Адæймагады историйы бæх æмæ бæхдарынадæн цы нысаниуæг ис, уымæн зын саргъгæнæн у. Бæхдарынады историйы ныртæккæйы иртасæн куыстытæм гæсгæ, рагзаманты йæ рæзынад баст у индоевропæйаг знæмтимæ. Уыцы адæмтæм бæхдарынад бæрзонд æмвæзадыл æвæрд кæй уыд, ууыл дзурæг сты, фыццаджыдæр, археологион иртасæн куыстытæ. Уый тыххæй цымыдисаг бæрæггæнæнтæ хъусын кодта «историйы фыд» Геродот, ромаг историк Аммиан Марцеллин та аланты тыххæй дзырдта сæрмагондæй, зæгъгæ, сæ кæстæртæ сæ сывæллоны бонтæй фæстæмæ хорз арæхстысты бæхыл бадынмæ æмæ сæм худинаг каст фистæгæй цæуын. Аланты тыххæй, куыд дæсны бæхылбадджытæ, Раймон Мунтемиры XIII æнусы каталонаг фыстыты куыд загъдæуы, афтæмæй алантæ Хурыскæсæны нымад сты хуыздæр бæхылбадджытыл.
Бæх кадджын кæй уыд, уый зыны индоевропæйаг адæмты мифологийы дæр, уыдонимæ ирæтты дæр. Бæхæн ахсджиаг нысаниуæг кæй уыд рагон адæмты æрвылбоны царды, уый ирдæй зыны Нарты кадджытыл, уымæй дæр ын ис аргъауы, уæларвон миниуджытæ.
Археологион æрмæджытæм гæсгæ, этнокультурон бастдзинæдты фæрцы, бæх Кавказы фæзынд тынг раджы, нæ эрæйы размæ æртæ минæм азы кæрон. Бæхдарынад æмæ бæхы культ Кавказы парахат кæй уыд, уымæн æвдисæн сты, бронзæ æнусы ингæнты цы бæхы сæртæ æмæ идоны хæйттæ ссардтой, уыдон. Ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, цæгаткавказаг алантæ рауагътой бæхты «цæгаткавказаг мыггаг», абон та йæ хонынц «кæсгон» бæхты мыггаг. Тимур Цæгат Кавказмæ куы æрбабырста, уый фæстæ алантæ, зæхх сын кæй нæ фаг кодта, стæй æрдзыхъæд дæр карз кæй уыд, уымæ гæсгæ бæхрæгъæуттæ дарын сæ бон нал уыд, æмæ бæхты уыцы мыггаг фесæфт. Ирон фольклоры баззадысты, алантæ Цæгат Кавказы цы бæхы мыггæгтæ дардтой, уыдон нæмттæ: «æфсургъ», «аласа», «саулох», «хуарæ». Рагæй дæр ирæттæм кадджын уыдысты иуæй-иу кæсгон дугъон бæхты мыггæгтæ: «тæран» æмæ «цагъди».
Бæх йæ æрдзыскондмæ гæсгæ змæлынмæ, дугъ кæнынмæ, цæлхдурты сæрты хизынмæ рæвдз кæй у, уымæ гæсгæ архайдта алыхуызон ерысты. Ахæм ерыстæ та незамантæй фæстæмæ уыдысты бирæ адæмтæм. Бæхтыл хъæзтытæ ирон адæмы царды кадджын æмæ уæрæх зындгонд кæй уыдысты, уый ууыл дзурæг у, æмæ уыдон фæзындысты æмæ райрæзтысты, фосдарынады хæдзарады размæдзыд традицитæ цы адæммæ уыд, уыдонмæ. Уыдонæн уыдис иу бæлвырд нысаниуæг — фæсивæды хæдзарадон архайдмæ бацæттæ кæнын. Фæлæ сын хæстон нысаниуæг кæй уыд, уый дæр къаддæр уæз нæ кодта. Уый та цыдис ирæтты æмæ Кавказы иннæ адæмты социалон культурæйы хæстон-демократон æмæ феодалон цардарæзтæй.
Махæн зындгонд сты алыхуызон бæхыл хъæзтытæ. Уыдонæн сæ сæйрагдæр мидис уыдис бæхы æмæ барæджы хæстон цæттæдзинад сбæрæг кæнын. Уыцы рагон хъæзтыты бындур æвæрд цыд бæхыл бадыны æвзыгъддзинадæн, барæджы психофизикон æмæ æндæр миниуджытæн. Уæлдай тынгдæр бæрæггонд цыд бæхылбадæджы хъару, æвзыгъддзинад, ныфс, дугъон бæхыл хи раст уромыны æнкъарынад. Бæхы хæстон миниуджытæ рабæрæг кæнынæн дæр къаддæр нысаниуæг нæ уыд: æвæллайгæ уæвын, тагъдад, барæгимæ кæрæдзи æнкъарын, йæ дæлбар уæвын. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ бæхылбадыны уæлдæр скъолайы бирæ элементтæ рацыдысты бæхæй хæстон архайдтыты пайда кæнынæй. Рагзаманты хъæзтытæ — ерыстæ уыдысты бирæ вазыгджындæр æмæ зындæр нырыккон бæхтыл спортивон ерыстæй. Ирæтты Нарты кадджыты арæх вæййы, бæхты тæлтæгдзинад бæрæггонд кæм цæуы, ахæм бынæттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ мидисмæ гæсгæ, уыдон уыдысты хæстон. Куыд кадджын уыдысты, уый бæрæг у, арвыл цæрджытæ дæр дзы кæй архайдтой, уымæй.
Бæхтыл хъæзтыты æмæ ерысты алыхуызон хуызтæ, ома, бæх кæм архайы, ирхæфсæнты ахæм хуызтæ адих кæнæн ис афтæ: дугъ æмæ бæхæй хъазт. Бæхæй хъазт у дугъы ахæм хуыз, бæхылбадæг бæхимæ архайыны арæхстдзинад кæм æвдисы, бæхыл бадын куыд зоны, хæцæнгарзимæ архайын. Æппæт фæлтæрæнтæ дæр барæг кæны цыппæрвадыгæй уайæг бæхыл. Бæхдугъ бæхæй хъазтæй уымæн хицæн кæны, æмæ бæхæй хъазт кодтой бæрæгбоны хъæлдзæгдзинады рæстæджы, кæнæ бинонты, æхсæнадон царды хъæлдзæг цауы фæдыл, бæхдугъ та, адæймаг-иу куы амард, уæд.
Ирæттæм марды тыххæй дугътæ æмæ бæхтыл хъæзтытæ уыдысты цалдæр хуызы: «Æмбойны дугъ», «Стыр дугъ», «Æлæм», «Фиусудзæн» æмæ æндæртæ. «Æмбойны дугъ» («Уыцы боны дугъ») кодтой мард ныгæнæн бон. Уым архайдтой æрмæст цалдæр бæхы, сæ барджытæ та уыдысты, дугъы йæхи хуыздæр чи равдыста æмæ исты дзаумайæ хорзæхджын чи æрцыд, цалдæр ахæм лæппуйы. Ахæм дугъ уыдис кады хос, бинонты ‘хсæн-иу хистæрæн чи баззад, уымæн. Кады хос — йæ хиуæтты, йæ хъæубæсты ‘хсæн.
Бæхдугътæ цымыдисаг уыдысты фæззыгон хистыты рæстæджы. Уым фылдæр архайджытæ уыдис, æмæ сæ уый тыххæй хуыдтой «Стыр дугъ». Дугъы хъуамæ архайдтаиккой марды тугхæстæджыты, йæ усы мыггаджы ‘рдыгæй хиуæттæ, чи амард, кæд уымæн ус уыд, уæд — йæ мыггаджы хиуæттæ, сиæхстæ. Дугъы, æнæмæнг, архайджытимæ сæ бон архайын уыд алкæмæн дæр. Ахæм дугъты бирæ адæм кæй уыд, уымæ гæсгæ дзы фæуæлахиз уæвын уæлдай кадджындæр уыд. Ахæм уæлахиз та хорз цæттæгонд бæхтæй аразгæ уыд. Цæттæ кæнын-иу сæ райдыдтой рагацау. Искæй цæстæй-иу сæ хъахъхъæдтой æмæ сæм зылдис сæрмагонд адæймаг. Цæмæй бæх нуарджын æмæ згъорынмæ рæвдз уыдаид, уый тыххæй йæ дардтой хъарм бынаты, лæвæрдтой йын хъæбæрхор æмæ цæкуыйы нартхор.
Бæх хъуамæ уыдаид фæразон æмæ тæлтæг. Уымæ гæсгæ йæ фæлвæрдтой дугъы алыхуызон хуызты. Ирон æвзаджы баззадысты уыцы дугъты хуызтæ: фаддзу, сæпп, цыппæрвадыг, сирд. Йæ тæлтæгдзинад та йын бæрæг кодтой цыбыр дæрддзæджыты.
Дугъ цыдис зиллаккыл кæнæ та нысангонд фæндагыл. Барæджы дæсныдзинадæй бирæ аразгæ уыд. Æвæлтæрд барæг-иу фыццаг дыууæ зылды фæстæ бæхы афтæ тынг бафæллайын кодта, æмæ-иу уымæн йæ бон нал сси æртыккаг, фæстаг зылд æркæнын, дугъон бæхты рæнхъæй-иу рахызт.
Дугъты дыккаг хуыз уыд «Стыр дугъ». Уый-иу ахаста цалдæр боны, уымæн æмæ йæ архайджытæн сæ фæндаг уыд цалдæр хъæуыл. Уыцы хъæуты-иу сбæлвырд кодтой мæрдджын бинонтæ, æмæ-иу сын сæхиуæттыл сæ фæндаг акодтой. Ацы дугътæ хицæн кодтой уымæй, æмæ барджытæн уыд æххуысгæнджытæ — хъузæттæ. Уыдон архайдтой, дугъ цы фæндагыл цыд, уый хицæн хæйтты, уыимæ, лæвæрттæм не ‘нхъæлмæ кастысты. Дугъы алы архайæг дæр йæхицæн æвзæрста æххуысгæнджытæ. Уыдон цал хъуамæ уыдаиккой, уый та дугъон бæхы фæразондзинадæй аразгæ уыд. Дугъты размæ æхсæв-иу æххуысгæнджыты алы къорд дæр æрæмбырд дугъы архайæджы хæдзары, æмæ-иу бауынаффæ кодтой, дугъы рæстæджы чи кæм лæудзæн, уый тыххæй. Фæндаджы зындæр бынæтты-иу æрбынат кодтой фæлтæрдджындæр æххуысгæнджытæ хуыздæр бæхтыл. Хъузæттæйиу иу дугъы архайæджы бæхы идоныл хæцыд æмæ йæ йæ фæстæ ласта, иннæ хъузон та-иу бæхы размæ тардта, хъæр ыл кодта, афтæмæй.
Фæззыгон дугътæ («Стыр дугъ») марды номыл кæнын æнцон хъуыддаг нæ уыд, бирæ хæрдзтæ дзы хъуыд. Уый цыбыркъух бинонты бон нæ уыд. Ацы хъуыддæгтæ сты ирæтты дзыхæйдзургæ сфæлдыстады. Зæгъæм, историон таурæгъ «Чехойты дугъ»-ы дзырдæуы, зæгъгæ, сахар Гурæй хъæу Бехъмармæ бирæбонон дугъы архайдта 60 барæджы. Уыцы зылды администраци сæ нал уагъта, цæмæй фыдбылызтæ ма цæуа, бирæ хæрдзтæ. XIX æнусы 60-æм азты æмбисæй марды номыл дугътæ нал кодтой. Фæлæ ирон дингæнæг Гæтиты Б. куыд фыста, афтæмæй «1873 азы иу зындгонд пысылмон дыгурон бар ракуырдта хицауадæй, цæмæй йæ мардæн дугъ рауадза. Хохæгтæ та, æнæ ахъуыды кæнгæйæ, кæрæдзи фæзмынынмæ кæй фæвæййынц, уымæ гæсгæ йæ æнæхъæн Дыгур дæр бафæзмыдтой, стæй та иннæ цæрджытæ дæр».
Фæззыгон хистыты бон раздæр рæстæджыты уыдис ноджыдæр ма иу бæхæй хъазт — «Фиусудзæн». Хистыты бон-иу къабузджын бæласы зæнгыл æрцауыгътой фиу кæнæ фыдызгъæл. Бæласы алыварс-иу хъæмп æмæ хус бæласы къалиутæ ныккалдтой æмæ-иу сæ ссыгътой. Цалдæр барæджы-иу цы дугъы архайдта, уырдæм-иу æрæмбырд бирæ адæм. Фылдæр фиутæ æмæ-иу дзидзатæ артæй чи раскъæфта, уый-иу банымадтой уæлахиздзауыл. Уымæн-иу призы хуызы балæвар кодтой хæрзхаст фыр. Уый-иу æй марды номыл аргæвста. Марды номыл ирон хъæзтыты ахсджиаг бынат ахста мысанмæ æхсын — хъабахъ. Уымæ æхстой фистæджытæ дæр æмæ барджытæ дæр. Æртæ фидаргонд хъæды лыггаджы цъуппылиу бафидар кодтой фæйнæг («мысан»). Уый-иу уыдис нымæт кæнæ цармы уадздзæгтæй, йæ фæрстыл — хъæды лыггæгтæ («цъоз»). Астæуæй цы мысан уыд, уымæн лæвæрдтой гал кæнæ фыр, фæрсагтæн — æхца. Ерысты-иу фыццаг æхст фæкодта, чи амард, уымæн йæ хæрз хион. Фыццаг æхстыты фæстæ-иу сæйраг мысан къаддæрæй-къаддæр кодта, æмæ иннæтæн зындæр акъуырæн уыд. Ахæм æвзыгъд барджытæ-иу дзы разынд, æмæ-иу мысан бæхыл згъоргæйæ чи æрæппæрста. Уымæ гæсгæ хъабахъ æддаг бакастæй уыд бæхæй хъазты хуызæн. Уыцы барджытæ адæмы ‘хсæн кадджын уыдысты, сæ кад уыдис цыфæнды материалон хорзæхтæй уæлдæр.
Хъабахъ-иу чи æрæппæрста, уымæн-иу фосæй цы радтой, уый дæр-иу æргæвст æрцыд марды номыл, уæлахиздзауы хæс ма уæлæмхасæн уыд марды номыл фынг æрæвæрын дæр.
Уæлдæр æрхаст цæвиттонтæ дзурæг сты ууыл, æмæ ирæтты æмæ сæ рагфыдæлты зондахасты уыд ахсджиаг нысаниуæг. Фæлæ, марды æгъдæутты бæхæй кæд пайда кæнын райдыдтой, уый бæлвырдгонд нæма у.
Ацы фарстайы фæдыл ахсджиаг бынат ахсы марды æгъдау — Бæхфæлдисæн. Йæ мидисмæ гæсгæ ацы цымыдисаг æгъдау бæрæггонд æрцыд ирæттæм XVIII æнусы. Бæхфæлдисыны æгъдауы бындуры ис, адæм иннæ дунейыл кæй æууæндыдысты, уым дæр цард дарддæр кæй цæуы, уыцы хъуыды. Афтæ хъуыды кодтой, æмæ чи амард, уый уæлæуыл цы цардæй цард, мæрдты дæр æй уыцы цардæй цæрын кæй хъæуы: ус дæр æй хъæуы, бæх дæр, цыбыр ныхасæй, зæххон царды йæ цыдæриддæр хъуыдис, уыдон. Марды-иу йæ хиуæттæ бацæттæ кодтой дард балцмæ бацæттæгæнæгау. Мæрдты бæстæм цæуын дæр сæм дард балцы цæуæгау каст, æмæ марды, фыццаджыдæр, хъуыд саргъы бæх, мардæн кæй фæлдыстой, уый. Уыцы нысанимæ-иу бæхы сифтонг кодтой, йæ хæцæнгарз-иу ын йæ саргъыл æрцауыгътой, йæ дзаумæттæ, æмæ-иу æй марды алыварс æрзилын кодтой. Идоны кæрон-иу марды къухы бакодтой æмæ-иу, бæхфæлдисæн аргъуыды фæстæ, бæхы хъус фæсаджил, фæгакк кодтой, фæстæдæр рæстæджыты та-иу ын йæ хъуын æлвыдтой.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ-иу бæх куы ныффæлдыстой, уæд-иу уый фæстæ уый сси марды исбоны хуызæн, зæххыл та ма-иу баззад æрмæстдæр йе ‘ндæрг. Уымæ гæсгæ-иу бæх куы æлхæдтой, уæд ын кастысты йæ хъустæм, гакк ыл ис æви нæ, уымæ. Бæхæн-иу йæ хъус лыг куы уыдис, уæд æй не ‘лхæдтой, уымæн æмæ дзы бæхæн йæхи нæ уыдтой, фæлæ йе ‘ндæрг.
Цымыдисаг сты, бæх фæлдисгæйæиу цы ныхæстæ загътой, уыдон. Фæлдисæг-иу райдайæны радзырдта, мардæн аккаг бæх бирæ кæй фæагуырдтой æмæ кæй не ссардтой, суанг аргъæутты Терк-Турчы бæстæмæ кæй ныххæццæ сты, фæстагмæ йын уæлæрвты цæрæг Уастырджимæ кæй ссардтой диссаджы бæх («æфсургъ»). Уый сифтонг кæнынц саргъы бæхы æппæт дзаумæттæй дæр йæ дард балцы ацæуыны размæ: болат (вариант — сыгъзæрин) зæгæлтæ йæ цæфхæдтæн, тагерайнаг диссаджы саргъы онг («дахран саргъ»). Арæх уыцы дзаумæттæ лæвæрдтой иннæ уæларвон цæрджытæ дæр — Мæйы фырт, Хуры фырт, Фарны фырт, Уæларвон бæхрæгъæутты хаст. Бæхæн йæхимæ, балцы ацæуыны размæ, хъуамæ уыдаид æртæ ахсджиаг миниуæджы: хъуамæ уыдаид тыхджын, цæрдæг æмæ хиуылхæцгæ.
Фæлдисæджы ныхæсты текст у фæрстытæ æмæ дзуаппыты хуызы. Мард йе ‘цæг дунемæ цæугæйæ уыны, цы не ‘мбары, ахæм хицæн нывтæ. Уый та йын сæ æмбарын кæны. Нывæфтыд æмæ цыргъзондæй дзуры адæмы æвзæрдзинæдтæ æмæ тæригъæдты, уыцы дунейы йæ зæххон царды тæригъæдты тыххæй чи цы æфхæрд баййæфта, уый тыххæй. Зæгъын хъæуы уый, æмæ бæхфæлдисыны æгъдауы зындгонд текстытæн ис хъæздыг æвзаг, аивадон-эстетикон фæрæзтæй сты ифтонг.
Æвæццæгæн, бæхдарынады дæргъвæтин истори æмæ бæхы тыххæй бæрзонд сематикон статус хæссæг вазыгджын хъуыдыты комплекс ахъаз уыдысты ирæтты традицион царды бæхы культ бахъахъхъæнынæн. Ацы æгъдауы уæлдай ирддæрæй зыны, бæх фæндагыл цæуыны рагон фæрæз кæй у, рагон динон зондахаст бæхимæ баст кæй у, уымæн æмæ («Фæлдыст бæх») хъуамæ адæймагæн баххуыс кодтаид уæларвон цардмæ фæндаг ссарынæн æмæ зындзинæдты сæрты ахизынæн.
Зындгонд куыд у, афтæмæй рагон ирайнæгтæ куывтой бæхтæм, сæ фæлгонцтæ сын райстой хуыцæуттæ æмæ уæларвон хъайтартæ. Æвæццæгæн, бæхты æрдзон тагъд змæлынад ассоциаци кодта астралон символикæимæ.
Бæхфæлдисыны æгъдау зындгонд уыдис Кавказы сыхаг адæмтæм, фæлæ сæм нæ уыдис ацы æгъдауы иуæй-иу сæйраг элементтæ: фæлдисæджы ныхас, идæдз сылгоймагæн йæ дзыкку алыг кæнын, бæхы хъус лыг кæнын æмæ æндæртæ.
Бæхфæлдисыны æгъдау цы адæмтæм ис, уыцы адæмты этнографион литературæйы уæрæх бæрæггæнæнтæм гæсгæ, сæ этногенезы ахсджиаг нысаниуæг ирайнаг знæмтæ кæмæн уыд æмæ бæхы культы иуæйиу элементтæ Кавказы адæмтæм, уый тыххæй иуæй-иу ахуыргæндтæ куыд нымайынц, афтæмæй уыдон æвдисæн сты, ацы культ Кавказмæ ирайнæгтæ кæй æрбахастой, уымæн.
Бæх ирæттæм кадджын кæй уыдис, уымæ гæсгæ дзы ирæттæ пайда кодтой царды æндæр хъуыддæгты дæр. Ахсджиаг бынат ахсынц дугътæ æмæ бæхæй хъæзтытæ чындзæхсæвы æгъдæутты дæр. Чындзæхсæвты кадджындæр бæхæй хъæзтыты хуызтæй иу уыдис тырысаимæ хъазт — «Тырыса скъæфæн». Ацы хъазты хуызтæй иу уыдис «Худ скъæфæн». Хуыздæр бæхты хицæуттæ-иу цæмæй сæ бæхты цæрдæгдзинад адæмæн равдыстаиккой, уый тыххæй-иу, хъазгæйæ, худтæ давтой. Кæд-иу ацы хъазт чындзæхсæвы рæстæджы уыд, æмæ-иу худты хицæуттæ худскъæфджыты куы æрбаййæфтой, уæд-иу уыдон архайдтой худтæ чындзы бæхуæрдонмæ баппарыныл. Ахæм уавæры-иу чындзæмбал чызджытæй дæ худ хъуамæ балхæдтаис, кæнæ æхцайæ, кæнæ æндæр исты лæварæй. Ацы хъазт цыдис къæлиндарон бæрæгбæтты.
Фæсивæды æмæ астæуккаг кары нæлгоймæгты уарзондæр хъазт чындзæхсæвты уыдис бæхæй хъазт. Уымиу барæг равдыста бæхимæ æмæ хæцæнгарзимæ архайыны арæхстдзинад. Уæлдай раппæлыны аккаг уыдысты, адæмы ‘хсæнты-иу кафæг фæсивæды зиллаччы астæумæ чи баирвæзт, уыцы барджытæ. Уыдонæн-иу ацагътой бæхæй хъазты сæрмагонд мелоди (бæхтæн цагъд) æмæ барджытæ сæ ахуыр бæхтыл кафыдысты цыренæй. Уæлдай æвзыгъддæр барджытæиу хæдзармæ бæхыл дæр бахызтысты. Бирæ адæм дзы кæй уыд, асинтæ нарæг кæй уыдысты, дуæрттæ, уымæ гæсгæ уый æнцон нæ уыд. Ахæм æвзыгъд барæгæн-иу хуын саккаг кодтой: æртæ уæливыхы, арахъхъы дурын æмæ фыдызгъæлы хай.
Бæхыл хъæзтытæ кадджын уыдысты къæлиндарон бæрæгбæтты. Зæгъæм, кодтой сæ Дзывгъисы дзуары бæрæгбоны. Чи сæ федта, уыдоны ныхасмæ гæсгæ, Дзывгъисы дзуары бæрæгбоны архайдта 200-300 барæджы. Уыдон-иу фæкъордтæ сты, алы къорды дæр — 30-40 адæймаджы, æмæ бæхæй хъазты ерысты æвдыстой сæ арæхстдзинад. Фæлтæрдджын зæрæдтæ кастысты ерысгæнджытæн се ‘взыгъддзинад, сæ лæгдзинадмæ, æмæ-иу равзæрстой хуыздæр бæх æмæ хуыздæр барæджы. Æппæт адæмы номæй-иу кадджын хистæртæ уымæн бахастой кады нуазæн. Ахæм нуазæн райсын кады хос уыд, уымæ гæсгæ барджытæ бæрæгбоны размæ сæхи удуæлдайæ цæттæ кодтой уыцы фæлварæнтæм.
Дæсгай азты дæргъы Уæрæсейы цирчы бындур уыдысты национ бæхыл хъæзтытæ. Уым барджытæ æвдыстой се ‘взыгъддзинад, хъæбатырдзинад, лæгдзинад, бæхыл бадыны арæхстдзинад. Бирæ ахæм дæсны барджытæ рацыд Ирыстонæй. Революцийы размæ Ирыстоны æдде уæрæх зындгонд уыдысты Гудцаты Агуыбе æмæ Гатыккоты Муссæ.
Революцийы размæ йæ намысджын фæндаг райдыдта бæхты цирчы бындурæвæрæг Хъантемыраты Алыбег. Йæ рæсугъд æмæ цырен архайды уый тырныдта бæхæй хъазты тæссаг фæзилæнтæ, техникæ равдисынмæ. Уыцы хъуыддаджы уый схызт бæрзонд æмвæзадмæ. Бæхыл бадыны арæхстдзинад æмæ йæ диссаджы трюктæ тынг цыдысты адæмы зæрдæмæ. Зæгъæн ис уый, æмæ Хъантемыраты Алыбеджы сфæлдыстадон æмæ педагогон архайды фæрцы цирчы аренæйы хъахъхъæд æрцыдысты æмæ дарддæр райрæзтысты бæхыл хъæзтытæ ирæттæм æмæ Кавказы иннæ адæмтæм.
УАРЗИАТЫ Вилены чиныг «Ирæтты адæмон хъæзтытæ æмæ хиирхæфсæнтæ»-йæ цыбыргондæй.
Æрмæг бацæттæ кодта
АБАЙТЫ Эдуард














