Сæ халæг нæхæдæг стæм
Цыфæнды æгъдау дæр цард мидисджындæр кæны. Уæлдайдæр, рæсугъд, адæймагдзинады хъуыды йыл æфтыд, куы уа, уæд. Ахæмтæ сты ирон царды æгъдæуттæ. Сты, адæмы кæрæдзиуыл бæттæг, кæрæдзи хъæр кæй фæрцы æмбарæм, æнкъарæм, ахæмтæ. Иу бакастæй — хæрзхуымæтæг, фæлæ — арфхъуыдыджын. Афæстаг рæстæг сæ кæмдæрты гуыбынмæ кæй аздæхтой, уый адæймаджы сагъæсы æфтауы, сæ мидис, сæ хъуыды иуварс кæй аззайы, æмæ фыдуынд кæй кæнынц, ууыл зæрдæ риссы. Уый охыл мæ бафæндыд газеткæсджытæн алы æгъдауæн дæр йæ мидис цыбырæй зæгъын.
Ирон чындзæхсæв
«Амæндтæ уарæг уæларвы Хуыцау у», — фæзæ- гъынц ирон адæм. Нæлгоймагæй, сылгоймагæй кæмæ цы амонд кæсы, уый уæларвы тæрхонгонд æрцæуы, лæппу æмæ чызгæн, дам, сæ баиуыл ныхас уæлейæ æрцæуы, стæй кæрæдзи бацагурынц, æмæ сæ фæрнджын адæм баиу кæнынц. Иу та бавæййынц, бирæ кæнгæ «къуырцдзæвæнты» сæрты ахизгæйæ, рæсугъд æмæ мидисджын æгъдæуттæ скæнгæйæ.
Уыдонæй иу, фыццаджыдæр, у æртæ хатты минæвæрттæ æрвитын. Хуыцаубоны кæнæ æртыццæджы æхсæвты. Уымæй дæр — æртыккаг хатт — фидыд æмæ дыууæ мыггаджы минæвæртты Хуыцауы раз ардбахæрдау кæрæдзимæ къухлæвæрд.
Стæй сиахсы сусæг цыд æмæ чындзхасты диссаджы хорз æгъдæуттæ. Афтæмæй адон дæр кæйдæрты зæрдæмæ нæ цæуынц. Æгæр»цæхджын», дам, сæ нæ кæнæм. Лæппуйы, стæй чызджы бинонтæ æмæ хиуæттæ дæр, дам, сфæлмæцынц.
Æнцондæр уаид: лæппу чызджы къухыл рахæцыд æмæ йæ йæ хæдзармæ æрбакодта. Фæлæ нæ афтæ дæр нæ фæнды. Уымæн æмæ дзы фарн нæй, зæрдæмæ нæ цæуы. Гуырдзыстонæй чи ралыгъд, уыцы ирæттæ та нын лæппу æмæ чызджы сæ чындзæхсæвы иумæ бадын кæнынц. Уадз æмæ, дам, сæ чындзæхсæвыл сæхæдæг цин кæной.
Ирон чындзæхсæв та у адæмы цинæн, цæмæй дыууæ уды баиуыл, дыууæ мыггаджы хæстæгдзинадыл фæцин кæной æмæ сæ амондæн Хуыцауы раз хорз æвдисæнтæ уой, сæ фарн ыл бафтауой. Амондагур лæппу æмæ чызг кæй баиу сты, уый стыр хъуыддаг у. Стыр хъуыддаг та æнæ адæм нæ фидауы. Гъе уымæ гæсгæ ирон чындзæхсæвы æгъдæутты фыццаг бынаты æвæрд сты уæларвон тыхтæ, уыдоныл фæдзæхсæм ног къайы.
Стæй дыккаг бынаты та ис адæмы фарн, дыууæ мыггаджы хæстæгдзинад. Æртыккаг бынаты та сты лæппу æмæ чызг сæхæдæг. Раздæры азты сæ-иу цы æгъдæуттæ кæнын хъуыд, хъазгæмхасæнты сæ-иу цы къуырцдзæвæн- ты баппæрстой, уыдон æнæхъæн спектакльтæ уыдысты. Æнæфæхудгæ сæм ничи лæууыд. Суанг сæхæдæг чызг æмæ лæппу дæр. Уыцы æгъдæуттæ адæймагæй домдтой зонд, æрхъуыдыдзинад æмæ курдиат. Зæронды бонтæм сæ-иу сæ зæрдыл уымæн дардтой. Уæд дæр ма сыл- иу сæхи худæгæй схастой.
Усгур æмæ чындз фынгыл иумæ куы бадой, уæд уым та бахæрд æмæ банозтæй уæлдай ницы ис, æмæ дзы дæ зæрдыл ницы бадардзынæ. Стæй уый мах æгъдау нæу! Нæ фыдæлты фарн, сæ намысмæ ницы бар дары. Ницы хъуыды æвæрд дзы ис. Алкæмæн дæр йæхион — йæхи. Уымæй дæр, дæхион хуыздæр, мидисджындæр куы уа.
Æмæ æвæдза цас хъуыды æвæрд ис ирон чызгыл чындздзон дзаума скæныны, хыз ыл æркæныны, уаты къуымы лæууын, хыз исыны, мыдыкъус дæттыны. Ирон чындзæхсæв царды Академион театры æнæхъæн спектакль у. Уымæй дæр царды фарн æмæ амонд æфтауæг спектакль. Бадты хистæрæн къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын чындзы йæ разы куы ‘рлæууын кæнынц, уæд хъæрæй хуымæтæджы нæ фæзæгъы: «Фарн æрцыди, лæппутæ!» Æмæ йын лæппутæ хъæрдæрæй дзуапп раттынц: «Амонд — йемæ!»
О, фæлæ, нæ чындзæхсæвтæ ресторантæм хæссын кæй райдыдтам, уый тыхсын кæны ирон адæмы. Уымыты æгъдау йæ гаччы нæ вæййы. Уæлдайдæр хыз исыны æмæ мыдыкъусы æгъдау. Искæй дзæгъæл къуымы дæ чындзыл дзаумæттæ скæнын, йæ хыз ын сисын цас раст у. Дæ чындзы хъуамæ дæхи Бынаты хицауыл бафæдзæхсай. Æмæ кæд æнæ ресторан нал ис, уæд уыцы æгъдау дæ хæдзары, дæ фатеры уæддæр скæн. Цас зын хъуыддаг у, чызг кæм бахъомыл, уым ыл чындздзон дзаума, хыз æркæнын æмæ йæ уырдыгæй æгъдауыл ресторанмæ чындзæхсæвмæ бакæнын. Стæй йын йæ мойы хæдзары, — йæ фатеры, кæм цæрдзæн, уым йæ хыз сисын, Бынаты бардуагыл æй бафæдзæхсын.
Фидыд
Уæлдæр куы загътон, чындзæхсæвы размæ вæййы Фидыд æмæ Сусæг цыд. Фидыды фæархайынц минæвæрттæ. Семæ — къухылхæцæг æмæ æмдзуарджынæй сæ иу кæнæ сæ дыууæ дæр, цæмæй чызджы бинонтимæ базонгæ уой æмæ дыууæ бинонты æхсæн бастдзинæдтæ дарой, æмæ хъуыддаг æгъдауыл, нывыл сырæза, ацæуа.
Фидыды рæстæг, куыд алы цины хъуыддаджы дæр, хистæрæн бады сыхæгтæй кæнæ бинонты хорз хæлæрттæй æгъдауæвæрæг ас нæлгоймаг. О, фæлæ быцæу рауайы, минæвæртты æмæ чызджы мыггаджы номæй хистæртæй рахизæрдыгæй чи хъуамæ бада, ууыл. Алы цины хъуыддаджы дæр фысымы мыггаджы номæй хистæрæн æнæмæнг бадгæ у рахизфарс. Хистæр фыццаг сидты бар дæр хъуамæ уымæн радта. Уымæн та йæ хæс у бадты адæмæн раздæр мыггаджы номæй нуазæнтæ раттын, стæй сæ цæрæнбоны тыххæй сидт рауадзын.
Минæвæртты хистæр фидыды бады æртыккаг хистæрæн, æмæ куы бафидауынц, хистæр æртæ хæбизджыны æмæ æртæ фæрскæй хъуыддаг Стыр Хуыцауыл, йе сконд зæдтæ æмæ дауджытыл куы бафæдзæхсы, уæд чызджы мыггаджы хистæримæ фынджы сæрты кæрæдзимæ сæ къухтæ раттынц. Уый у хойрагæй ардбахæрды хуызæн. Сусæг цыд
Фидыды фæстæ сиахс йæ каистæм чындзæхсæвы размæ фыццаг хатт куы бацæуы, уæд уый хуыйны
Сусæг цыд. Сусæг та уымæн, æмæ фæцæуы нымдгæнгæ, йæхи æмбæхсгæ йæ къухылхæцæг, æмдзуарджын, стæй йæ хуыздæр æрдхæрдты, хæлæртты æнцой, сæ ныфсæй. Изæры тарф дæр уымæн равзары. Фæсивæды йеддæмæ йæ куыд ничи фена, афтæ. Фынгыл дæр фæбады уыдонимæ, йæ фидæны цардæмбалимæ йын аныхас кæнынæн фадат фæвæййы. Йемæ бахæссы къафеттæ æмæ мадæн лæвæрттæ. Йе ‘мбæлттимæ барæвдауынц æфсинты. Сыхы, хиуæтты фæсивæд сæм æрбамбырд вæййынц.
Сусæг цыды чызг хæстæгмæ базонгæ вæййы йæ къухылхæцæг æмæ æмдзуарджынимæ. Уæдæй фæстæмæ райдайы сæ хæлар ахастдзинад, кæрæдзи æмбарындзинад. Чызгæн свæййынц йæ ныфсытæ.
Сиахсы цыд
Чындзы йæ цæгатæй цы бон ахæссынц, уыцы изæр-иу сиахс та йæ хæлæрттимæ йæ каистæм æрбацыд. Уый цыдæр арф хъуыдыйыл æнцой кæны. Чындзы куы ахæссынц, уæд хуынд адæм дæр сæ хæдзæрттæм атагъд кæнынц, æмæ хæдзар айафтид вæййы, бинонтæ ма аззайынц æрмæст хæрз хæстæджытимæ, лæггадгæнджытимæ. Æмæ цæмæй уыцы уаг фысымты — чызгæрвитæг бинонты зæрдæты æнкъарддзинад ма равзæрын кæна, уый тыххæй ирон адæм æрхъуыды кодтой æгъдау Сиахсы цыд.
Сиахсы æрбацыдмæ сыхы фæсивæд, хæрз хиуæттæ æхсызгонæй фенхъæлмæ кæсынц. Æмæ хæдзар дзаг вæййы хъæлдзæгдзинадæй, кафт æмæ зардæй. Ноджы цымыдисагдæр æмæ хъæлдзæгдæр-иу уыдис, сиахсы-иу алы куыстыты, уæлдайдæр та кусарт кæнынæй, стæй кафын, зарынæй куы фæлвæрдтой, уæд. Хъазт-иу фæсæмбисæхсæвтæм нæ банцад чызгарвитæг бинонты хæдзары.
Ныр нæ уыцы æгъдау дæр рох кæнын райдыдта, нæ къух ыл исæм, чындзæхсæвтæ æмæ чызгæрвыстытæ ресторанты кæнын кæй райдыдтам, уый фыдæй. Ахæм уавæры сиахс кæм хъуамæ скæна йæ Сиахсы цыды æгъдау?!
Цæгат æмæ Хурæргом хæдзар
Чызг куы бахъомыл вæййы æмæ йæ амонд æндæр мыггаджы æхсæн куы ссары, уæд ын йæ ныййарджыты хæдзар, кæм бахъомыл, счызг, моймæ кæцæй ацыд, уый хонын райдайынц йæ Цæгат. Ома, йæ мойы хæдзарæй, цот кæм кæндзæн, царды цинтæ æмæ зынтæ бирæвæрсыгæй кæм банкъардзæн, уымæй йын фæуазалдæр, цæгаты ад ын кæнын райдайдзæн, цæгат дæр æй уымæн хонынц.
Йæ мойы хæдзар та йын свæййы Хурæргом хæдзар. Царды хуры хъарм кæм фендзæн, банкъардзæн, ахæм. Уый царды фæтк, мидис у, йæ ад ын зæрдæйæ æмæ зондæй уым банкъары, хъæбулы уарзт уым базоны, йæ ныййарджыты хæдзарæй йын фæхиуондæр, фæадджындæр вæййы.
Хъæдгæройнаг революционер
Революци æмæ эволюци æнгом баст сты. Сæ дыууæ дæр дунемæ хæссынц ногдзинад, хуыздæр æй кæнынц. Эволюци хуыздæрæрдæм ахады æрдзыл, революци та — адæмы зондыл, дунембарынадыл, æхсæнадон цардыл. Сæ дыууæ дæр сты æнæмæнг хъæугæ. Æнæ уыдонæй размæ цæуæн нæй. Эволюци у революци схойæг, фадæттæ йын уый саразы. Адæмы хуыздæрмæ уый разæнгард кæны. Æмæ йæ, фыццаджыдæр, банкъарынц адæмы хуыздæртæ.
Адæмы хуыздæртæ сты царды рæстдзинадыл тохгæнджытæ. Рæстаг æмæ фæллойгæнæг адæмы бартæ хъахъхъæнджытæ. Уыдонæй уыд хъæдгæройнаг æвзыгъд, цæхæрцæст лæппу Айдарты Зауырбеджы фырт Знауыр дæр. Хъæууон скъолайы ахуыр кæнгæйæ, уый уыцы-иу рæстæг уыдта æмæ бавзæрста царды æнæрастдзинæдтæ. Иутæм æнæфыдæбонæй — алцыдæр, иннæтæм — ницы. Афтæмæй фыргуыстæй сæ астæутæ ныкъкъæдз сты, æхсæв-бон нæ зонынц. Бирæ фæрстытæ æвзæрд æрыгон лæппумæ, фæлæ сын дзуапп раттын йæ бон нæ уыд. Стæй, кæй бафарстаид, йæ фæрстытæн ын дзуаппытæ чи хъуамæ раттаид Хъæдгæроны. Царды уæзы бын цардыл хъуыдытæ кæнынмæ кæй æвдæлд. Уæдмæ йæ æрфарстой æфсадмæ, æмæ йын уым йæ цæстытæ байгом кодтой бирæ хъуыддæгтæм, фæуæрæхдæр йæ дунембарынад, йæ зондахаст аивта бирæ фарстатæм.
Айдарты Знауыр Уæрæсейы æфсады йæ службæ куы ахицæн кодта, уæд ацыд Фæскавказмæ, Калачы кусын райдыдта æфсæнвæндæгты æрмадзы. Ам базонгæ сусæг куыстгæнæг революционертимæ, балæууыд се ‘мрæнхъ æмæ æфсæнвæндаджы кусджыты æхсæн кодта æмбарынгæнæн куыст, парахат кодта революцион зондахаст, революционертæн сæ архайды, тохы нысан цы у, уый. Чысыл фæстæдæр æй равзæрстой Хуссар Ирыстоны Национ Советмæ большевикты къордæй. Национ Советы уæнг уæвгæйæ, Знауыр арæхдæр цыд Хуссар Ирыстонмæ, бынæтты зонгæ кодта адæмимæ, сæ царды уавæртимæ, сæ тырнындзинæдтимæ æмæ сæ рæстырдæм здæхта, æнгомдæр сæ кодта.
1919 азы Айдары-фырт Кавказы крайком арвыста Хуссар Ирыстонмæ иудадзыгон куыст кæнынмæ. Хæцæнгæрзтимæ сыстад бацæттæ кæнынмæ. Уыцы аз ахадгæ куыст бакодта Хашуры районы зæхкусджыты æхсæн дæр. Митингты æмæ æмбырдты хурмæ калдта кусæг æмæ зæхкусджыты революцийыл меньшевикты гадзрахатдзинæдтæ, æргом сын кодта сæ æцæг цæсгом. Адæммæ сидти гæрзифтонгæй сæ ныхмæ сыстынмæ. Адæм æй бауарзтой, аргъ кодтой йæ ныхасæн. Уымæн æмæ дзырдта сæ царды ахсджиаг фарстатыл æмæ сæ хъузонты — меньшевикты цæстмæмитыл. Æууæндыдысты йыл, уымæн æмæ йæхæдæг дæр уыд фæллойгæнджытæй.
Знауыры разамындæй 1919 азы 7 ноябры Хашуры районы зæхкусджыты гæрзифтонг сыстад райдыдта Хцисы хъæуы. Архайдта дзы дыууæ мин адæймагæй фылдæр. Уыдон сæ бынæттæй фæтардтой меньшевикты хицауады кусджыты æмæ районы расидтысты Советон хицаудзинад. Равзæрстой зæхкусджыты депутатты совет. Йæ сæргъы Айдарты Знауыр. Совет разамынд лæвæрдта районы революцион тыхтæн æмæ сæ цæттæ кодта иннæ районтæн, стæй Хуссар Ирыстонæн баххуыс кæнынмæ. Фæлæ сæ фæндтæ сæ къухы нæ бафтыдысты. Меньшевикты хицауад фылдæр тыхтæ æрбакалдта. Уыдонимæ — бæхджын æфсад дæр. Хæст сын бацайдагъ Хцисы хъæумæ æввахс. Уырдæм сæ размæ рацыдысты Айдары-фырты гæрзифтонг сыстæг зæхкусджытæ æмæ кусджытæ. Фæхæцыдысты 24 сахаты. Сыстæг адæм меньшевикты æрдонгты цалдæр хатты сæ разæй ассыдтой. Фæлæ та знæгтыл бафтыд ног тыхтæ, æмæ бацахстой Хцис, арт ыл бандзæрстой, ныццагътой сыстæг адæмæй бирæты.
«Сæ къухы бафтыд Айдарты Знауыр дæр. Уымæн дæр кæм ныххатыр кодтаиккой. Фехстой йæ Хцисы хъæуы цур, — фыссы Гафез (Гаглойты Федыр), — фæлæ ирон адæм нæ рох кæнынц æхсарджын революционеры сгуыхтдзинад. Хуссар Ирыстоны районтæй иу хæссы Айдарты Знауыры ном».
Айдары-фыртæн егъау цыртдзæвæн ис Хуссар Ирыстоны Знауыры районы центры.














