Æрыдоны мидхъуыддӕгты хайады къулыл ауыгъд ис сау мраморӕй конд мемориалон фӕйнӕг ӕрыгон лӕппуйы сурӕтимӕ. Арӕх ӕрлӕууынц йӕ цуры адӕм, ныккӕсынц йӕ уӕздан цӕстӕнгасы ӕрфытӕм, цымӕ цӕуыл хъуыды кодта, цӕмӕ тырныдта, цы уыд йӕ бӕллиц, зӕгъгӕ. Азтӕ цӕуынц, адӕм зӕронд кӕнынц, хуызистӕй кӕсӕг лӕппу та уыцы иухуызонӕй лӕууы. Азты фӕд ыл нӕ зыны. Рӕстӕджы бон ыл нал цӕуы. Раст цыма афтӕ фӕрсы, ды та цы сарӕзтай а зӕххыл хорзӕй? Æмӕ йын ахӕм бар ис, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг рӕсугъд фӕд ныууагъта царды.
Хӕрз цыбыр рауад йӕ цардвӕндаг хистӕр лейтенант Цехъойты Аланӕн. Цӕргӕс тӕхгӕйӕ куыд мӕлы, афтӕ Алан дӕр цардӕй фӕхъуыдис йӕ ӕфсӕддон хӕс ӕххӕстгӕнгӕйӕ, йӕ тӕккӕ хъаруйыл, бынтон ӕнӕнхъӕлӕджы.
Уыцы ӕхсӕв, 1997 азы 15 августы, Рахизфарсы районы, Цӕлыччы бацӕуӕнтӕ хъахъхъӕдтой милицӕйы кусджытӕ, Цехъойты Алан, ӕрыдоны мидхъуыддӕгты хайады кусӕг ӕмӕ Алыккаты Юри — Цӕлыччы поселочы хайады сержант. Сӕ бӕрны цы бӕстыхай уыдис, ууыл ӕрзилынвӕнд скодтой. ӕхсӕв бонӕй куы хицӕн кодта, уӕд хъӕугӕронмӕ ӕрбахъуызыдысты мӕхъӕлон экстремисттӕ фынддӕсӕй. Иунӕг Хуыцау сӕ зонӕг, цавӕр цъаммар фӕндтимӕ цыдысты уыдон фынӕй хъӕубӕстӕмӕ афтӕ гӕрзифтонгӕй. Фӕлӕ ам сӕ размӕ ӕндон мӕсгуытау, ӕрлӕууыдысты милицӕйы кусджытӕ. Бацайдагъ сын тох. ӕхстой дыууӕ ‘рдыгӕй.
Аланы ӕмбал Алыккаты Юрийы бӕргӕ фӕндыд уӕззау тохы иу хай йӕхимӕ райсын, фӕлӕ знаджы фыццаг нӕмыг сӕмбӕлд йӕ риуыл. Юри куы ӕрхауд, уӕд лӕппу иунӕгӕй ӕрлӕууыд балбирӕгъты ныхмӕ. Фӕцӕф, йӕ къӕхтыл нал лӕууыд, афтӕмӕй йӕ фазыл абырыд аууон ранмӕ ӕмӕ уырдыгӕй ӕхста Алан фыдгӕнджыты. ӕхста фӕстаг нӕмыг, фӕстаг сулӕфты онг. Мӕйдар ӕхсӕв, зыбыты иунӕгӕй, Цехъойы-фырт бахъахъхъӕдта иу лӕджы кад нӕ, фӕлӕ ӕгас Иры дзыллӕйы кад, афтӕмӕй Цӕлыччы хъӕубӕсты сӕдӕгай ныййарджыты зӕрдӕтӕ фӕриссын нӕ бауагъта. Йӕ сӕрмӕ ӕгаддзинад чи нӕ хӕссы, йӕ адӕмы йӕхи удӕй фылдӕр чи уарзы, ахӕм лӕппутӕ цӕй стыр хӕзна сты ирон зӕххыл. Тӕхуды, уыдон мӕлгӕ куы нӕ кӕниккой.
Уыцы ӕхсӕв Цӕлыччы быдыры, дыууӕ ирон лӕппуйы равдыстой стыр лӕгдзинад. Сӕ риуӕй бахъахъхъӕдтой бирӕ адӕм ӕмӕ сӕ лӕгдзинад абон нӕ кӕстӕртӕн у царды скъола. Фыдгӕнджытӕ лидзгӕ-лидзын сӕ фӕстӕ цы хӕцӕнгарз ныууагътой, уый, дам, фаг уыдаид ӕнӕхъӕн хъӕу ныццӕгъдынӕн. Цавӕр стыр бӕллӕхтӕ ӕрцыдаид, уыцы хӕстмондаг адӕм хъӕумӕ куы бацыдаиккой, уӕд ууыл алчидӕр ахъуыды кӕнӕд.
Цехъойты Алан райгуырд ӕмӕ схъомыл Нартыхъӕуы. Куыстыл — ӕнувыд, ӕмгӕрттыл — иузӕрдион, ахӕмӕй йӕ зыдтой иууылдӕр. Цы уынджы цард, уыцы уынг ныр хӕссы Цехъойы-фырты ном. Йӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй Мӕскуыйӕ Ирыстонмӕ ссыд стыр хӕрзиуӕг — орден «Лӕгдзинады тыххӕй» ӕмӕ йӕ Аланы бӕсты райстой йӕ рыстзӕрдӕ ныййарджытӕ. Ислам ӕмӕ Амаляйы, Аланы дыууӕ уарзон хойы Альбинӕ ӕмӕ Иннӕйы уыцы рӕстӕг зӕрдӕты цардысты дыууӕ ӕнкъарӕны: сӕрыстырдзинад ӕмӕ хъыг. Йӕ ном цӕргӕ-цӕрӕнбонты сӕ зӕрдыл дардзысты Цӕлыччы поселочы цӕрджытӕ, хистӕрӕйкӕстӕрӕй. Уымӕн ӕмӕ знагимӕ тохы йӕ риуӕй уыдон сабыр цард хъахъхъӕдта, йӕ мысынӕн сӕ уынгтӕй иуӕн радтой Аланы ном. ӕнустӕм йӕ ном цӕрдзӕн кады зарӕджы дӕр. Хъӕбатыртӕн нӕй мӕлӕт.
Алан спортмӕ ӕмхиц уыдис, уымӕ гӕсгӕ ӕрыдоны районы йӕ номыл цыдис футболӕй турниртӕ.
Æрӕджы, 2-3 ноябры, Уӕрӕсейы барадхъахъхъӕнӕг оргӕнты кусджыты бонмӕ та, Беслӕны сарӕзтой Цехъойты Аланы ӕмӕ Алыккаты Юрийы номыл уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй турнир. Гауызыл сӕ хъарутӕ ӕвдыстой бирӕ богӕлттӕ Ирыстоны ӕппӕт районтӕй, сыхаг республикӕтӕй, суанг Хъырымӕй дӕр. Турниры архайджытӕн арфӕйы ныхӕстӕ загъта Рахизфарсы районы мидхъуыддӕгты хайады хицау Дулаты Ибрагим: —
Дыууӕ хъӕбатыр лӕппуйы, милицӕйы кусджытӕ сӕ рӕсугъд удтӕ радтой хъӕуы цӕрджыты сӕраппонд, лӕгдзинад равдисгӕйӕ, бӕрзонд систой ирон лӕджы кад. Кӕд немӕ нал сты абон, уӕддӕр цӕрӕнбонтӕм уыдзысты нӕ зӕрдӕты.
ГУГКАТЫ Жаннӕ














