Биоэтанол — закъоны бындурыл

0
356

 

Хъӕууон хӕдзарад Армукъа — Дзӕуджыхъӕуы Паддзахадон Думӕйы депутаттӕ дыккаг бакастӕй сфидар кодтой биоэтанол уадзыны тыххӕй закъоны проект, йӕ рауагъд закъоны бындурыл цӕмӕй уа, ахӕм документ.

— Ацы ног закъон уӕлдай хъӕугӕ у мах республикӕйӕн. Фыццаджыдӕр, бирӕ рӕстӕг ӕгуыстӕй цы спъиртуадзӕн заводтӕ лӕууынц, уыдонӕн сӕ ифтонггӕрзтӕ, биоэтанол уадзынмӕ сӕ раивгӕйӕ, ӕркусдзысты, бирӕ адӕмӕн дзы фӕуыдзӕн куысты бынӕттӕ, стӕй республикӕйы бюджетмӕ та ӕфтиӕгтӕ цӕудзӕн, — загъта знон журналисттимӕ фембӕлды рӕстӕг РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав. — Цӕмӕй ацы хъӕугӕ хъуыддаг къухы бафта, уый тыххӕй арӕзт ӕрцыд кусӕг къамис, бӕрнон бынӕтты кусӕг бирӕ адӕм се ‘ххуысы хай бахастой, уыдонимӕ депутаттӕ, не ‘мзӕххонтӕ федералон хицауиуӕггӕнӕн оргӕнты. Афӕдзы размӕ куы сфӕнд кодтам нӕ заводтӕ къуырцдзӕвӕнӕй ракӕнын, уӕд бирӕ цӕлхдуртӕ уыд нӕ размӕ. Фӕлӕ цалх ӕрзылдис, алкӕмӕн дӕр ӕмбӕрстгонд уыдысты йӕ размӕвӕрд хӕстӕ, сбӕрӕг кодтам нысантӕ ӕмӕ ӕмгъуыдтӕ. Хъуыддаг нӕхи фӕндиаг кӕй сырӕзт, уый тыххӕй бузныг зӕгъдзынӕн Парламенты профилон комитеты сӕрдар, ныр та ӕрӕфы районы сӕргълӕууӕг Хидирты Батрадзӕн, Мӕскуыйы нӕ ӕххӕстбарджын минӕвар Дзанайты Барисӕн, Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министры хӕдивӕг Хацъӕты Олегӕн, Федерацийы Советы уӕнг Фадзайты Арсенӕн, Паддзахадон Думӕйы депутат Таймазты Артурӕн ӕмӕ йӕ ӕххуысы хай чи бахаста, уыдонӕн се ‘ппӕтӕн дӕр. Афтӕ иумӕйаг хъарутӕй, уӕхски-уӕхск куы цӕуӕм нӕ размӕ ӕвӕрд нысантӕм, уӕд уӕлахиз уыдзыстӕм кӕддӕриддӕр. Журналистты фӕрстытӕн дзуапп дӕтгӕйӕ, Битарты Вячеслав фӕнысан кодта, закъон йӕ тыхы кӕй бацӕудзӕн иннӕ аз ацафон. Ардыгӕй уӕдмӕ та дысвӕлдӕхтӕй бакусын хъӕуы, цӕмӕй нӕм ӕгуыстӕй цы 15 спъиртуадзӕн заводы лӕууы, уыдоны хицӕуттӕ, республикӕйы разамындимӕ сбӕлвырд кӕной куыстуӕтты райрӕзты фарстатӕ, ӕнӕмӕнг, алцыдӕр закъоны бындурыл. Куыстытӕ иууылдӕр цӕудзысты заводты хицӕуттӕн сӕхи хардзӕй. Афӕдзы фӕстӕ, ног технологитӕм рахизгӕйӕ, куы ӕркусой, уӕд дзы 3-4 мин адӕймагӕн фӕзындзӕн куысты бынӕттӕ. Биоэтанол машинӕты артагмӕ ӕфтаугӕйӕ, нӕ алыварс ӕрдз хъахъхъӕд цӕудзӕн ӕнӕниздзинадӕн зианхӕссӕг газтӕй, уый хорзӕрдӕм фӕзындзӕн нӕ республикӕйы социалон-экономикон уавӕрыл.

ЦÆГÆРАТЫ Жаннӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here