“Аивӕдты ӕхсӕв” — музейты

0
528

 

Уӕрӕсейы Федерацийы адӕмты иудзинады бӕрӕгбоны кадӕн нӕ республикӕйы бирӕ алыхуызон мадзӕлттӕ арӕзт цыдис. Уый фӕдыл ма нӕ бӕстӕйы ацыд ӕппӕтуӕрӕсеон хъӕппӕрис «Аивӕдты ӕхсӕв». Цымыдисаг мадзал. Бӕрӕгбон райдыдта Дзӕуджыхъӕуы центрон парчы. Сывӕллӕттӕн фадат уыдис алыхуызон хъазӕн фӕзты куклатимӕ архайынӕн, спортивон ерыстӕ чи уарзы, уыдон та сӕ хъарутӕ фӕлвӕрдтой спорты алы хуызты. Уымӕй уӕлдай РЦИ-Аланийы архивон службӕ та ФӕЛКЦ-йы 100 азмӕ бацӕттӕ кодта историон-документалон равдыст. Тематикон мадзӕлттӕ ацыдысты Национ музейы, наукон библиотекӕ ӕмӕ Тугъанты Махарбеджы номыл нывкӕнынады музейы.

Хетӕгкаты Къостайы хӕдзар-музейы дӕр уыдис адӕмты хӕлардзинады ӕмӕ иудзинады бӕрӕгбон. Йӕ сӕргълӕууӕг Габеты Лаурӕ куыд радзырдта, афтӕмӕй ӕрбахуыдтой Дзӕуджыхъӕуы Гергиты Валерийы номыл аивӕдты колледжы ӕмӕ эстетикон хъомылады центр «Сфӕлдыстад»-ы фӕндырдзӕгъдджыты ӕмӕ гуымсӕгыл цӕгъдджыты къордтӕ.

— Рӕзгӕ фӕлтӕры уымӕн ӕрбахуыдтам, цӕмӕй ноджы ӕнувыддӕр кӕной нӕ фыдӕлты культурӕйыл, историйыл. Музейтӕм цӕуын чи уарзы, ахӕм адӕм бирӕ ис абон дӕр. ӕмӕ сын ацы хатт фадат ис лӕвар музейты экспозицион залтыл ӕрзилынӕн, фенынӕн, бакӕсынӕн, — загъта Габеты Лаурӕ.

Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ фӕлмӕн куы уа, тӕригъӕд кӕнын куы зона ӕмӕ искӕй рис удӕй куы ӕнкъара, уӕд уый ӕппӕты хуыздӕр миниуджытӕй хайджын у. Ахӕм миниуджытимӕ адӕм архайынц ӕмӕ аразынц рӕсугъд фидӕн, сабыр цард. Уыцы фӕзминаг миниуджытӕ ӕнгом кӕнынц алы адӕмты ӕмӕ сӕ фидар бӕттынц ӕфсымӕрдзинады тӕгтӕй. Уыцы миниуджытыл нӕ ахуыр кодтой нӕ хистӕртӕ дӕр. «Аивӕдты ӕхсӕв» чи федта, уыдон, ӕнӕмӕнг, зонынц, уыцы бон суанг изӕрдалынгтӕм музейты дуӕрттӕй цы бирӕ адӕмыхӕттыты минӕвӕрттӕ бахызт, ӕмӕ сӕ фылдӕр ӕрыгон фӕсивӕд кӕй уыдысты, уый. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Ирыстоны цӕрӕг алы адӕмтӕ кӕй бӕллынц иудзинадмӕ ӕмӕ сабыр цардмӕ.

САУТӔТЫ Тамилӕ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here