Хъæбатырæн кад скодтой

0
1494

 

Мидбæстон æфсæдты хистæр лейтенант Хъуысаты Хъазыбег Беслæны кæм цард, уыцы хæдзары раззаг къулыл байгом кодтой номарæн къæй.

Кадджын æмбырды архайдтой фæмард уæвæг адæймаджы хиуæттæ, «Росгвардия»-йы черменаг полчъы æфсæддонтæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, регионалон хæстыты архайджытæ æмæ скъоладзаутæ.

Цæгат Ирыстонæй рацæуæг Хъуысаты Хъазыбег æфсæддон службæ кодта Ростовы облæсты. Уырдыгæй йæ арвыстой Цæцæны Республикæмæ оперативон-хæстон хæслæвæрдтæ æххæст кæнынмæ. 2001 азы Урус-Мартаны сæрмагонд хæстон операци æххæст кæныны рæстæг афицер мæлæтдзаг цæф фæци. Хæстон хæслвæрд æххæст кæныны рæстæг æхсардзинад равдисыны тыххæй Хъуысаты Хъазыбеджы йæ амæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой Хъæбатырдзинады орденæй. Беслæны уынгтæй иу хæссы йæ ном.

— Æмслужбæгæнджытæн фæзминаг уыд. Хъуысаты Хъазыбег æвддæс азы не ‘хсæн нал ис. Хæстон хæс æнæхинæй æххæст кæнгæйæ, хъæбатырæй фæмард. Йæ рухс ном нæ цæрæнбонты нæ ферох уыдзæн,— номарæн æмбырды загъта Национ гвардийы æфсæдты цæгаткавказаг зылды дзæуджыхъæуккаг иугонды хайады хицау, дæлбулкъон Григорий Коршунов.

Хъуысаты Хъазыбеджы мад Риммæ йæ лæппуйæн кад скæнæг æппæт адæмæн бузныг загъта. Æмбырды кæронбæттæны Беслæны 5-æм скъолайы ахуырдзаутæ аивæй бакастысты Риммæйы фыст æмдзæвгæтæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here