Йæ бынатæй ист æрцыд

0
469

 

Дзæуджыхъæуы физикон-математикон лицей-интернаты директор Франкель МАГОМЕДОВ йæ бынатæй ис æрцыд. Ацы хабар фехъусын кодта республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрад. Министр Иринæ АЗИМОВА хъуыддаг куыд бамбарын кодта, афтæмæй фæллойадон бадзырд хæлд æрцыд, ахуырадон процессмæ, куыд æмбæлы, ахæм цæстæнгас разамонæджы ‘рдыгæй кæй нæ уыд, уый аххосæй.

— Ахуыргæнæндонмæ цы æхцатæ цыд, уыдон уыдысты бынтондæр æнæхицау. Ууыл дзурæг у, 2017 азæй ацы азы мартъийы онг дзы 7,5 милуан сомы давд кæй æрцыд, уый. Хъуыддаг æвзæрста тæрхондон. Лицейы сæйраг бухгалтеры банымадтой аххосджыныл æмæ уголовон æгъдауæй æфхæрд æрцыд.

Уымæй уæлдай, тæрхондон хъуыддаг цалынмæ æвзæрста, уæдмæ дæр та лицейы ногæй æрцыд æхца адавыны цау. Сæйраг бухгалтер басаст, уæлдæр амынд 7,5 милуан сомæй уæлдай ма кæй адавта 1 милуан сомы республикæйы бюджетæй. Æппæт ацы цаутæ æрцыдысты, ахуыргæнæндоны разамынды ‘рдыгæй æхцатæм цæстдард кæй нæ уыд, уый æххосæй. Уымæй уæлдай, министрадмæ æрбацыд хъæстытæ дæр, лицейы ахуырдзаутæн нывыл хæринаг кæй нæ вæййы, уый фæдыл. Мæхæдæг бабæрæг кодтон ацы ахуыргæнæндон къуырийы райдайæны æмæ дзы санитарон закъонæвæрынады домæнтæ хæлд кæй цыдысты, уый раргом кодтон. Зæгъæм, хæринаг дзы цæттæ кодтой, хæринаг кæныны аккаг чи нæ уыд, ахæм чысыл аджы. Дарддæр куыд рабæрæг, афтæмæй санитарон домæнтæ хæлд цыдысты канд лицейы нæ, фæлæ ма йæ дæлбар чи у, Мацутæйы уыцы физикон-математикон лицей-интернаты дæр. Уымæй уæлдай ма уым хæлд цыдысты зынгсирвæзтæй æдасдзинады домæнтæ дæр.

Ацы цаутæ дзурæг сты, ахуыргæнæндоны разамынды ‘рдыгæй кæй нæ уыд æмбæлгæ цæстæнгас лицейы финансон-хæдзарадон архайдмæ, санитарон уавæрмæ, йæ хæринаджы кондмæ æмæ зынгсирвæзтæй æдасдзинады домæнтæм. Æппæт уыдæттæм гæсгæ ахуыргæнæндоны разамонæгимæ фæллойадон бадзырд хæлд æрцыд. Уымæй уæлдай ма, æхцатæм каст кæй нæ цыд, уымæ гæсгæ хъалонты оргæн æрдомдта, давыны аххосæй цы финансон зиан æрцыд, уый ахуыргæнæндон цæмæй баххæст кæна. Уый тыххæй бахъуыд, кусджытæн сæ мызд цы æхцатæй фыст цæуы, уыдонæй сисын. Ныр тæссаг у, афæдзы кæронмæ лицейы кусджытæн мызд фидыны фарста куы скарз уа, уымæй. Ныртæккæ аразæм мадзæлттæ æмæ агурæм уæлæмхасæн фæрæзтæ, цæмæй кусджытæн мызд фидыны фарста ма фæкъуылымпы уа.

Лицей-интернаты разамонæг йæ бынатæй ист кæй æрцыд, уый фæдыл мын ахуыргæнæндоны кусджытимæ уыд фембæлд. Адæмæн бамбарын кодтон, сæ разамонæг йæ бынатæй ист цæй тыххæй æрцыд, уый. Фембæлдтæн директоримæ дæр æмæ йын йæхицæн дæр бамбарын кодтон, бынатæй æрвыст цæй тыххæй цæуы, уый. Ахуырадон процессæн йæ сæйраг архайджыстæ сты сывæллæттæ. Скъола у сывæллæтты тыххæй, уымæ гæсгæ мах хъуамæ æмбарæм, нæ хæстæ аккагæй æххæст куы нæ кæнæм, уæд уый æвзæрырдæм кæй фæзындзæн сывæллæтты нывылдзинадыл æмæ æвзæр фæстиуджытæ кæй расайдзæн, уый, — загъта Иринæ Азимова.

Нæ уацхæссæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here