Сбуц кодтой сӕ хойы

0
582

Ӕвӕдза, адӕймаджы цард доны къусӕй уӕлдай нӕу, цы уысм кӕцырдӕм фӕкъул уыдзӕн, уый ничи зоны. Адӕймаг райгуыры, ӕмӕ йӕ царды уылӕн пуртийау фӕрахӕссбахӕсс кӕны. Уымӕн та ӕнӕ быхсгӕ кӕм ис. Уӕвгӕ…хъысмӕт, хъысмӕт…

Раст афтӕ Белоусова-Хъуыссӕты Иринӕ Иваны чызджы дӕр йӕ царды хъысмӕт фӕрахӕсс-бахӕсс кодта. Цы хъуыд ӕмӕ цы нӕ хъуыд, уыдон ын бавзарын кодта. Райгуырд 1932 азы Цӕгат Ирыстоны Хуымӕллӕджы. Хъӕуккаг иннӕ сывӕллӕттимӕ рӕзыд гыццыл Иринӕ дӕр. Фӕлӕ 1936 азы бинонты фыд рахаста уынаффӕ, ӕмӕ алыгъдысты Астӕуккаг Азимӕ, Таджикистанмӕ. Ам Иринӕ ӕнтыстджынӕй каст фӕцис астӕуккаг скъола. Дарддӕр бацыд Таджикистаны паддзахадон университетмӕ ӕмӕ дзы райста ахуыргӕнӕджы дӕсныйад. Институт каст куы фӕци, уӕд ӕй йӕ разамынд ныууагътой уым кусгӕйӕ, афтӕмӕй дзы фӕкуыста суанг йӕ зӕронды бонтӕм.

Бахъахъхъӕдта дзы кандидатон диссертации дӕр.

Иринӕ мой скодта, фӕлӕ йын цот нӕ рацыд. 36 азы йыл куы цыд, уӕд йӕ цардӕмбал Памиры геологион куыстытӕ кӕнгӕйӕ фӕмард. Идӕдз сылгоймаг дыккаг хатт мой скӕнын йӕ сӕрмӕ нӕ бахаста. Цӕрӕнбоны фӕбадт йӕ сӕры хицауы рухс ном хъуыды кӕнгӕйӕ.

Йӕ азтӕ йыл куы ӕруӕз кодтой, уӕд ӕй бафӕндыд йӕ фыдыуӕзӕгмӕ ссӕуын. Ссыд ӕмӕ уал цард йӕ раздӕры ахуырдзаутӕй кӕмӕдӕр. Фӕлӕ, куыд фӕзӕгъынц, мӕгуырӕй дӕр — хи хӕдзар, хи сынтӕг. Иринӕйӕн та нӕ хӕдзар уыд, нӕ сынтӕг. Рацыд йӕ ахуырдзауӕй ӕмӕ йӕ фӕндаг акодта республикӕйы инвалидты ӕмӕ Зӕрӕдты хӕдзар «Узӕлд»- мӕ. Ам бӕстыхайы разамонӕгӕн йӕ хабӕрттӕ радзырдта. Фӕлӕ ирон у, уый не схъӕр кодта. ӕнхъӕлдта ӕмӕ йын дунейыл ничи ис. Стӕй йӕм уӕд, чи зоны, ӕмӕ худинаг дӕр каст. Ныффыстой йӕ йӕ лӕджы мыггагмӕ гӕсгӕ Белоусова Иринӕ Иваны чызг.

Уыцы бонӕй рацыд фондз азы, йӕ сусӕгдзинад рахъӕр кодта директор Хъӕцмӕзты Фатимӕйӕн ӕмӕ йын загъта, кӕй йӕ фӕнды ссарын йӕ хӕстӕджыты, йӕ мыггаджы минӕвӕртты.

Хъӕцмӕзты Фатимӕ Иринӕйӕн зӕрдӕ бавӕрдта йӕ риссаг фарста йын цыбыр рӕстӕгмӕ кӕй рабӕрӕг кӕндзӕн, уымӕй. Бадзырдта Хъуыссӕты мыггаджы минӕвар Мӕирбегмӕ. Хабар ын бамбарын кодта.

Мӕирбег фембӕлд Иринӕимӕ. Фӕныхӕстӕ кодтой. Хъуыссон йе ‘фсымӕрӕн йӕ царды хабӕрттӕ фӕкодта. Уый та йын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй йӕ базонгӕ кӕндзӕн мыггаджы иннӕ минӕвӕрттимӕ дӕр…

Цӕмӕй уыцы фембӕлд нывыл ацыдаид, уый тыххӕй «Узӕлд»-ы ӕмӕ «Иры Стыр Ныхас»-ы разамындтӕ расидтысты иумӕйаг акци «Мыггаджы арфӕ». Йӕ фӕлгӕты, Зӕрӕдты хӕдзары цы ирон адӕмтӕ ис, уыдон ӕмбӕлдзысты сӕ мыггӕгты минӕвӕрттимӕ.

Афтӕ ацы фӕлгӕты фыццаг къахдзӕф акодтой Хъуыссӕты мыггаджы минӕвӕрттӕ ӕмӕ ивгъуыд майрӕмбоны фембӕлдысты Белоусова-Хъуыссӕты Иринӕимӕ. Фембӕлд ацыд тынг хорз ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Мыггаджы чызджытӕ ӕмӕ чындзытӕ Иринӕйы афтӕ сбуц кодтой, ӕмӕ-иу хаттӕй-хатт йӕ цӕстысыгтӕ ӕркалдысты.

Кӕронбӕттӕны Иринӕ ныхасы бар ракуырдта ӕмӕ загъта: «Мӕныл цӕуы 90 азы бӕрц. Уыдон та 90 боны не сты. Царды федтон бирӕ зындзинӕдтӕ. Уыдис мын дзы цинхӕссӕг бонтӕ дӕр. Фӕлӕ мын сымах абон цы кад скодтат, уый мын мӕ зынбонтӕ байрох кӕнын кодта. Мӕ цинӕн нӕй кӕрон. ӕз ӕнхъӕлдтон ӕмӕ мын дунейыл ничиуал ис. Тарстӕн, мӕ мӕлӕт ӕцӕгӕлон бӕстӕйы куы ӕрцӕуа, уымӕй. Фӕлӕ мын Хуыцау стыр арфӕ ракодта. Мӕ царды кӕрон мын уалдзыгон дидинӕгау барухс, барӕсугъд кодта. Ныр ӕй бамбӕрстон, иунӕг ахӕм уысмы тыххӕй дӕр цыфӕнды зынты сӕрты дӕр ахизын кӕй хъӕуы, уый. Стыр бузныг уын! ӕрмӕст уӕ иунӕг хъуыддаг курын. Куы амӕлон, уӕдиу мӕ бавӕрут мӕ уарзон мыггагӕй йе ‘цӕг дунемӕ чи ацыд, уыдоны фарсмӕ…».

Нӕ уацхӕссӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here