Нæ бирæ кæстæртæ нæ рæсугъд фидæн сты. Цæмæй æрыгон ныййарджытæ æнæмæтæй сæ куыстмæ цæуой, цæмæй нæм фылдæр æнæниз сывæллæттæ гуыра, уый тыххæй арæзт цæуынц рæвдауæндæттæ, скъолатæ, æндæр социалон объекттæ.
Беслæны Широкаяйы уынджы кадджын уавæры байгом ног, алцæмæй ифтонг рæвдауæндон. Æртæ иухуызон, дыууæуæладзыгон бæстыхайы кæрæдзиуыл баст сты. 120 сабийæн дзы уыдзæн бынат. Сывæллæтты дзы исдзысты 1,5-аздзыдæй. Ныридæгæн уал райстой 60 чызджы æмæ лæппуйы. Рæвдауæндоны кæрты сывæллæттæн бирæ хиирхæфсæнтæ сарæзтой, ирд ахорæнтæй сæ сахуырстой. Цъæх кæрдæг æмæ дидинджытæй сфидыдта алфамблай.
Ног рæвдауæндон бабæрæг кодтой республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан, арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбег, ахуырад æмæ наукæйы министр Иринæ Азимова, æндæр бæрнон кусджытæ.
— Бузныг, ацы ног рæсугъд хæдзар чи сарæзта, уыдонæн. Дæс боны размæ ма иу ахæм рæвдауæндон байгом кодтам Беслæны. Тагъд рæстæг та ахæм цины хабар уыдзæн Алагиры æмæ Цыколайы. Ноджыдæр ма фондз рæвдауæндоны арæзтад райдыдта. Афтæ сабыргай ацы фарста лыггонд æрцæудзæн, — загъта республикæйы Сæргълæууæг æмæ арфæ ракодта аразджытæн. Чи дзы куса, уыдон та ног бæстыхай аивæй æмæ сыгъдæгæй куыд дарой, хæрзæгъдау, хъæлдзæг æмæ æнæниз сабиты дзы куыд хъомыл кæной, уый сын бафæдзæхста.
— Ацы бынаты уыдзæн Беслæны ног микрорайон, уыдзæн горæты фидауц, йæ сæрыстырдзинад, — загъта Рахизфарсы районы сæргълæууæг Фрайты Сослан. Цæрджыты номæй бузныг загъта республикæйы разамындæн сæ лæвары тыххæй.
Аразджыты номæй раныхас кодта ООО «Трест-1»-ы хицау Гæбæраты Алыксандр æмæ рæвдауæндоны сæргълæууæг Гагкайты Иринæмæ радта символикон дæгъæл. Сырх лент алыг кæныны бар радтой Битарты Вячеславæн, Фрайты Сосланæн æмæ рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæн.
Уазджытæ æрзылдысты бæстыхайыл, федтой, алы къордæн дæр кæй ис алцæмæй æххæст хъазæн æмæ хуыссæн уæттæ, хихсæнтæ, хæрæндон. Ныридæгæн рæвдауæндоны кусджытæ бацæттæ кодтой рагон ирон дзаумæтты къуым, рæстæгæй-рæстæгмæ сæ нымæцыл æфтдзæн. Иу уатæй райхъуыст «Чепена»-йы хъæлдзæг зард, афтæмæй сывæллæттæ сæхи зардмæ æркафыдысты, æрзылдысты, гæппытæ, стæй æмдзæгъд дæр акодтой. Уый ирон æвзаджы урок амыдта фæлтæрдджын хъомылгæнæг Бадзиаты Аллæ. Сæ арæхстдзинад сабитæ равдыстой уазджытæн дæр.
— Тынг хорз уавæртæ ис ног рæвдауæндоны, ницæмæ дзы ис фау æрхæссæн, — зæгъы хъомылгæнæджы æххуысгæнæг Насхъидаты Зæлинæ.
— Тагъд рæстæг ацы рæсугъд кæрт байдзаг уыдзæн сывæллæтты хъæлдзæг худтæй. Цы ма уа уымæй хуыздæр!

ГУГКАТЫ Жаннæ Къам систа КЪÆБЫСТЫ Харитон














