Формалон цæстæнгасæн дзы бынат нæй

0
576

 

РЦИ-Аланийы Наркотикты ныхмæ тохгæнæг къамисæн уыд радон æмбырд. Амыдта йæ къамисы сæрдар, республикæйы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав

 

Йæ разныхасы Битарты Вячеслав бафæдзæхста къамисы уæнгты, цæмæй хус раныхæсты бæсты кæной бæлвырд æмæ хъуыддаджы ныхас. «Æмбырдты фæбадæм, бирæ фæныхас кæнæм, фæлæ хъуыддаг йæ бынатæй размæ нæ цæуы, уавæр нæ ивы, наркотиктæ куыд уæй кодтой, афтæ сæ уæй кæнынц ныр дæр, æмæ сæ куыд пайда кодтой, афтæ сæ пайда кæнынц дарддæр», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.

Æнæ дохтыры амындæй наркотиктæ кæнæ психотропон буаргъæдтæй пайда чи кæны, афтæмæй царды раст фæндагмæ раздæхын кæй бафæндыд, уыдонæн æххуысы æмæ реабилитацийы мадзæлттæ кæм аразынц, ахæм центртæ, æхсæнадон иугондтæ æмæ организацитæ Цæгат Ирыстоны иу æмæ дыууæ не сты. Чи дзы Хохы Санибайы æрбынат кодта, чи Хидыхъусы, чи Холысты, чи Джызæлы, чи Ногиры, чи Куырттаты… Сæ размæ цы фарстатæ лæууы, уыдон лыг кæныныл куыд кусынц æмæ республикæйы хицаудзинад æххæстгæнæг оргæнтимæ æмархайд куыд кæнынц, уый фæдыл æмбырды раныхас кодта, æнæниз цардыуаг æрфидар кæнынæн æххуыс чи кæны, уыцы регионалон æхсæнадон организаци «Æнæниз Ирыстон»-ы разамонæг Дзахсорты Таймураз. Куыд радзырдта, афтæмæй наркоманты реабилитаци æмæ ресоциализацийы мадзæлттæ аразæг æппæт центртæн дæр ис, сæ куыст дзæгъæлы кæй нæу, ууыл дзурæг цæвиттонтæ. Æххуысагур сæм чи æрбацæуы, уыдонæн фылдæр хатт баххуыс кæнынц, æндæр горæттæ æмæ регионты ахæм центртæм сæ кæй арвитынц, уый фæрцы. Иннæтæн царды хос свæййы кæмæн йæ сыгъдæг уды фæллой, кæмæн дин. Æнæ æххуыс дзы ничи баззайы. Сæйрагдæр та уый у, æмæ, æнæниз цардыуагмæ раздæхгæйæ, уыдон скæнынц бинонтæ, рауадзынц цот.

Битарты Вячеслав бафиппайдта, реабилитацийы мадзæлттæ аразæг æппæт ацы центрты хъарутæ кæй хъæуы баиу кæнын, цæмæй кусой бæлвырд программæмæ гæсгæ æмæ загъта, стырдæр æргом аздахын кæй хъæуы республикæйы районты реабилитацийы центрты куыстмæ. «Формалон цæстæнгасæн бынат хъуамæ ма уа, уымæн æмæ, кæстæртæ кæмæн ис, иунæг ахæм адæймаг дæр, хъыгагæн, ацы бæллæхæй абон æдас нæу. Районты реабилитацийы центртæй рауад чиновникты структурæ, афтæмæй та уыдонæн сæ куыст у комкоммæ фæсивæдимæ, æмæ кабинетты нæ, фæлæ уынгтæм рацæуæнт, æмæ афтæмæй семæ кусæнт», — загъта къамисы сæрдар. Фарстайы фæдыл сæ хъуыдытæ загътой Алайнаг æмæ Дзæуджыхъæуккаг алчер фыд Леонид, РЦИАланийы Пысылмæтты дины управленийы сæрдар Гуæцæлты Хадзымурат, республикæйы мидъхуыддæгты министр Михаил Скоков æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Михаил Ратманов.

Къамисы уæнгтæ ма æркастысты æмбырды боны фæткы æндæр фарстатæм дæр. Раныхасгæнджытæ уыдысты республикон наркологон диспансеры сæйраг дохтыр Гæззаты Алыксандр, РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады Коррупцийы ныхмæ архайæг æмæ экономикон æдасдзинады управленийы хицау Гæдзæуты Аслан æмæ УФйы Æдасдзинады Федералон Службæйы РЦИ-Аланийы Арæнхъахъхъæнæг управленийы хицауы хæдивæг Михаил Великоцкий. Гæдзæуты Аслан куыд радзырдта, афтæмæй 2017 азы Мæздæджы районы центрон рынчындоны дыууæ дохтыры ныхмæ арæзт æрцыд уголовон хъуыддаг, нозтджынæй машинæ чи скъæрдта æмæ афтæмæй кæй баурæдтой, ахæм шофыртæн мæнг справкæтæ æхцайыл кæй ауæй кодтой, уый тыххæй. Битарты Вячеслав æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрæй æрдомдта ахæм халæн цау æруадзæг медицинон кусæндоны разамонæджы куыстмæ æркæсын, стæй канд уымæ нæ, цæмæй, урс халатджынтæй закъон халæг кæмæй рауад, уыдоны ныхмæ арæзт цæуа ноджы карздæр мадзæлттæ. Æмбырды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, ноджы карздæргæнинаг сты, наркотиктæ чи цæттæ кæны æмæ сæ чи уæй кæны, уыдоны ныхмæ æфхæрæн мадзæлттæ дæр.

Къамисы уæнгтæ цы бæлвырд мадзæлттыл баныхас кодтой, уыдон æххæст кæнынæн снысан кодтой бæлвырд æмгъуыдтæ. Уыцы мадзæлттæ æхæстгонд куыд æрцæудзысты, уымæ та каст æрцæудзæн къамисы иннæ æмбырды.

З.АГЕЕВА Къам систа ЦÆГÆРАТЫ Дауыт

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here