Туркӕй Теркмӕ аивад

0
479

 

Знон РЦИ-Аланийы Национ музейы равдыстытӕ кӕнӕн залы байгом Турчы цӕрӕг ирӕтты сфӕлдыстадон куыстыты равдыст «Туркӕй Теркмӕ аивад».

 

Турчы цӕрӕг ирон нывгӕнджытӕ, къамисджытӕ, ӕрмдӕснытӕ се сфӕлдыстадон куыстытӕ рахастой нӕ республикӕйы цӕрджыты размӕ. Равдыст байгом РЦИ-Аланийы Национ хъуыддӕгты фӕдыл ӕмӕ РЦИ-Аланийы Культурӕйы министрадты ӕххуысӕй.

Равдысты фенӕн ис Абысалты Кайа Арпат, Хосонты Сабахан Баркман, Хосонты Сайхан Алпай, Кинаты Омар Чаевик, Куындыхаты хӕрӕфырт Элван Эрдин, Хосонты хӕрӕфырт Курсат Инан, ӕлбегаты Фатих Алтынок, Хоситы Мӕхӕмӕт Хоскан, Таутиаты Осмӕн Тавтай, Цӕлыккаты Вӕдат Сарыаслан, Сӕбӕтхъуаты Йалчын Айдын, Хосонты Юунус Огун, Хъуысаты Ваедат Кусхан, Хосонты Гокхан Огун, Цъӕхилты Алан Алрай ӕмӕ Хъамырзаты Нилгун Гунгоры куыстытӕ. (Равдысты тыххӕй ӕрмӕг уыдзӕн иннӕ номыры).

ХЕТӔГКАТЫ Оксанӕ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here