Знон Дзӕуджыхъӕуы Намысы аллейы кадджын уавӕры байгом, Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы мидхъуыддӕгты оргӕнты кусджытӕй йӕ хӕс ӕххӕстгӕнгӕйӕ чи фӕмард, уыдоны мысӕн Мемориал. Знон бирӕ адӕм ӕрбамбырд Цӕгат Ирыстоны академион Уырыссаг театрмӕ. Ардӕм ӕрбацыдысты Гом акционерон ӕхсӕнад «Победит»-ы фӕллойгӕнджытӕ, куыстуаты сарӕзтыл 70 азы кӕй сӕххӕст, уый фӕдыл. Заводы бӕрӕгбонмӕ ӕрбацыд Республикӕ Цӕгат ИрыстонАланийы Хицауады Сӕрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз дӕр. Йӕ цыбыр раныхасы уый радзырдта, 1948 азӕй фӕстӕмӕ куыстуат цы намысджын фӕллойадон фӕндагыл рацыд, уый тыххӕй. Дарддӕр Тускъайы-фырт хӕрзиуджытӕ радта заводы кусджыты стыр къордӕн.
Бӕрӕгбон арфӕтӕй фидауы ӕмӕ ныр та заводы фӕллойгӕнджытӕн арфӕгӕнӕг уыдысты РЦИ-Аланийы Парламенты Сӕрдары хӕдивӕг Билаонты Батрадз, РЦИ-Аланийы транспорты ӕмӕ промышленносты министры хӕдивӕг Мадзаты Эльбрус. Гом акционерон ӕхсӕнад “Победит”-ы генералон директор Челдыты Руслан та Кады гӕххӕттытӕ ӕмӕ ӕхцайы премитӕ кӕмӕн радта, уыдон сты Калоты Зойӕ, Иринӕ Колосова, Ларисӕ Краснова, Розӕ Побережная, Аллӕ Солженко, Сланты Светланӕ, Тамарӕ Тишкова, Виктор Титов, Тамарӕ Фидарян, Санаты Владимир ӕмӕ иннӕтӕ.















