Мæздæгæн йæ абонæй йæ фидæн уыдзæн хуыздæр

0
545

 

Ирыстон кадджын у йæ историйæ, йæ намысджын горæттæ æмæ хъæутæй, сæйрагдæр та, цы адæм дзы цæры, уыдонæй. Нæ республикæйы уыцы кадджындæр, æхсарджын æмæ намысджындæр горæттæй иу у Мæздæг. Ацы бонты уый сбæрæг кодта йæ юбилей — сæххæст ыл 255 азы.

Мæздæджы район республикæйы иннæ районты ‘хсæн бæрæг дары. Дæрддзæф кæй у, уымæ гæсгæ нæ, фæлæ, фыццаджыдæр, йæ адæмæй — фæллой кæнын чи зоны, уазæг чи уарзы, ахæм намысджын æмæ æхсарджын адæм. Ам рагæй-æрæгмæ дæр хæлар æмæ æнгомæй цæрынц бирæ адæмыхæттыты минæвæрттæ. Сæ сыгъдæгзæрдæ фæллойæ уыдон алкæддæр аккаг бавæрæн хастой районы размæцыдмæ, цард дзы рæсугъддæр æмæ фæрныгдæр цæмæй кæна, уыцы арфæйаг хъуыддагмæ. Æмæ сын æнтысгæ дæр кодта. Уымæ гæсгæ ацы хатт дæр мæздæггæгтæ тынг бацархайдтой сæ бæрæгбон рæсугъдæй арвитыныл.

Бæрæгбоны сæйраг мадзæлттæ арæзт æрцыдысты Октябры 50 азы номхæссæг горæты сæйраг фæзы. Уым дæргъæй-дæргъмæ рæнхъ ралæууыдысты урс цатыртæ, нымадæй уыдысты фынддæс. Æппынкъаддæр уыйбæрц адæмыхæттыты минæвæрттæ цæры Мæздæджы районы, се ‘хсæн: ирæттæ, уырыссæгтæ, кæсгæттæ, хъуымыхъхъæгтæ, цæцæйнæгтæ, сомихæгтæ, гуырдзиæгтæ, азербайджайнæгтæ, дагестайнæгтæ, дзуттæгтæ, немыцæгтæ, корейæгтæ, болгайраг гагаузтæ, месхетаг туркæгтæ æмæ æндæртæ. Алы цатыры бын дæр сæ алчи бацæттæ кодта национ хæринæгтæй арæзт бæрæгбоны фынг æмæ йæхи культурон программæ. Культурæйы галуаны фойейы, стæй йæ размæ фæзы йæ бынат бацахста Мæздæджы аивæдты скъолайы ахуыргæнджыты æмæ сæ хъомылгæнинæгты аивадон куыстыты равдыст. Алы ‘рдыгæй дæр хъуыст хъæлдзæг музыкæйы зæлтæ, алы ран дæр бæрæг дардтой цин æмæ бæрæгбоны уылæнтæ.

Мæздæг æмæ Мæздæджы районы цæрджыты циныл бацин кæнынмæ, арфæйы ныхæстæ зæгъынмæ æмæ бæрæгбоны лæвæрттæ ракæнынмæ сæм æрцыд Цæгат Кавказы федералон зылды УФ-йы Президенты Æххæстбарджын минæвары хæдивæг Валерий Попков æмæ Цæгат Ирыстоны разамынд — республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, Хицауады уæнгтæ, æндæр бæрнон кусджытæ.

Бæрæгбоны уазджыты размæ парады ацыдысты районы фæллойгæнджытæ, ветерантæ, ацы ран уæвæг æфсæддон хæйтты службæгæнджытæ, интеллигенцийы минæвæрттæ, ахуырдзау фæсивæд, скъоладзаутæ, спортсментæ.

Мæздæг æмæ Мæздæджы районы цæрджытæн арфæ ракодта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав:

— Районы сæйраг административон æмæ культурон центр горæт Мæздæгыл 255 азы кæй сæххæст, уый фæдыл уын зæрдиаг арфæ кæнын. Мæздæг алцæмæй дæр у хъæздыг, уыимæ йæ историйæ дæр. Ирон сывæллæттæн сæ мадæлон æвзагыл ахуыр кæныны бар кæм уыд, фыццаг уыцы дины скъола фæзынд Мæздæджы. Сæ нæмттæ айхъуыстысты, уырыссаг æфсады алы рæстæджыты чи службæ кодта, уыцы æхсарджын мæздæггæгтæн. Мæздæджы район цы продукци уагъта, уый хъуыстгонд уыд канд Ирыстоны нæ, фæлæ Уæрæсейы æндæр рæтты дæр. Æмæ Мæздæгæн йæ ном алкæддæр бæрзонд кæй уыд, уым уыд горæт æмæ районы цæрæг алы фæлтæрты бавæрæн дæр. Фæлæ ивгъуыд рæстæджытæй йæ фидæн Мæздæгæн хъуамæ уа ноджы хуыздæр. Уый махæн у нæ хæс, æмæ уымæ гæсгæ сфидар кодтам Мæздæджы районы райрæзты тыххæй сæрмагонд программæ. Уыцы программæмæ гæсгæ ныридæгæн дæр аразын райдыдтам æмæ дарддæр дæр араздзыстæм ног куыстуæттæ, медицинон кусæндæттæ, фæндæгтæ. Тагъд бындурон цалцæджы фæстæ кусын райдайдзæн поликлиникæ. Стыр æргом здахæм æмæ архайæм районы хъæуты уавæр фæхуыздæр кæныныл, горæт Мæздæджы уынгтæ банывыл кæныныл. Мæздæджы район горæт Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы иннæ районтæм æрбаввахс кæныны æмæ сæ æнгомдæр сбæттыны нысанимæ хæстæгдæр дыууæ азы радих кæндзыстæм æхца фæндаг «Мæздæг-БеслæнДзæуджыхъæу» саразынæн. Мæздæджы районы кæрæдзи æмбаргæйæ, æнгом æмæ хæларæй цæрынц бирæ адæмыхæттыты минæвæрæттæ, æмæ уый у арфæйаг хъуыддаг. Абон мæ уæлдай арфæ ракæнын фæнды, йæ фæллойы фæрцы Мæздæгæн йæ ном бæрзонд чи кодта, уыцы хистæртæн, — загъта Битарты Вячеслав.

Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвар Александр Матовниковы номæй Арфæйы фыстæг бакаст йæ хæдивæг Валерий Попков. Уый фæстæ Битарты Вячеслав республикæйы Кады нысантæй схорзæхджын кодта, Мæздæг æмæ Мæздæджы районы царды алы къабæзты чи фесгуыхт, уыцы фæллойгæнджыты. Æмæ ма стыр цины хабар фехъуыстой уыцы бон мæздæггæгтæ — Райгуырæн бæстæйы раз горæтæн йæ бирæ сгуыхтдзинæдты тыххæй æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 73 азы Уæлахизы кадæн Мæздæгæн лæвæрд æрцыд «Фæллойадон кад æмæ намысы горæт»-ы ном. Арфæ кæнæм Мæздæг æмæ мæздæггæгтæн! Уыдон та арфæ кæнынц нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн, уыцы ном горæтæн радтыныл кæй бацархайдта æмæ уыцы хъуыддаджы сын æххуыс кæй кодта, уый тыххæй.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here