Фӕндагыл ӕдасӕй цӕуынӕн

0
426

 

Ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты акци «Скъоламӕ фӕндаг»-ы фӕлгӕты Фронты цӕгатирыстойнаг хайады активисттӕ автоинспектортимӕ иумӕ Дзӕуджыхъӕуы скъолаты амонынц фӕндагыл ӕдасӕй цӕуыны фӕдыл уроктӕ — гыццыл мастер-класстӕ. Урокты рӕстӕг сывӕллӕттӕ аразынц, рухс фӕстӕмӕдӕттӕг уӕлӕдарӕсы хӕйттӕ, стӕй сӕ байуардзысты фистӕг бӕлццӕтты ӕхсӕн.

 

Фыццаг урок уыд горӕты 30- ӕм скъолайы. Сывӕллӕттимӕ фембӕлдысты автоинспектортӕ ӕмӕ педагогон колледжы студенттӕ. Фӕндаггон нысантӕ цы амонынц, скъоладзаутӕ уый зонынц ӕви нӕ, урокамонджыты уый фӕндыд рабӕрӕг кӕнын. Суткӕйы талынг афон фӕндагыл цӕуын куыд ӕмбӕлы, барадхъахъхъӕнджытӕ уый ӕмбарын кодтой.

— Боны дӕргъ цыбырдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ рухс фӕстӕмӕдӕттӕг хӕйттимӕ уӕлӕдарӕс дарыны хъуыддагӕн ис уӕлдай фылдӕр ахадындзинад, уымӕн ӕмӕ адӕм куыстытӕ ӕмӕ ахуыртӕй ӕрбаздӕхынц уынджы талынг куы вӕййы, уӕд. Рухсы фӕрцы горӕты территорийыл дардмӕ бӕрӕг чи дары, горӕты ӕддӕ территорийыл уыцы фистӕг бӕлццон хӕдтулгӕскъӕрӕгмӕ ӕппындӕр нӕ зыны, — зӕгъы ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты цӕгатирыстойнаг регионалон штабы ӕмсӕрдар Цӕгӕраты Руслан.

Урокы фӕстӕ ӕхсӕнадон организацийы уӕнгтӕ рухс фӕстӕмӕдӕттӕг нысанты хай балӕвар кодтой ӕвзонг фистӕг бӕлццӕттӕн.

БӔДТИАТЫ Оксанӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here