Ирыстоны сӕрвӕлтау радтой, а дунейыл сӕм зынаргъдӕр цы уыд, уый — сӕ цард

0
404

 

Арвыкомы фӕндаг кӕм райдайы, уым Намысы мемориалы уӕллаг фарс ис хицӕн уӕлмӕрд, 1992 азы цауты Ирыстонӕй цы цардбӕллон хъӕбултӕ фӕхъуыд, уыдонӕн. 30 октябры, раст 26 азы размӕ, нӕ сыхаг экстремисттӕ гӕрзифтонгӕй цы бон ӕрбабырстой, уыцы бон сын сӕ рухс нӕмттӕ ӕрымысыдысты нӕ республикӕйы цӕрджытӕ, бабӕрӕг кодтой уӕлмӕрдтӕ ӕмӕ сын сӕ цыртытыл сӕвӕрдтой дидинджытӕ. Уым уыдысты республикӕйы Хицауады, ӕхсӕнадон организациты, куыстуӕтты минӕвӕрттӕ, интеллигенции

Фӕлӕ, уыцы уӕззау историон бонты сӕ фыдӕлты зӕхх фыдгӕнӕгӕй бахъахъхъӕныныл цы хӕдхӕцӕг къордтӕ ӕрлӕууыд, уыдонӕй абон не ‘хсӕн чи ис, уыдон та ацы уӕлмӕрдмӕ, алы аз дӕр ӕрбацӕуынц 5 ноябры — нӕ сыхаг экстремисттӕн аккаг ныхкъуырд ратгӕйӕ сӕ цы бон фӕтардтой, уыцы бон. Къуырисӕры дӕр уӕлмӕрды адӕмӕй ӕрлӕууӕн нал уыд. Ныр дӕр кӕддӕрау, сӕ разӕй цӕуы инӕлар-булкъон Суанты Станислав, иу ингӕнӕй иннӕмӕ цӕстӕнгас хӕссынц ӕмӕ хъуыдыты сног сты уӕды цаутӕ. Сӕргуыбыр ӕмӕ арӕхстгай уазал ингӕнты сау къӕйтыл сӕвӕрдтой сырх дидинджытӕ. Уӕды цаутӕ ныууагътой арф фӕд сӕ алкӕй цард ӕмӕ хъысмӕтыл дӕр. Бирӕтӕ цӕуын дӕр нӕ фӕрӕзтой, фӕлӕ уӕддӕр ӕрбацыдысты лӕдзджыты ӕнцӕйтты, банымадтой йӕ се стырдӕр хӕсыл. Загътой сын рухсаг, алӕууыдысты ӕдзӕмӕй.

— 1992 азы цаутӕ кӕд фондз боны йеддӕмӕ нӕ уыдысты, уӕддӕр ӕрхастой фыдбылыз. Нӕ лӕппутӕ разындысты ӕхсарджын, равдыстой стыр лӕгдзинад. Мӕскуыйӕ Ирыстонмӕ куы фӕцӕуын, уӕд зӕрдӕ ныууӕззау вӕййы, мысинӕгтӕ мӕ сӕ быны скӕнынц. Фыццаджыдӕр, хатыртӕ фӕкурын, ацы уӕлмӕрды кӕй ингӕнтӕ ис, уыдонӕй, — загъта Суанты Станислав. — Ӕрмӕст фӕндзӕм ноябры нӕ, фӕлӕ ӕндӕр бонты дӕр Ирыстонмӕ куы ӕрцӕуын, уӕд иунӕгӕй ссӕуын ацы бынатмӕ, иу ингӕнӕй иннӕмӕ сыл фӕзилын, фӕкӕнын сын ныхӕстӕ. Уыдон Ирыстоны сӕрвӕлтау радтой, а дунейыл сӕм зынаргъдӕр цы уыд, уый — сӕ цард. Уыдон Хицауады уынаффӕйӕ не ‘рлӕууыдысты нӕ зӕххытӕ, нӕ адӕм бахъахъхъӕныныл, фӕлӕ сӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ. Уыцы хъӕбатырдзинады тыххӕй сӕ мах хъуамӕ хӕссӕм нӕ сӕр бӕрзӕндты, се сгуыхтдзинӕдтыл хъомыл кӕнӕм нӕ кӕстӕрты. Уыцы быцӕуы рӕстӕг ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр Ирыстоны цӕрджытӕ систы тынг ӕнгом. Хъыгагӕн та абон ногӕй ныггӕлиртӕ стӕм. Армыдзаг йеддӕмӕ не стӕм ӕмӕ нӕ фидауӕм, нӕ кӕнӕм аргъ кӕрӕдзийӕн. ӕвӕццӕгӕн, кӕмдӕр фаг нӕ бакуыстам, фӕкъуылымпы хъомыладон куыст. Уӕвгӕ, иннӕ адӕмыхӕттытӕм дӕр ис ахӕм фарстатӕ, фӕлӕ мӕ тынг фӕнды, цӕмӕй сӕ ирон адӕм уой хызт.

Хӕдхӕцӕг къордты архайджытӕ абоны онг дарынц ӕнгом бастдзинад инӕларимӕ. Иу та сӕ кӕны Ирыстонмӕ уарзондзинад ӕмӕ йын бахъуаджы сахат хъӕбулы лӕггад бакӕнынмӕ цӕттӕдзинад.

ХЕТӔГКАТЫ Оксанӕ

Авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here