Арфæ Хæдарцаты Хазбийы фырт Махарбегæн

0
537

 

Уæгъдибар хъæбысхæсты йæ ном дунейыл кæмæн айхъуыст, Ирыстон сæрыстыр кæмæй у, абоны фæлтæртæн фæзминаг хистæр чи у, уыцы разагъды лæг Хæдарцаты Хазбийы фырт Махарбегæн 2 октябры у йæ райгуырæн бон.

Хорзы кой дардмæ хъуысы. Йæ номимæ суанг фæсарæнтæм айхъуыст йæ райгуырæн Ирыстоны ном дæр.

Дзæвгар рæстæг Махарбег фæкуыста Дзæуджыхъæуы бæгæныфыцæн завод «Дарьял»-ы директорæй. Хорзæй хорз зæгъын хъæуы. Адæмимæ кусын æнцон нæу, фæлæ цы коллективæн лæвæрдта разамынд цалдæр азы, уыимæ уыд æмæ абон дæр у иузæрдион.

Махарбег у бинонтæдарæг. Йе ‘мкъай Викæимæ сын Хуыцау балæвар кодта рæсугъд кæстæртæ. Ныййарджытæ сæ сывæллæтты сæвæрдтой æмæ æвæрынц раст цардвæндагыл, сты хæрзæгъдау æмæ ахуырмæ здæхт.

Хæдарцаты Махарбег бирæ хорз хъæппæристæ равдыста йæ райгуырæн Ирыстоны. Уыдонæн сæ сæйрагдæр у, уæгъдибар Хъæбысхæсты академи Дзæуджыхъæуы кæй байгом, уый.

Абон Махарбег æнтыстджынæй кусы Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды сæрдарæй. Адæм æй уарзынц æмæ йыл æууæндынц, йæ дарддæры куыст дæр адæмы фарнæн кæй уыдзæн, уый сæ уырны.

Нæ зынаргъ, нæ уарзон Махарбег! Арфæ дын кæнæм дæ райгуырæн боны фæдыл. Æнæниздзинад æмæ бинонты амонд — дæ хай. Дæ бирæ кæстæрты цинтæй æфсæст уæд дæ зæрдæ! Алы аз дæр хъæлдзæг райгуырæн бонтæ æрвит дæ уарзон бинонтæ, дæ хæлæрттæ, дæ зынаргъ хиуæттæ æмæ дæ Ирыстоны адæмимæ!

Сæумæрайсомæй зынг хуры тынтæ Сæнайы цъуппыл цæхæртæ акалынц, ныррухс вæййынц кæмттæ æмæ, дам, Ирыстоны сæумæрайсомы дзуæрттæ æмæ зæдтæ дæр, боны рухсыл цингæнгæйæ, фæтæхынц кæрæдзимæ. Се ‘ппæт дæр дын æххуысгæнæг уæнт! Æнусы сæрты сæрыстыр æмæ уæнгтæрогæй акæс! Махарбег! Лæгты дзуар — де ‘мбал!

Ацы зæрдиаг арфæтæ дын кæны ПАГÆТЫ-СÆЛБИТЫ Аллæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here