Уарзон æмкъласонтæ

0
468

 

Кæрæдзимæ «чызджытæ» æмæ «лæппутæ» дзырдтой. Раст, 50 азы размæ скъола каст куы фесты, уæды хуызæн. Кæд сæ сæрыхъуын фæхалас, царды фæзилæнты ауадысты, кæд абон хъысмæтæй фæлтæрд сты, уæддæр уыцы æрыгон, цæхæрцæст æмæ хъæлдзæг фæсивæд сты. Æнæферохгæнгæ сабибонтæ æрымысынмæ, кæрæдзийыл ацин кæнынмæ сæмбырд сты, æнусы ‘рдæджы размæ Хъæдгæроны астæуккаг скъола каст чи фæцис, уыцы чызджытæ æмæ лæппутæ.

1968 азы уыдис ацы скъолайы 25-æм рауагъд. Ныццагъта фæстаг дзæнгæрæг, скъоладзаутæ радтой фæстаг фæлварæнтæ, иумæ сæмбæлдысты райсомы хурыскастыл. Сæуæхсиды фембæлдимæ, хъæумæ фæзилæны сарæзтой диссаджы хъазт. Кафынмæ иууылдæр хорз арæхстысты. Хъæууон клубы ирон кафты къордмæ бирæтæ цыдысты. Клубы директор, хæстон лæг Бокоты Додтан, сæ разамонджытæ Хъайтыхъты Хъазыбег, Туаты Къоста, кæддæриддæр æхсызгонæй æмбæлдысты фæсивæдыл, фæндырæй та сын Хаситы Эммæ цагъта.

Советон рæстæг хъуыстгонд уыд Хъæдгæроны скъола йæ ахуырдзауты æнтыстдзинæдтæй. Колхозы быдырон станы рувынæй, тыллæг æфснайынæй — алцæмæ дæр арæхстысты.

— Фарæстæм къласы, радон хатт, быдырон куыстыты кæй фесгуыхтыстæм, уый тыххæй нын балцæгтæ радтой туристон лагерь «Ирыстон»-мæ, — мысы скъолайы 1968 азы рауагъдон Лазарты Светланæ. — Лæппутæ рæзæй, мах сæ фæстæ, афтæмæй цал æмæ цал хохы сæрæй ракастыстæм. Диссаджы æнгом кълас уыдыстæм. Уымæ гæсгæ нæм сæхи ивæзтой суанг кæстæртæ дæр.

Цыма 50 азы дæр нæ рацыдис, уыйау ирдæй цæстытыл уадысты æрыгон, æнæферохгæнгæ бонтæ. Æмæ уыцы мысинæгты хицæн бынат уыд ахуыргæнджытæн. Куыд уарзтой сæ предмет, сæ алы зондджын ныхас баззад иукъласонты зæрдæты. Фыццаг ахуыргæнæг — Бокоты-Реуазты Нинæ, къласы разамонæг Баллаты Юри, ногдзауты раздзог Айларты Раисæ. Хи хъæбултау сæ рæвдыдтой Хуытъинаты Николай, Мецъаты Светæ, Узегаты Зарæ, Елхъанты Зирæ, Хуытъинаты Зоя, Дулаты Хадизæт, ирон æвзаджы ахуыргæнæг Елойты-Фæрниаты Любæ æмæ иннæтæ.

Æхсызгонæй æрымысыдысты кæддæры ахуырдзаутæ, куыд кадджын уыд ногдзауы сырх галстук дарын, уый фæстæ та фæскомцæдисы рæнхъытæм бацæуын, фæлæ алкæй къухы не ‘фтыдис уый. Искуы фæрæдыдтæ, байрæджы кодтай, дæхи урокмæ нæ бацæттæ кодтай, уæд дæ къулы газеты рауагътаиккой, кæнæ дын æмбырды се ‘ппæты ‘хсæн уайдзæф бакодтаиккой.

Хъомыладон куыстæн ма ахъаз уыдысты æхсæнадон куыстытæ. Фæкæсинаг, ацæргæ сылгоймæгтæн æххуыс кодтой хистæркъласонтæ, чызджытæ æфснайгæ, лæппутæ та-иу цæхæрадоны куыстытæм февнæлдтой. Рæвдз атахтысты ахуыры азтæ, царды фæндæгтыл алырдæм фæцыдысты фæсивæд. Бирæтæ сæ райгуырæн хъæуы, чидæртæ та æндæр рæтты рæстудæй цæрынц адæмы ‘хсæн. Хетæгкаты Валери æмæ Биганаты Хасан бирæ азты бакуыстой Кировы номыл колхозы, Бериты Хъазыбег уыд Алагиры сопротивлениты заводы хуыздæр кусæг, Айдараты Алик та йæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй лæвæрдта ахуырдзау фæсивæдæн Æрыдоны Аграрон колледжы кусгæйæ. Хъæубæсты кадджын хистæр у Мецъаты Махар, куыста хъæусоветы сæрдарæй, Бокоты Тамерлан йæ рæстæджы куыста хъæууон скъолайы, Æрыдоны «Сельхозтехникæ»-йы бирæ азты фæллой кодта Дзанайты Феликс.

Уæдæ къласы чызджытæй алчидæр йæ амонд ссардта, ис сын хорз кæстæртæ. Биганаты Фузæ абоны онг кусы санатори «Тамискъ»-ы, Хостыхъоты Заремæ куыста сидзæр сывæллæтты хæдзары, Кучиты Светæ, Хоранты Аллæ æмæ Лазарты Светæ кæмдæриддæр куыстой, сæ фæстæ рæсугъд фæд ныууагътой. Сылгоймæгты ‘хсæн бацайдагъ ныхас сæ цоты, уыдоны кæстæрты тыххæй. Абоны царды бирæ хорздзинæдтæ кæй фæзынд, фæлæ дзы хистæртæ æнæзæрдæмæдзæугæ хъуыддæгтæ дæр уынынц.

Æнкъардæй æрымысыдысты, сæ æмкъласонтæй чи нал ис, уыдоны нæмттæ. Æдзардæй ацыдысты Хъантемыраты Зелим, Кокойты Зинæ, Къаболаты Хъазыбег, Бдайциаты фаззон хотæ — Зæирæ æмæ Заремæ, Гутнаты Дзантемыр, Елойты Николай æмæ Ардасенты Славик.

Æрыгон бонтæ фæстæмæ раздахæн куы уаид, бæргæ! Фæлæ царды цалх размæ тулы. Фарн, амонд, цардмæ бæллондзинад æмæ фидар æнæниздзинад æрхæссæд уарзон æмкъласонтæн. “Нæ иннæ фембæлдмæ!” — загътой кæрæдзийæн.

ГУГКАТЫ Жаннæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here