«Ахæм куыст Горæтгæрон районæй кæй райдыдтам, уый хуымæтæджы нæу, уымæн æмæ ацы район, иннæтимæ абаргæйæ, у стырдæр, цæры дзы бирæ адæмыхæттытæ, хæст сты алыхуызон динтыл. Æнæмæнг, районы разамынд, йæ депутаттæ архайынц социалон-экономикон фарстатыл, æвзарынц, адæм цæмæйты тыхсынц, уыдæттæ. Фæлæ уыцы хъуыддаджы уæ цуры Парламенты разамынд, депутаттæ куы балæууой, уæд, æвæццæгæн, хъуыддæгтæ рæвдздæр конд цæудзысты. Цæмæй, республикæйы цæрджыты тынгдæр цы фарстатæ тыхсын кæнынц, æмæ бынæттон хицаудзинады бон кæуыл нæ цæуы, уыдæттæ раиртасæм, уый тыххæй районтæн баххуыс кæныны охыл сфæнд кодтам кусæг балцытæ кæнын. Ахæм æмгуыстад нын фæахъаз уыдзæн», — знон РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей МАЧНЕВ, Горæтгæрон районы разамындимæ, депутаттимæ йын цы фембæлд уыдис, уым фæбæрæг кодта, республикæйы закъонаразджытæ цы ног куысты хуызыл балæууыдысты, уый нысан.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы кусæг балцы архайдтой парламентон комитетты сæрдартæ, депутаттæ, специалисттæ, пресс-службæйы кусджытæ. Горæтгæрон районы Минæвæртты æмбырды депутаттæ, районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Есиаты Руслан, æххæстгæнæг хицаудзинады уæнгтæ æхсызгонæй сæмбæлдысты уазджытыл, байхъуыстой, Парламенты Сæрдар цы фарстатæ фæбæрæг кодта, уыдонмæ. Алексей Мачнев куыд загъта, афтæмæй æвзардзысты æппæт ахсджиаг хъуыддæгтæ дæр, фембæлдзысты адæмимæ, цы бакæнинаг фарстатæ сбæрæг кæндзысты, уыдон фæстæдæр рахæсдзысты нæ республикæйы разамынды размæ. «Куыд зонут, афтæмæй Парламенты æмбырды ныхас рауадис завод «Электроцинк» сæхгæныны тыххæй, депутаттæ æмхъæлæсæй сæ зондахаст равдыстой. Махæн сæйрагдæр у нæ адæмы æнæниздзинад, æмæ уыцы хъуыддагыл архайдзыстæм», — бафиппайдта Парламенты Сæрдар.
Есиаты Руслан бузныг загъта уазджытæн, йæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм æмгуыстад æнæмæнг хуыздæрæрдæм фæзындзæн социалон-экономикон уавæрыл. «Нымæцмæ гæсгæ республикæйы нæ район у дыккаг, йæ вазыгджындзинадмæ гæсгæ та ис фыццаг бынаты. Фæстаг рæстæг зынгæ фæхуыздæр сты социалон уавæртæ — тынг бирæ арæзтæдтæ нæм фæзынд, иутæ скуыстой, иннæтыл архайынц. Куыд зонут, афтæмæй нæ республикæйы социалон — экономикон рæзты программæйы ис сæрмагонд дæлпрограммæ — баст у Горæтгæрон районы рæзтимæ. «Электроцинчы» фарста мах дæр æндавы, уымæн æмæ не ‘хсæн æртæ километры йеддæмæ нæй. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ нæ депутаттæ, нæ Хицауад сты адæмимæ, райсом куы нал кусой, уæддæр никæдæм фæлидздзысты. Алексей Мачнев нæ районы хабæрттæ тынг хорз зоны, федералон инспектор уæвгæйæ, афтæ зæгъæн ис, æмæ ахæм хъæу, ахæм зæххы хай нæ баззадис, кæй нæ бабæрæг кодта. Бынтондæр та, æнæбары сæ цæрæнбынæттæ чи ныууагъта, уыцы лыгъд адæмы фарстатæ лыг кæнгæйæ»,— загъта Есийы-фырт.
Цыбыр рæстæгмæ фысымтæ æмæ уазджытæ фæбæрæг кодтой, ныры онг дæр цавæр хъуыддæгтыл бакуыстой, районы уавæрыл куыд фæзындысты, уыдæттæ. Уырдыгæй Парламенты комитетты сæрдартæ, депутаттæ Горæтгæрон районы æххæстгæнæг хицаудзинады минæвæрттимæ ацыдысты хъæутæм, алыхуызон куыстуæттæм æмæ ведомствотæм, комитеттæ дзуапп цы фарстатæн дæттынц, уымæ гæсгæ.
Социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты комитеты сæрдар Реуазты Ларисæимæ нæ къорд бабæрæг кодта Сунжæйы хъæуы амбулатори. Бæстыхай у рагон, арæзт æрцыд колхоз «Хæлардзинад»-ы сæрдар Хуыгаты Раманы хъæппæрисæй. Кæд æмæ дзы специалисттæ ис, хъæуы цæрджытæн сæ бон лæггад кæнын у, уæддæр, йæ разамонæг Цхуырбаты Аслæмбеджы ныхасмæ гæсгæ, сæ зæрдæ дарынц ног амбулаторийы арæзтадыл. Горæтгæрон районы центрон рынчындоны сæйраг дохтыры хæстæ æххæстгæнæг Наниты Аскер нын куыд бамбарын кодта, афтæмæй ног амбулаторийы æппæт фадæттæ дæр уыдзæн низтæ раиртасынæн, боныгон стационарæн, æппæт специалисттæ дæр дзы кусдзысты. Ног амбулатори бонмæ лæггад кæндзæн 100 адæймагæн, æрмæст Сунжæйы нæ, фæлæ ма Комгæроны цæрджытæн дæр. Реуазты Ларисæ бæстон æрфæрстытæ кодта Цхуырбаты Аслæнбег æмæ Наниты Аскеры сæ абоны куыстæй, сæ дарддæры фидæн куыд уынынц, уыдæттæй, зæрдæ бавæрдта æххуысæй.
Сунжæйы цæры 12 мин адæймаджы, бамбарæн ис, уым цас дзæбæх, сæрæн фæсивæд тырны спортмæ, аивадмæ. Спортивон клуб «Скиф» — афтæ зæгъæн ис. æмæ хъæуккаг фæсивæдæн у уарзон бынат. Уыцы ран сæ бон у тайсаг бокс, уæгъдибар хъæбысхæстæй, лæгæйлæгмæ æмхæццæ тохæй, греплингæй архайын. Мах куы бацыдыстæм клубмæ, уæд дзы баййæфтам лæппуты, уый размæ бон цы тыхджын дымгæ уыд, уый бæстыхайы сæр ахаста, æмæ йæ сæхи хъарутæй æмбæрзтой. Ацы спортивон клубмæ цæуы сæдæ лæппуйæ фылдæр, æрмæст сунжæйæгтæ не сты, фæлæ иннæ сыхаг хъæутæй дæр. Кæд æмæ сын цалдæр азы размæ Фадзайты Арсен баххуыс кодта уыцы бæстыхайæ клуб саразынæн, районы сывæллæтты спортивон скъола дæр йæхимæ цавæрдæр хæстæ исы, уæддæр сæм ис бирæ ахсджиаг фарстатæ.
Сунжæйаг Багаты Стас нын куыд радзырдта, афтæмæй тренажертæ, спортивон ифтонггæрзтæ фæсивæд куы сæхи хъаруйæ балхæнынц, хорз сæм сæ цæст дарынц амалхъомтæ, районы разамынд дæр, фæлæ уæддæр спортивон клубы размæ цы стыр цæлхдуртæ лæууы, уыдон лыг кæнын хъæуы паддзахадон æмвæзады. Багайыфырт куыд загъта, афтæмæй сæ лæппутæ свæййынц Уæрæсейы æмвæзады чемпионтæ, тынг хорз бæрæггæнæнтæ равдисынц, фæлæ дарддæр, уæлдæр ерыстæм ацæуынæн æхца нæ вæййы. Уыдæттæ сын сæ тырнындзинад, сæ хъæппæрис мынæг кæнынц. Депутат Челдыты Виталийы хъуыдымæ гæсгæ, уавæр афтæмæй уадзæн нæй, Хицауады ‘рдыгæй хъæуы æвæстиат мадзæлттæ.
Хъæу Иры цы аив бæстыхай бабæрæг кодтам, уый къулыл мемориалон фæйнæгыл уыдысты Быценты Аслан, Куыдзиаты Суликъо, Таймазты Владимир, Тъуриты Тембол, Хуыбаты Альберт, Цхуырбаты Игоры къамтæ. Уыдон 1992 азы, фæззæджы, лæгæвзарæн заман æрлæууыдысты экстремистты ныхмæ æмæ сæ удтæ радтой сæ уарзон адæмы сæраппонд. Скъола арæзт æрцыд 2006 азы, ис дзы бынæттæ 320 адæймагæн, ныртæккæ дзы ахуыр кæны 188 сывæллоны. Уырдæм æрмæст Иры хъæуы сывæллæттæ нæ цæуынц, фæлæ ма Восходы хъæуы сабитæ дæр. Восходы хъæуы цæрджыты нымæц фылдæрæй-фылдæргæнгæ цæуы, æмæ, æвæццæгæн, скъоладзаутыл дæр бафтдзæн. Скъолайы директоры хæстæ рæстæгмæ æхæстгæнæг Санахъоты Оксанæ наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князевайæн куыд радзырдта, афтæмæй сæ фылдæр тыхсын кæны. спортивон зал сæм кæй нæй, уыцы уавæр.
Горæтгæрон районы администрацийы ахуырады управленийы разамонæг Дзлиаты Альбинæ куыд бацамыдта, афтæмæй скъолайы фæстæ йæ заманы райдыдтой спортзал аразын дæр. Скодтой йын бындур, ис дзы бетонæй конструкцитæ. Нæхæдæг бынат федтам, бирæ рæстæг æрдæгарæзтæй кæй лæууы, уымæ гæсгæ йæм сывæллæтты æппындæр нæ уадзынц, фæз æхгæд у телын быруйæ. Дзлиаты Альбинæйы ныхасмæ гæсгæ, спортзал саразыны нысан районы разамынды фæрцы хаст æрцыдис алыхуызон программæтæм, сæ зæрдæ дарынц, фарста лыггонд кæй æрцæудзæн, ууыл. Скъола у тынг аив, хæрззылд, æппæт уавæртимæ, къуыри дыууæ — æртæ хатты дзы вæййынц дохтыр æмæ медицинон хо. Сывæллæттæ дзы хæрынц лæвар, æппæт специалисттæ дæр дзы фаг кæны.
Тедеты Елхъаны номыл спортивон комплекс æрмæст нæ республикæйы нæу зындгонд, фæлæ ма æндæр регионты дæр. Æппынæдзух дзы вæййы бирæ алыхуызон ерыстæ, æрмæст республикон æмвæзады нæ, фæлæ Цæгат Кавказы, æппæтуæрæсеон æмвæзады дæр. Закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Ортабайты Тимур æмæ национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Хуыгаты Алан æрзылдысты комплексыл. Йæ разамонæг Абайты Руслан бацамыдта, цы уавæртæ дзы ис, цавæр къуылымпыдзинæдтæ æййафынц, цæмæ тырнынц, уыдæттæ.
Æппæты тынгдæр æй тыхсын кæны кадрты фарста, зæгъæм, спорты ахæм хуызтæ ис, æмæ сын нæ республикæйы нæ цæттæ кæнынц специалисттæ-тренертæ. Нæй тренертæ ленк кæнынæй, æдæппæт республикæйы ис цыппар специалисты, æндæр регионтæй нæм ничи цæуы. Бассейнмæ та тынг бирæ адæм цæуы, уыцы ран тынг къæрцхъус уæвын хъæуы, уымæн æмæ дзы сывæллæттæ дæр дзæвгар вæййы. Ахсджиаг у, комплексы фарсмæ цы стыр гом стадион ис, уый фæз раивын æмæ йæ нырыккон æрмæгæй сæхгæнын. Абайыфырт куыд бамбарын кодта, афтæмæй уыцы ран футболæй фæцæуы тынг бирæ ерыстæ, кæд ма æндæр хъазæн фæзтæ дæр ис, уæддæр ацы стадион йæхимæ стырдæр уæз исы. Æппæт ацы хъазæн фæзтæ базилинаг кæй сты, уый дызæрдыггаг нæу. Афтæ хъуыды кæны Ортабайты Тимур дæр: «Комплексы бæстыхай дæр у зилинаг, футболæй хъазæн фæзтæ дæр заууатмæ æрцыдысты. Кæд æмæ сывæллæтты спортивон скъолаты, комплексы разамынд æххуыс зонынц, районы хицаудзинад сæм йæ хъус дары, уæддæр сæ бюджеты уыйбæрц æхца нæй, цæмæй сæ бындуронæй сцалцæг кæной», — загъта комитеты сæрдар.
Уый зæрдæ бавæрдта, уыцы фарстатæ рæгъмæ кæй рахæсдзæн, æмæ, фидæны бюджет фидар кæнгæйæ, уыдæттæ нымад кæй æрцæудзысты, уымæй. Кусæг балц рауадис мидисджын, иннæ комитетты уæнгтæ дæр афтæ бæстон равзæрстой фарстатæ.
БУТАТЫ Эльзæ














