Уæрæсейы Федерацийы Юстицийы министрады Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы управленийы хицауæй нысангонд æрцыд БЫГЪУЫЛТЫ Владимир. Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Александр МАТОВНИКОВ æмæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславы разыйы дзуапп райсгæйæ, Быгъуылы-фырты уыцы бæрнон бынатмæ снысан кæныны фæдыл УФ-йы юстицийы министр Александр КОНОВАЛОВ бардзырд бафыста 20 сентябры.
Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы прессслужбæ.
Дзæуджыхъæуы цы æмбырд сарæзтæуыд, уым юстицийы республикон управленийы коллективы сæ ног разамонæгимæ базонгæ кодтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ УФ-йы Юстицийы министрады Стъараполы крайы управленийы хицау Галинæ Морозова.
Фембæлды архайдтой сæйраг федералон инспектор РЦИ-Аланийы Андрей Бессонов, Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдары хæдивæг Кучиты Гари, республикæйы прокурор Владимир Векшин, барадхъахъхъæнæг оргæнты разамонджытæ, УФ-йы Юстицийы министрады дæлбар федералон службæты республикон дæлхайæдты, адвокаттæ æмæ нотариалон палатæты минæвæрттæ.
Быгъуылты Владимиры управленийы коллективимæ зонгæ кæнгæйæ, Галинæ Морозова йæ раныхасы куыд фæнысан кодта, афтæмæй йæ зæрдæ дары, Быгъуылы-фырты разамындæй закъоны уагæвæрдтæ æмæ адæмы бартæ хъахъхъæныны сæраппонд куыст ноджы æнтыстджындæрæй кæй цæудзæн, уый.
«Быгъуылты Владимир, бирæ бæрнон бынæтты бакусгæйæ, алкæддæр йæхи æвдисы дæсны æмæ хъæппæрисджын разамонæгæй. Дызæрдыг нæ кæнын, йæ профессионалон фæлтæрддзинад ын йæ дарддæры архайдæн ахъаз кæй уыдзæн, ууыл», — загъта Галинæ Морозова.
Быгъуылты Владимирæн арфæ ракæнгæйæ, Битарты Вячеслав йæ раныхасы куыд фæнысан кодта, афтæмæй УФ-йы Юстицийы министрад бæстон бакуыста управленийы разамонæджы кандидатурæ равзарыны фæдыл.
«Федералон министрады, Цæгат Кавказы федералон зылды УФ-йы Президенты Иудадзыгон минæварады аппарат æмæ Цæгат Ирыстоны разамынды иумæйаг архайды фæрцы уыцы бынатмæ æвзæрст æрцыд Быгъуылты Владимиры кандидатурæ. Ныфс мæ ис, йæ куыстхъомдзинад æмæ профессионалон дæсныдзинады фæрцы Быгъуылы-фырт управленийы размæлæууæг нысантæ æнтыстджынæй кæй æххæст кæндзæн, уымæй», — бафиппайдта Битары-фырт.
Зæгъын хъæуы, Быгъуылты Владимир дзæвгар рæстæг УФ-йы Мидхъуыддæгты министрады центрон аппараты кæй бакуыста, уый. Фæстаг рæстæг уыд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы уынаффæгæнæг.
Нæ уацхæссæг














