Кæстæрты зæрдæтæм хаста рухс
Ирыстоны ахуырады рæзтмæ стыр æвæрн чи бахаста, ирон æвзаг æмæ литературæйы фарнæй кæстæрты зæрдæтæ бирæ азты дæргъы чи хайджын кодта, нæ уыцы рухстауджытæй иу уыд УФ-йы ахуырады кадджын кусæг, РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, ахуыргæнæн чингуыты автор Гаппуаты Хъасболат. Уый кад æмæ радимæ 40 азæй фылдæр фæкуыста йæ райгуырæн Нартыхъæуы скъолайы ахуырады хайады сæргълæууæгæй æмæ ирон æвзаджы ахуыргæнæгæй.
Советон дуджы ирон æвзаг æмæ литетарурæйы рæзтæн йе ’ппæт хъарутæ чи лæвæрдта, скъоладзаутæн æй амоныны методикон æрмæджытæ чи арæзта, уыдонæй уыд Гаппуайы-фырт. Ацы аз йæ райгуырдыл сæххæст 100 азы. Уый кадæн Нартыхъæуы астæуккаг скъолайы æрæджы уыд номарæн æмбырд. Архайдтой дзы РЦИ-Аланийы Хицауады, Æрыдоны районы ахуырады хайады бæрнон кусджытæ, ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты ахуыргæндтæ, Хъасболаты æмкусджытæ, хæстæджытæ, скъолайы раздæры рауагъдонтæ æмæ хъæуы цæрджытæ.
Æмбырды райдайæны скъолайы уæрæх залы азæлыд Нартыхъæуы зарæг. Зарæгмæ гæсгæ сæрмагонд хореографион композици равдыстой хъæуы фольклорон ансамбль «Нæртон»-ы курдиатджын архайджытæ. Уый фæстæ номарæн изæры амонджытæ бæлвырд радзырдтой Гаппуаты Хъасболаты царды æмæ рухстауæн архайды тыххæй. РЦИ-Аланийы Хицауады администрацийы консультант Бигъуылаты Людмилæ фæндон бахаста, цæмæй ног бакуыстгондæй уагъд æрцæуой Гаппуайы-фырты методикон æрмæджытæ æмæ ахуыргæнæн чингуытæ стæй хъæуы скъолайæн рауагъдад «Ир»-ы номæй балæвар кодта чингуытæ.
Зындгонд ахуыргæнæгæн йæ райгуырæн хъæуы цы кад уыдис, уый тыххæй æмбырды радзырдта Нартыхъæуы кадджындæр хистæртæй иу Дулаты Тамерлан. Бирæ азты дæргъы Гаппуайы-фыртимæ хæларæй чи цард, бирæ хорздзиæдтæ дзы чи зыдта, нæ интеллигенцийы уыцы минæвæрттæй иу, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, фыссæг Дзасохоты Музафер йæ раныхасы загъта Хъасболат Ирыстонæн, рæзгæ фæлтæрæн цы хæрзты бацыд, уымæй йæ ном мыггагмæ арфæйагæй кæй ныууагъта чи йæ зыдта, уыцы адæмы ’хсæн. Уый фæстæ залы азæлыдысты Нартыхъæуы кадджын хистæртæй иу, дзæнæты бадинаг Гусаты Ханджерийы мысинæгтæ йе ’мхъæуккаг æмæ хæлары тыххæй. Афтæ ма сæ уарзон ахуыргæнæджы ном зæрдæагайгæ мысинæгтæй адæмы зæрдыл æрлæууын кодтой, Нартыхъæуы астæуккаг скъолайы раздæры ахуыргæнинæгтæ Гаппуаты Светланæ æмæ Гуытъиаты Джульеттæ .
ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты декан, УФ-йы культурæйы сгуыхт кусæг Хозиты Барис бахаста фæндон, цæмæй Гаппуаты Хъасболат бирæ азты дæргъы йæ зæрдæйы цæхæрæй кæстæрты зæрдæтæ цы ахуырадон артдзæсты базырджын кодта, уымæн, Нартыхъæуы астæуккаг скъолайæн лæвæрд æрцæуа зындгонд ахуыргæнæджы æмæ хъæбатыр хæстоны ном. Университет æмæ факультеты номæй Барис фысымтæн арфæ ракæнгæйæ, балæвар кодта зындгонд нывгæнæг Лотиты Игоры конд ныв æмæ ахуыргæнæн чингуытæ.
Гаппуаты Хъасболаты тыххæй сæ мысинæгтæ, стæй йæ рухстауæн куыстæн ныртæккæ дæр цавæр ахадындзинад ис, уый тыххæй сæ хъуыдытæ загътой зындгонд фыссæг Дауыраты Дамир, Дзæуджыхъæуы Хæлардзинады хæдзары æмæ æхсæнадон советы номæй Хъайтыхъты Тамарæ, æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы Хистæрты советы сæрдар Томайты Шамиль æмæ ацы змæлды сæрдары хæдивæг Еналдыты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг, сывæллæтты æмæ фæсивæды сфæлдыстады галуаны хайады сæргълæууæг Хабæты Риммæ. Се ’ппæт раныхæсты хъуыды дæр уыд иу – Гаппуаты Хъасболат уыд хъæубæсты, Ирыстоны фарнхæссæг хистæртæй иу. Кæстæрты зæрдæты цы рухс уагъта, уый дæтты рæсугъд тыллæг æмæ йæ ном уыдзæн мысинаг. Номарæн изæры ма ирон поэтты æмдзæвгæтæ бакастысты ацы скъолайы кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ, æмбырдмæ скъолайы коллектив бацæттæ кодта Гаппуаты Хъхасболаты царды æмæ рухстауæн архайыл дзурæг æрмæджыты равдыст.
Гасанты Валерæ














