыдис, республикæйы цæрджытæ сæхæдæг куыд хъуыды кæнынц, сæ уынгты уавæр куыд уынынц, уый. Зæгъæм, Дзæуджыхъæуы цæрджытæй 4284 адæймаджы фронты уæнгтимæ иумæ сбæрæг кодтой æмæ базилинагыл банымадтой 113 уынджы. Республикæйы та бæрæггонд æрцыд 155 базилинаг уынджы, сæ дæргъ у 97 километры

Æппæт уыцы бæрæггæнæнтæ æхсæнадон архайджытæ барвыстой горæты æмæ районты разамонджытæм, цæмæй 2019 азмæ цалцæггæнинаг уынгты пъланмæ хаст æрцæуой. Афтæ зæгъæн нæй, æмæ нырмæ фронты уæнгтæ æмæ граждæнтæ цы цалцæггæнинаг фæндæгтæ фæбæрæг кодтой, уыдонмæ каст нæма æрцыд. Ныридæгæн Дзæуджыхъæуы 35 фæндаджы цалцæггонд æрцыдысты, 23 фæндагмæ бындуронæй базылдысты, 12 фæндæгтæ та бампъызтой. Ныртæккæ куыстытæ цæуынц Гæздæнты æфсымæрты, Колыйы-фырты, Къостайы проспект æмæ Дзæуджыхъæумæ Джызæлы’рдыгæй æрбахизæн фæндæгтыл. Фæлæ адæм сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй Дзæуджыхъæуы ис, бынтон заууат чи у, ахæм 78 фæндаджы хайы.

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты цæгатирыстойнаг хайады уæнг Таутиаты Хъазыбег куыд зæгъы, афтæмæй адæмы мæты æфтауынц Реданты поселочы Сосновая, Щукинты æфсымæрты, Весенняя (15), инæлар Дзусы-фырты æмæ Гончаровы уынгты уавæр. Афтæ зæгъæн ис, æмæ сты къуыппытæ æмæ дзыхъхъытимæ. Таутийы-фырты хъуыдымæ гæсгæ, республикон хицаудзинадмæ фæхæццæ ис цæрджыты курдиат æмæ сæ зæрдæ дарынц, 2019 азмæ фæндæгтæ цалцæг кæныны пъланмæ хаст кæй æрцæудзысты, ууыл.

Цалцæггæнинаг сты Рахизфарсы, Кировы, Æрæфы æмæ Мæздæджы районты фæндæгты хай дæр. Цæрджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй дзы бирæ рæтты ис гом канализацион люктæ, асфальты æмбæрзт ныппырхытæ, бæрæг дзы нал сты фæндаггон нысантæ.

БÆДТИАТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here