Фæрнæйдзаг у, Елхот!

0
544

 

Рæсугъд æмæ кадджын бæрæгбон уыдис Кировы районы. Елхот сбæрæг кодта йæ 180 азы юбилей. Знон Елхотмæ бирæ уазджытæ саккаг кодта, хъæуы цæрджытæн зæрдиаг арфæтæ ракæнынмæ, сæ циныл сын иумæ бацин кæнынмæ.

Бæрæгбоны архайдтой: РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Иринæ Азимова, нæ республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбег, Кировы районы муниципалон арæзты сæргълæууæг Нæкуысаты Барис æмæ «Гарантпромбизнес»-ы генералон директор Касаты Таймураз.

Бæрæгбон райдыдта ног скъола байгом кæныны мадзалæй. Скъола хæссы Советон Цæдисы Хъæбатыр Карсанаты Хъазыбеджы ном. Ацы скъолайæн бындур æвæрд æрцыд 1927 азы. Йæ уавæртæ кусынæн нал бæззыдысты æмæ йæ сæхгæдтой. Хъæуы цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты, сæ сабитæ ног, райдзаст æмæ хæрзвадат скъоламæ кæд бацæудзысты, уыцы цаумæ æмæ сыл уыцы бон æрцыд. Объекты арæзтад цыдис республикон дæлпрограммæ «Социально-экономическое развитие Республики Северная ОсетияАлания на 2016-2025 годы»-йы æмæ УФ-йы паддзахадон программæ «Развитие Северо-Кавказского федерального округа»-йы бындуртыл. Генералон подрядчик та уыд ООО «Гарантпромбизнес».

Скъола арæзт цыдис, æрæджы Сырх Дыгуры кæй байгом кодтой, уыцы скъолайы проектмæ гæсгæ. Уæрæхдæр ын фæкодтой йæ фæз. Скъола ифтонг у нырыккондæр техникæйæ æмæ ахуырæн хъæугæ ног мадзæлттæй. Скъолайы бæрæгбон байгом кодта Нæкуысаты Барис æмæ арфæтæ ракодта, хъæуæн ахæм æвæджиауы лæвар чи скодта, уыцы адæмæн: нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн, ахуырад æмæ наукæйы министр Иринæ Азимовайæн, арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбегæн. Радзырдта, зæронд скъолайы историйы æмæ дзы бирæ азты намысджын фæллой чи кодта, уыцы хистæр фæлтæры ахуыргæнджыты тыххæй.

Елхоты хистæртæй иу, районы Ныхасы сæрдар Къубалты Солтан æртæ чъири æмæ бæгæныйæ скуывта Стыр Хуыцаумæ æмæ бафæдзæхста, ног скъола æмæ йæ хъомылгæнинæгты, цæмæй сæ рæсугъд фæндæгтыл акæна скъола æмæ дзы кæддæр цы фæрнджын фæлтæртæ ацыд стыр цардмæ, сæ рæсугъд хъуыддæгтæ абон дæр зындгонд кæмæн сты, уыцы адæймæгты хуызæн æнтыстдзинæдтæ сæ къухы бафта.

Лентæ алыг кæныны фæстæ бæрæгбоны архайджытæ Битарты Вячеславимæ æрзылдысты ног скъолайыл, федтой йын йæ кълæстæ, кабинеттæ, тыргътæ æмæ уавæртæ.

Бæрæгбон дарддæр цыдис Елхоты Культурæйы галуаны. Ацы ран фæзы байгом кодтой æртæ бюсты хъæуы номдзыд лæгтæн, Социалистон Фæллойы Хъæбатыртæ Лазарты Аслæнбегæн, Дзгойты Ерусланæн æмæ Нæкуысаты Даккойæн. Митинджы мыггæгты минæвæрттæ радзырдтой сæ кадджын хистæрты царды хабæрттæ æмæ арфæтæ ракодтой, сæ нæмттæ сын сæнусон кæныныл чи бацархайдта, уыдонæн — районы разамындæн. Битарты Вячеслав сæвæрдта дидинджытæ алы бюсты раз дæр.

Уыцы бон хъæууон хæдзарады къабазы куыстуæттæ армукъайы равæрдтой сæ продукци. Нæ республикæйы Сæргълæууæг алы хойраг дæр федта, ныхас кодта продукциуадзджытимæ дæр.

Уый фæстæ Культурæйы галуаны Битарты Вячеслав паддзахадон хæрзиуджытæй схорзæхджын кодта Кировы районы цæрджытæй æхсæнадон царды æмæ нæ республикæйы хæрзæбонæн чи фæллой кæны, уыцы адæймæгты. Битары-фырт елхотæгтæн ракодта бæрæгбоны арфæтæ æмæ загъта:

— Елхот Ирыстоны æппæты рагондæр бынæттæй иу у. Алы дуг дæр дзы йæхи фæд ныууагъта. Цы бирæ зындгонд æмæ намысджын фæлтæртæ бахъомыл кодта канд нæ республикæйæн нæ, фæлæ нæ бæстæйæн дæр, уыдоны рухс нæмттæ æмæ кадджын хъуыддæгтæй не ‘ппæт дæр сæрыстыр стæм. Абон дæр дзы цæрынц æмæ фæллой кæнынц, сабырдзинад æмæ хæлардзинадæн стыр аргъ чи кæны, ахæм адæм. Фарн уемæ æмдзу кæны æмæ фæрнæйдзаг ут, Елхот, — загъта Битарты Вячеслав. РЦИ-Аланийы сгуыхт дохтыры ном лæвæрд æрцыд Кировы районы рынчындоны дохтыр Кодзырты Эльбрусæн;

РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæджы ном радтой Елхоты 3-æм æмæ 2-æм астæуккаг скъолаты ахуыргæнджытæн: Дзгойты Тамарæ æмæ Къудухты Тамарæйæн; РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæджы номы аккаг сси Плиты Георги.

РЦИ-Аланийы Кады гæххæттытæ та райстой: Челæхсаты Альберт æмæ Зæгъойты Андрей. Битарты Вячеслав Елхотæн балæвар кодта сывæллæттæн ног хъазæн фæз æппæт ифтонггæрзтимæ саразынæн сæрмагонд сертификат дæр.

САУТÆТЫ Тамилæ

Къамтæ систа ЦÆГÆРАТЫ Дауыт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here